Етӕ адтӕнцӕ цӕттӕ
ИГЪОСУНГӔНГУТӔ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уордӕмӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ ка рандӕ ’й, еци зингзӕрдӕ игъосунгӕнгути астӕу ес берӕ ӕнӕцуд хуӕртӕ дӕр. Кӕцидӕртӕ си фӕсарӕнти дӕсгай ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнунцӕ. Цума сӕ сӕ рӕстӕги ци баразӕнгард кодта ӕндӕр бӕстӕмӕ рандӕ ун? Цӕбӕл си исахур ӕнцӕ? Сӕ цард куд раййивта? Мах цалдӕр уӕхӕн хуӕремӕй интервью райстан. Ӕвӕдзи сӕ хабӕрттӕ, фулдӕр лӕггадӕ кӕнун ке фӕндуй, еци ӕнӕцуд хуӕрти зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццӕудзӕнцӕ. Аци статья Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй алкӕмӕндӕр устур пайда ӕрхӕсдзӕй.
ФИЦЦАГ СӔ НИФС НӔ ХАСТОНЦӔ
Ескӕд сагъӕс кодтай, дӕ бон уодзӕй пионерӕй ӕндӕр бӕсти лӕггадӕ кӕнун ӕви нӕ, уобӕл? Еу 75-анздзуд хуӕрӕ, Анитӕ, зӕгъгӕ, ӕ рӕстӕги ӕ нифс ӕппундӕр нӕ хаста. Анитӕ райгурдӕй Англий, ӕма ибӕл 18 анзи ку цудӕй, уӕд райдӕдта, пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Анитӕ зӕгъуй: «Мӕ зӕрдӕмӕ цудӕй адӕнӕн Йегови туххӕй дзорун, фал мӕ сӕри къуми дӕр н ’адтӕй, ескӕд ӕндӕр бӕстӕмӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ ке рандӕ уодзӕн, е. Мӕхе ӕвзагӕй уӕлдай нецӕхуӕн ӕвзаг зудтон ӕма ми не ’рагӕс кодта, ӕндӕр ӕвзаг исахур кӕнун мин ке бантӕсдзӕй. Ӕма мӕ Галаади скъоламӕ ку фӕххудтонцӕ, уӕд мӕ десӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй. Дессаг мӕмӕ кастӕй, иннети разӕй мӕнмӕ куд фӕдздзурдтонцӕ, е. Фал мӕхецӕн загътон: „Кӕд Йеговӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма мӕ бон исуодзӕй, уӕд гъӕуама бавзарон“. Ӕма нур 50 анземӕй фулдӕр миссионерӕй лӕггадӕ кӕнун Японий. Еуӕй-еухатт ба ӕригон хуӕртӕн гиризӕй фӕззӕгъун: „Фӕндуй уӕ дессаги цард бавзарун? Уӕ сумкитӕ ӕрбакъуӕретӕ ӕма мӕ фесте!“ Зӕгъӕн дӕр ин нӕййес, куд ӕхцӕуӕн мин ӕй, беретӕ еци къахдзӕф ке искодтонцӕ, е!»
НИФСГУНДӔР ЦӔЙ ФӔРЦИ УОДЗӔНӔ?
Ӕндӕр бӕсти ка лӕггадӕ кодта, еци хуӕртӕй беретӕ, фиццаг сӕ нифс нӕ хастонцӕ еци къахдзӕф искӕнунмӕ. Цума цӕй фӕрци фӕннифсгундӕр ӕнцӕ?
