ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Январь 2017

Аци брошюри ес, 2017 анзи 27 февралӕй 2 апрелмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

Етӕ адтӕнцӕ цӕттӕ

Фӕсарӕнти ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хуӕртӕй беретӕ раздӕр сӕ нифс нӕ хастоцӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ рандӕ унмӕ. Еци къахдзӕф искӕнунмӕ син ци банхус кодта? Цӕбӕл си исахур ӕнцӕ?

«Дӕ зӕрдӕ дарӕ Йеговӕбӕл ӕма кӕнӕ хуарздзийнадӕ»

Нӕхе бон кӕмӕн неци уа, еци гъуддаг нин Йеговӕ искӕндзӕй. Фал нӕхецӕй кӕнгӕй ци ӕй, уой ба гъӕуама кӕнӕн. 2017-аг анзи стих нин куд банхус кӕндзӕй уотӕ архайун?

Ци сӕребарӕдзийнадӕ дин ес, уомӕн аргъ кӕнӕ

Сӕребарӕдзийнадӕ ци ӕй ӕма Библий уой туххӕй ци финст ес? Иннети сӕребарӕдзийнадӕн ке аргъ кӕнис, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун?

Бонзонгӕдзийнадӕ ӕхсидзгӕ менеуӕг цӕмӕн ӕй?

Бонзонгӕдзийнадӕ ци ӕй ӕма сӕрниллӕгдзийнади хӕццӕ куд баст ӕй? Еци менеуӕгбӕл архайун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ай?

Бонзонгӕ уо, ӕнцон дин ку нӕ уа, уӕддӕр

Нӕ бон куд ӕй бонзонгӕй архайун, нӕ уавӕртӕ ку раййевунцӕ, ӕстаугӕ кенӕ нин уайдзӕфтӕ ку фӕккӕнунцӕ, удта цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй, уой ку нӕ фӕззонӕн, уӕд?

«Ци фегъустай, уони байамонӕ ӕууӕнкгун адӕймӕгтӕн»

Хестӕр ӕнсувӕрти бон куд ӕй, ӕригондӕр ка ӕй, уони ахур кӕнун, цӕмӕй фулдӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнонцӕ? Ӕригондӕр ӕнсувӕртӕ, берӕ ӕнзти дӕргъи разамунд ка лӕвардта, уони ке нимайунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

Зудтай ӕй?

Цума рагидзаманти арт еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ куд хастонцӕ?