Зудтай ӕй?
Рагидзаманти арт куд хастонцӕ?
РАЙДАЙӔНИ 22:6 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Авраам Хуцауӕн нивонд ӕрхӕссунмӕ ку цудӕй, уӕд ӕ хӕццӕ «ци согтӕ рахаста, уони Исакки рагъи исӕвӕрдта, зинг ӕма кард ӕ къохмӕ райста, ӕма дууемӕй еумӕ рацудӕнцӕ».
Библий финс нӕй, уӕди рӕстӕги арт куд кодтонцӕ, е. Райдайӕни 22:6 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ еу ахургонд загъта, Авраам ӕма Исааккӕн еци арт «уӕхӕн даргъ надбӕл бахъӕртун кӕнун сӕ бон не ’ссайдӕ». Ӕвӕдзи, аци стихи дзурд цӕуй, уӕди рӕстӕги арт кӕмӕй кодтайуонцӕ, уӕхӕн цидӕр дзаумаубӕл.
Фал ӕндӕр ахургӕндтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ рагидзаманти арт искӕнун уотӕ ӕнцон н’ адтӕй. Синхонтӕй цӕттӕ зинг райсун берӕ ӕнцондӕр адтӕй. Еуӕй-еу ахургӕндтӕ зӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, Авраам ӕ хӕццӕ райста ӕргъӕй конд гъосин, ӕвӕдзи, рӕхисӕй баст адтӕй, ӕма си нивгӕнидӕ, ахсӕви артӕй ци зингтӕ байзаидӕ, уони (Ис. 30:14). Еци зингтӕ ӕма хускъӕ согти фӕрци цийфӕнди рӕстӕг дӕр ӕнгъистӕй арт искӕнун.