64-анздзуд хуӕрӕ Морин, зӕгъуй: «Ӕригонӕй дӕр мӕ хъӕбӕр фӕндадтӕй, цӕмӕй мӕ царди хуарз нисӕнттӕ адтайдӕ ӕма иннетӕн ӕнхус кодтайнӕ». Моринбӕл 20 анзи ку исӕнхӕст ӕй, уӕд рандӕ ’й, пионертӕ кӕми нӕ фагӕ кодта, уордӕмӕ, горӕт Квебекмӕ (Канадӕ). «Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте мӕ Галаади скъоламӕ фӕххудтонцӕ. Фал тухсун райдӕдтон, уомӕн ӕма кумӕ цӕудзӕн, уой нӕ зудтон, уой хӕццӕ ба ма ӕнӕ ’мбӕлттӕй дӕр. Уомӕй уӕлдай мӕ мӕ мади еунӕгӕй ниууадзун дӕр нӕ фӕндадтӕй, уомӕн ӕма мӕ фидӕ сӕйгӕ кодта, ӕма имӕ кӕсун гъудӕй. Ӕхсӕвигӕнтти цӕстисуг калгӕй Йеговӕмӕ кувтон. Цӕбӕл тухсун, уой мӕ ниййергутӕн ку радзурдтон, уӕд мин сӕ дууӕ дӕр федарӕй загътонцӕ, цӕмӕй рандӕ адтайнӕ. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр мӕ ниййергутӕн хъӕбӕр ӕнхус кодтонцӕ. Йеговӕ мӕ бийнонтӕбӕл уотӕ ке тухстӕй, е мин уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма мӕн дӕр нӕ ниууадздзӕй. Ӕма нур цӕттӕ адтӕн рандӕ унмӕ». 1979-аг анзи Морин рандӕ ’й
Нигулӕн Африкӕмӕ ӕма си миссионерӕй 30 анземӕй фулдӕр фӕллӕггадӕ кодта. Нур Морин фӕстӕмӕ Канадӕмӕ раздахтӕй, цӕмӕй ӕ мадӕмӕ кӕса, ӕма уоми сӕрмагонд пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй. Фасарӕнти ци рӕстӕг фӕллӕггадӕ кодта, уомӕ фӕстӕмӕ ракӕсгӕй фӕззӕгъуй: «Йеговӕ мин багъӕуагӕ рӕстӕги алкӕддӕр лӕвардта, ци мӕ гъудӕй, уой».Уэнди райгурдӕй Австралий ӕма ибӕл цӕуй 65 анзи. Пионерӕй лӕггадӕ кӕнун ӕригонӕй райдӕдта. Уэнди зӕгъуй: «Хъӕбӕр ӕфсӕрмигӕнагӕ адтӕн ӕма мин ӕнцон н’ адтӕй ӕнӕзонгӕ адӕни хӕццӕ дзорун. Фал пионерӕй ке лӕггадӕ кодтон ӕма аллихузи адӕни хӕццӕ ке дзубанди кодтон, уой фӕрци фӕннифсгундӕр дӕн. Раздӕр куд тӕрсагӕ адтӕн, уомӕй фӕд дӕр нӕбал байзадӕй. Пионерӕй лӕггадӕ кӕнгӕй исахур дӕн мӕ нифс Йеговӕбӕл дарун, ӕма мӕмӕ фӕсарӕнти лӕггадӕ кӕнун дӕр уӕхӕн зин нӕбал кастӕй. Японий 30 анземӕй фулдӕр ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн ӕнӕцуд хуӕрӕ мӕмӕ ӕхемӕ фӕдздзурдта. Ӕртӕ мӕйи уоми фӕдтӕн, ӕма мӕ ӕ хӕццӕ лӕггадӕ кӕнгӕй никки хъӕбӕрдӕр бафӕндадтӕй ӕндӕр бӕсти лӕггадӕ кӕнун». 1986-аг анзи Уэнди рандӕй Вануатумӕ, Австралийӕй искӕсӕнӕрдӕмӕ еу 1 800 километри идарддӕр ка ӕй, еци бӕстӕмӕ.
Уэнди нур дӕр ма цӕруй Вануатуй ӕма лӕггадӕ кӕнуй тӕлмацгӕнгути офиси. Уэнди зӕгъуй: «Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин ӕй, идард рауӕнти нӕуӕг къуӕрттӕ ӕма ӕмбурдтӕ куд фӕззиннуй, уой уинун! Йегови гъуддаги мӕн хъиамӕттӕ дӕр ке ес, уой мӕхецӕн хъӕбӕр устур кадӕбӕл нимайун».
Кумикобӕл дӕр цӕуй 65 анзи ӕма пионерӕй лӕггадӕ кодта Японий. Еухатт ин, ке хӕццӕ лӕггадӕ кодта, еци хуӕрӕ загъта, Непалмӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ рандӕ уӕн, зӕгъгӕ. Фал Кумико нӕ бакумдта. Е зӕгъуй: «Цал ӕма цал хатти мин загъта, гъӕйдӕ рандӕ уӕн, зӕгъгӕ, фал ин ӕз ба еци федарӕй зӕгъинӕ: „Нӕ цӕун“. Нӕуӕг ӕвзаг ӕма нӕуӕг уавӕртӕбӕл ахур кӕнун ке гъудӕй, е мӕ хъӕбӕр къулумпи кодта. Уомӕй уӕлдай ма ӕндӕр бӕстӕмӕ рандӕ унмӕ ӕхца дӕр куд нӕ гъудӕй. Еу загъдӕй, мӕ сӕри ӕгӕр берӕ сагъӕстӕ адтӕй. Еухатт ба мотоциклбӕл цӕугӕй аварий бахаудтӕн. Ӕма сӕйгӕдони ку адтӕн, уӕд ӕрсагъӕс кодтон: „Исон мӕбӕл ци ’рцӕудзӕй, уомӕн неци зонун. Нур ести уӕззау незӕй ку фӕссӕйгӕ уон, уӕд ма мин уӕхӕн фадуат кӕми уодзӕй, цӕмӕй фӕсарӕнти пионерӕй балӕггадӕ кӕнон. Гӕр, еу анз уӕддӕр мӕ бон не ’суодзӕй?“ Йеговӕмӕ хъӕбӕр зӕрдиагӕй кувтон, цӕмӕй мин банхус кодтайдӕ». Сӕйгӕдонӕй ӕй ку рафинстонцӕ, уӕд Кумико Непалмӕ еу цуд фӕккодта, уой фӕсте ба еци хуӕри хӕццӕ еумӕ уордӕмӕ рандӕ ’нцӕ.
Нур Кумико Непали 10 анзи лӕггадӕ кӕнуй ӕма зӕгъуй: «Ба ’й лӕдӕрдтӕн, хъӕбӕр дзӕгъӕли ке тухстӕн. Йеговӕ мин цума мӕ разӕй сурх денгиз рахецӕн
кодта! Ӕма мӕ рӕстӕги аци къахдзӕф ке искодтон, уобӕл хъӕбӕр цийнӕ кӕнун! Фӕууй уотӕ дӕр, ӕма еу хӕдзарӕмӕ ку ӕрбацӕуӕн хуарз хабар радзорунмӕ, уӕд ма нӕмӕ байгъосунмӕ сӕ синхонтӕ дӕр ӕрбацӕунцӕ, еу фондз-ӕхсӕз адӕймаги. Сауӕнгӕ ма ни сувӕллӕнттӕ дӕр фӕккорунцӕ Библий туххӕй буклеттӕ. Ами лӕггадӕ кӕнун мӕ зӕрдӕмӕ куд хъӕбӕр цӕуй, уой мӕ бон зӕгъун дӕр нӕй!»ӔНӔ ЗИНДЗИЙНӔДТӔЙ ДӔР НӔ ФӔУУЙ
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, аци нифсгун хуӕртӕ, зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр ӕмбалдӕнцӕ. Цума син ци банхус кодта сӕ сӕрти рахезун?
62-анздзуд хуӕрӕ Канадӕй, Дайан, зӕгъгӕ, 20 анзи фӕллӕггадӕ кодта, Пили Стӕги Билӕ ка хундтӕй, еци республики (нур Кот-д’Ивуар). Е зӕгъуй: «Фиццӕгти мин хъӕбӕр зин адтӕй, мӕ хеуӕнттӕй уотӕ идард ке адтӕн, е. Йеговӕн лигъстӕ кодтон, цӕмӕй мин банхус кодтайдӕ, кӕмӕн игъосун кодтон, еци адӕни бауарзун. Галаади скъолай ахургӕнгутӕй сӕ еу, Джек Редфорд нин дзурдта, зин нин ке уодзӕй, адӕн си ци мӕгур цард кӕнунцӕ, уой ку фӕууинӕн, уӕд. Джек нин загъта: „Адӕнӕн сӕ мӕгур уавӕрмӕ ма кӕсетӕ, фал уӕ гъос даретӕ, Библий рӕстдзийнадӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсдзӕнцӕ, уомӕ“. Ӕз дӕр ин ӕ дзурдтӕ мӕ зӕрдӕбӕл дардтон ӕма мин Йеговӕ хъӕбӕр райарфӕ кодта. Адӕнӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй ку дзоринӕ, уӕд сӕ цӕститӕ ӕрттевун райдайиуонцӕ!» Дайанӕн ма ци банхус кодта ӕндӕр бӕсти лӕггадӕ кӕнун? Е зӕгъуй: «Ӕз архайдтон, цӕмӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кодтон, уони хӕццӕ балимӕн адтайнӕ ӕма цийнӕ кодтон, етӕ дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдайиуонцӕ, уӕд. Лӕдӕрун ӕй райдӕдтон, еци бӕстӕ мӕ хӕдзарӕ ке иссӕй. Йесо куд загъта, уомӕ гӕсгӕ мин си фӕззиндтӕй мадтӕлтӕ, фидтӕлтӕ, ӕнсувӕртӕ ӕма хуӕртӕ» (Мар. 10:29, 30).
46-анздзуд хуӕрӕ Энн лӕггадӕ кӕнуй Азий, хецауадӕ сӕребарӕй игъосун кӕнуни барӕ кӕми нӕ дӕттунцӕ, уӕхӕн бӕсти. Энн дзоруй: «Фӕсарӕнти цал анзи лӕггадӕ кӕнун, уал анземӕ аллихузи хуӕрти хӕццӕ цардтӕн. Фӕйнӕхузи ке адтан, уомӕ гӕсгӕ арӕх кӕрӕдзей дӕр нӕ балӕдӕрианӕ ӕма си зӕрдихудтӕ дӕр рауаидӕ. Уӕхӕн уавӕрти архайдтон, цӕмӕй еци хуӕрти хӕццӕ хъӕбӕрдӕр балимӕн адтайнӕ ӕма син се ’гъдӕуттӕ хуӕздӕр базудтайнӕ. Удта ма архайдтон, цӕмӕй фӕлмӕн ӕма лӕдӕргӕ адтайнӕ. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин ӕй, мӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли ке нӕ фӕцӕнцӕ, ӕма мин нур ес, идарддӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ мин ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн еузӕрдон ӕмбӕлттӕ».
Германийӕй еу 53-анздзуд хуӕрӕ Уте, 1993-аг анзӕй нурмӕ лӕггадӕ кӕнуй миссионерӕй Мадагаскари. Уте зӕгъуй: «Хъӕбӕр зин мин адтӕй бунӕттон
ӕвзаг исахур кӕнун, удта мин сӕ уомӕл климӕт дӕр нӕ цудӕй. Уомӕй уӕлдай ма си фӕссӕйгӕ дӕн малярийӕй, амебиазӕй ӕма шистосомозӕй. Фал уӕхӕн уавӕрти дӕр ӕнӕ ’нхусӕй некӕд байзадтӕн. Ӕвзаг исахур кӕнунмӕ мин ӕнхус кодтонцӕ бунӕттон хуӕртӕ, сӕ сувӕллӕнттӕ, удта, Библи ке хӕццӕ ахур кодтон, етӕ дӕр. Сӕйгӕ ку кодтон, уӕдта мин ӕнхус кодта, ке хӕццӕ лӕггадӕ кодтон, еци хуӕрӕ. Фал мин тӕккӕ фулдӕр ба ӕнхус кодта Йеговӕ. Алкӕддӕр ин дзурдтон цидӕриддӕр мӕ тухсун кодта, уой ӕма ӕнгъӕлмӕ кастӕн, мӕ кувдбӕл мин дзуапп кӕд ратдзӕй, уомӕ. Дзуапмӕ фенгъӕлмӕ кӕсинӕ цалдӕр бони кенӕ ба цалдӕр мӕйи. Йеговӕ мин ме ’гас зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр ӕнхус кодта». Уте Мадагаскари лӕггадӕ кӕнуй 23 анзи.АРФӔДЗИЙНӔДТӔН БАНИМАЙӔН ДӔР НӔЙЙЕС
Ӕндӕр бӕстӕмӕ игъосун кӕнунмӕ ка рандӕ ’й, еци игъосунгӕнгутӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ цард фӕййамондгундӕр ӕй. Уой ӕнӕцуд хуӕртӕй дӕр беретӕ сӕхебӕл бавзурстонцӕ. Цума син Йеговӕ куд райарфӕ кодта?
73-анздзуд хуӕрӕ Германийӕй, Хайди, зӕгъгӕ, 1968-аг анзи миссионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта Пили Стӕги Билӕ ка хундтӕй, еци республики (нур Кот-д’Ивуар). Хайди зӕгъуй: «Библи ке хӕццӕ ахур кодтон, етӕ „рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ“, е мин мӕ зӕрдӕ куд рохс кӕнуй, уотӕ неци! Кадӕртӕ си нур пионертӕй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ. Беретӕ мӕ фӕххонунцӕ сӕ мадӕ кенӕ сӕ нана. Еу хестӕр нӕлгоймаги бийнонтӕ ба мӕбӕл уотӕ ӕхцул ӕнцӕ, цума сӕхе бийнонтӕй дӕн. Уомӕ гӕсгӕ мӕ бон ӕй зӕгъун, ӕма мин Йеговӕ балӕвар кодта фурти, киндзи ӕма ма сӕ бӕдӕлтти дӕр» (3 Иоан. 4).
72-анздзуд хуӕрӕ Канадӕй, Карен, зӕгъгӕ, 20 анземӕй фулдӕр фӕллӕггадӕ кодта Нигулӕн Африки. Карен зӕгъуй: «Миссионерӕй лӕггадӕ кӕнгӕй исахур дӕн иннети уарзун, бухсун ӕма мӕ хъауритӕ ма ’вгъау кӕнун. Ке хӕццӕ лӕггадӕ кодтон, етӕ аллихузи адӕнихӕттитӕй ке адтӕнцӕ, уой фӕрци исахур дӕн гъуддагмӕ аллирдиги кӕсун. Удта ма балӕдӕрдтӕн, еци еу куст аллихузи дӕр ке ӕнгъезуй кӕнун. Ӕгас дуйнебӕл мин ци ӕмбӕлттӕ фӕззиндтӕй, уой дӕр хъӕбӕр устур арфӕдзийнадӕбӕл нимайун. Нӕ уавӕртӕ ӕма нӕ ихӕстӕ ӕййевунцӕ, фал кӕрӕдзей ба уӕддӕр нӕ иронх кӕнӕн».
Английӕй еу 79-анздзуд хуӕрӕ Маргарет, зӕгъгӕ, миссионерӕй лӕггадӕ кодта Лаоси. Е зӕгъуй: «Фӕсарӕнти лӕггадӕ кӕнгӕй, мӕхуӕдӕг фӕууидтон, Йеговӕ ӕ организацимӕ аллихузи адӕнихӕттитӕ ке хонуй. Е мин ме ’ууӕндундзийнадӕ хъӕбӕр бафедар кодта. Ӕз ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кӕнун, Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд ке дӕттуй ӕма ӕ фӕндон ӕнӕмӕнгӕ ке исӕнхӕст уодзӕй».
Ӕцӕгӕйдӕр, ӕндӕр бӕстӕмӕ игъосун кӕнунмӕ ка рандӕ ’й, еци хуӕртӕ фӕнзуйнаг ӕнцӕ, Йеговӕн куд зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, уомӕй. Етӕ хъӕбӕр растауйнаг ӕнцӕ (Тӕрх. 11:40). Абони уӕхӕн хуӕртӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ (Пс. 68:11). Уӕ бон н ’адтайдӕ уӕ царди ести ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнун, ӕма аци статьяй ке кой кодтан, еци зингзӕрдӕ хуӕрти бафӕнзун? Кӕд гъо, уӕд сумах дӕр уӕхебӕл бавзардзиайтӕ Псалом 34:8 финст дзурдтӕ: «Ба ’й ӕвзаретӕ ӕма ’й фӕууинетӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой».