Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Ци фегъустай, уони байамонӕ ӕууӕнкгун адӕймӕгтӕн»

«Ци фегъустай, уони байамонӕ ӕууӕнкгун адӕймӕгтӕн»

«Ци фегъустай, уони байамонӕ ӕууӕнкгун адӕймӕгтӕн, ӕма уӕд уонӕн дӕр сӕ бон уодзӕй уони иннетӕн амонун» (2 ТИМ. 2:2).

ЗАРТӔ: 103, 101

1, 2. Абони беретӕ сӕ кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ?

АБОНИ беретӕн хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, цӕхуӕн куст кӕнунцӕ ӕма син цӕхуӕн бунат ес, е. Уомӕн ӕма уой фӕрци сӕхе цӕсти кадгиндӕр фӕуунцӕ. Кӕцидӕр бӕстити ма сауӕнгӕ зонгӕ кӕнгӕй дӕр уотӕ фӕффӕрсунцӕ, кӕми косис, зӕгъгӕ.

2 Еуӕй-еухатт Библий дӕр цидӕр адӕймаги кой ку фӕццӕуй, уӕд ма си финст фӕууй, цӕхуӕн куст кодтӕ, е дӕр. Зӕгъӕн, Матфей адтӕй «хъалонесӕг», Симон адтӕй «цари кустгӕнӕг», Лука ба адтӕй «дохтир» (Матф. 10:3; Гъуд. 10:6; Кол. 4:14). Кӕцидӕр адӕни ба зудтонцӕ, Йеговӕ син сӕ барӕ ци кадгин ихӕстӕ бакодта, уомӕй. Зӕгъӕн, Давид адтӕй паддзах, Илий адтӕй пахампар, Павел ба адтӕй апостол. Еци адӕн сӕ кадгин ихӕстӕн устур аргъ кодтонцӕ. Мах дӕр гъӕуама аргъ кӕнӕн, Хуцауи организаций нин ци ихӕстӕ ес, уонӕн.

3. Хестӕр ӕнсувӕртӕ кӕстӕрти цӕмӕн гъӕуама ахур кӕнонцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

3 Беретӕ ни уарзунцӕ, ци кадгин ихӕстӕ нин ес, уони ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй сӕ идарддӕр дӕр ӕнхӕст кӕнӕн. Фал гъигагӕн, Адами рӕстӕгутӕй нурмӕ адӕн зӕронд кӕнунцӕ ӕма еу фӕлтӕр инней ӕййевгӕ цӕуй (Еккл. 1:4). Ӕма е мах рӕстӕги киристӕнттӕбӕл дӕр бӕрӕг кӕнуй. Абони Хуцауи адӕн хъӕбӕр устур куст кӕнунцӕ. Игъосун кӕнуни гъуддаг дӕр устур къахдзӕфтӕй размӕ цӕуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ Йегови организаци фӕппайда кӕнуй нӕуӕг технологитӕй, цӕмӕй хуарз хабар фулдӕр адӕнӕн игъустгонд ӕрцӕуа. Ӕма каргун ӕнсувӕртӕн алли хатт ӕнцон нӕ фӕууй, еци нӕуӕг гъуддӕгтӕмӕ исарӕхсун (Лук. 5:39). Ӕригондӕр ӕнсувӕртӕмӕ фулдӕр хъауритӕ ес ӕма сӕ бон фулдӕр фӕууй (Ӕмб. 20:29). Уомӕ гӕсгӕ хестӕр ӕнсувӕртӕ гъӕуама кӕстӕрти ахур кӕнонцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхемӕ фулдӕр ихӕстӕ есун. Е зундбӕл ӕма уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг уодзӕй. (Бакӕсӕ Псалом 71:18.)

4. Беретӕн зин цӕмӕн фӕууй ци куст кӕнунцӕ, уой ӕригон ӕнсувӕртӕн амонун? (Кӕсӕ рамкӕ «Еуӕй-еуети сӕ ихӕстӕ раттун цӕмӕннӕ фӕффӕндуй?».)

4 Бӕрнон ӕнсувӕртӕн ӕнцон нӕ фӕууй, ци куст кӕнунцӕ, уой ӕригондӕр ӕнсувӕртӕн амонун. Кадӕртӕ тӕрсунцӕ, берӕ ке уарзунцӕ, еци ихӕстӕ ку нӕбал ӕнхӕст кӕнонцӕ, уомӕй. Иннетӕ ба тухсунцӕ, ӕригон ӕнсувӕртӕ еци куст уотӕ дзӕбӕх ке нӕ кӕндзӕнцӕ, уобӕл. Еуӕй-еуетӕмӕ ба уотӕ фӕккӕсуй, ӕма син еске ахур кӕнунмӕ рӕстӕг нӕ уодзӕй. Иннердиги ба ӕригон ӕнсувӕртӕ дӕр гъӕуама фӕразон уонцӕ, ци ихӕстӕмӕ бӕллунцӕ, уони син ку нӕма дӕттонцӕ, уӕд.

5. Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

5 Аци статьяй мах ӕркӕсдзиан дууӕ ӕхсидзгӕ фарстаемӕ. Фиццаг: хестӕрти бон куд ӕй кӕстӕртӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхемӕ фулдӕр ихӕстӕ есун, удта е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (2 Тим. 2:2). Дуккаг: ӕригон ӕнсувӕртӕ раст цӕстӕй цӕмӕн гъӕуама кӕсонцӕ, фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕн ке ӕнхус кӕнунцӕ ӕма си ахур ке кӕнунцӕ, уомӕ? Фиццаг бал ӕркӕсӕн, Давид ӕ фурти куд бацӕттӕ кодта, ци устур куст имӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уомӕ.

ДАВИД СОЛОМОНИ БАЦӔТТӔ КОДТА ӔМА ’Й БАФЕДАР КОДТА

6. Давид ци исфӕндӕ кодта, фал ин Йеговӕ ци загъта?

6 Давид цалдӕр анзи хауӕккаги цард кодта ӕма ӕхе римахста, ӕ фӕдбӕл ка зилдӕй, уонӕй. Фӕстӕдӕр ба иссӕй паддзах ӕма рӕсугъд хӕдзари цӕрун райдӕдта. Фал Давид тухстӕй, Израили Йегови номбӕл «хӕдзарӕ», кенӕ ковӕндонӕ ке н’ адтӕй, уобӕл, ӕма ’й исфӕндӕ кодта исаразун. Давид пахампар Нафанӕн загъта: «Ӕз кедрӕй арӕзт хӕдзари цӕрун, Йегови бадзурди кирӕ ба цатури ӕй». Ӕма ин Нафан загъта: «Дӕ зӕрди цидӕриддӕр ес, уой кӕнӕ, уомӕн ӕма ӕцӕг Хуцау дӕ хӕццӕ ӕй». Фал Йеговӕ ба ӕндӕрхузи гъуди кодта, ӕма имӕ Нафани уӕхӕн дзурдти хӕццӕ рарвиста: «Ду мин не ’сараздзӕнӕ, кӕми цӕрдзӕн, еци хӕдзарӕ». Кӕд ин Хуцау зӕрдӕ байвардта, идарддӕр дӕр ӕй ӕ хуарзӕнхӕй ке хайгин кӕндзӕй, уӕддӕр ин загъта, ковӕндонӕ е нӕ, фал ӕ фурт Соломон ке исараздзӕй. Цума Давид уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? (1 Анз. 17:1–4, 8, 11, 12; 29:1).

7. Давид Йегови фӕндон ку базудта, уӕд ци бакодта?

7 Давид уотӕ нӕ расагъӕс кодта, кӕд еци кадгин гъуддаг мӕнмӕ не ’рхаудтӕй, уӕд кӕмӕ ’рхаудтӕй, е ӕй ӕхуӕдӕг кӕнӕд, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр еци рӕсугъд ковӕндонӕ Соломони ковӕндонӕ исхудтонцӕ, Давиди нӕ, фал. Кӕд Давидӕн зин адтӕй, ӕ фӕндӕ ке не ’сӕнхӕст ӕй, е, уӕддӕр гъуддагӕн ӕ бон цӕмӕй адтӕй, уомӕй банхус кодта. Ӕфсӕйнаг, ӕрхи, ӕвзестӕ, сугъзӕрийнӕ ӕма кедри гъӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, удта косгути дӕр ӕрӕмбурд кодта. Уой фӕсте ба Соломони нифс уӕхӕн дзурдтӕй бафедар кодта: «Мадта Йеговӕ дӕ хӕццӕ уӕд, мӕ фурт, ӕма ду уодзӕнӕ ӕнтӕстгун ӕма дӕ Хуцау Йегови хӕдзарӕ исараздзӕнӕ, дӕу туххӕй куддӕриддӕр загъта, уотӕ» (1 Анз. 22:11, 14–16).

8. Давиди бон цӕмӕн адтӕй уотӕ расагъӕс кӕнун, ӕма Соломон еци ӕхсидзгӕ гъуддагмӕ не ’сарахсдзӕй, ӕма ци бакодта?

8 Бакӕсӕ 1 Анзфинстити 22:5. Давиди бон адтӕй расагъӕс кӕнун, ӕма Соломон еци ӕхсидзгӕ гъуддагмӕ не ’сарӕхсдзӕй, уомӕн ӕма ци хӕдзарӕ аразун гъудӕй, е гъӕуама «устур ӕма рӕсугъд» адтайдӕ, Соломон ба ма «ӕригон ӕма ӕвӕрлтӕрд» адтӕй. Фал Давид зудта, Йеговӕ ӕ хӕццӕ ке уодзӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ ӕхецӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой бакодта, ӕма ковӕндонӕ аразунмӕ цидӕриддӕр ӕрмӕг гъудӕй, уой ӕрцӕттӕ кодта.

ИННЕТИ ЗӔРДИАГӔЙ АХУР КӔНТӔ

Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, ӕригондӕр ӕнсувӕртӕ сӕхемӕ фулдӕр ихӕстӕ ке есунцӕ, уой уинун (кӕсӕ 9 абзац)

9. Хестӕр ӕнсувӕртӕн сӕ ихӕстӕ ӕригондӕр ӕнсувӕртӕн дӕттун ӕхцӕуӕн цӕмӕн фӕууй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

9 Хестӕр ӕнсувӕртӕн гъӕуама зин ма уа, сӕ ихӕстӕ сӕ ӕригондӕр ӕнсувӕртӕн раттун ку багъӕуа, уӕд. Ӕригон ӕнсувӕрти фулдӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл ку фӕййахур кӕнунцӕ, уӕд е ӕгасемӕндӕр хъӕбӕр устур пайда ӕрхӕссуй. Фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕ гъӕуама цийнӕ кӕнонцӕ, ахур ке кодтонцӕ, еци ӕнсувӕртӕ сӕ ихӕстӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уомӕ кӕсгӕй. Зӕгъӕн, фидӕн ӕ фурт ахур кӕнуй, машинӕбӕл цӕун. Цалинмӕ сувӕллон адтӕй, уӕдмӕ ӕ фидӕмӕ ӕрмӕстдӕр кӕсгӕ кодта. Ку фӕуустурдӕр ӕй, уӕдта ин ӕ фидӕ лӕмбунӕгдӕр балӕдӕрун кодта, машинӕбӕл цӕун куд гъӕуй, уой. Нур ба биццеу ралӕхъуӕн ӕй ӕма машинӕбӕл ӕхуӕдӕг рабадтӕй, фал ма ӕ фидӕ ӕ фарсмӕ фӕууй ӕма ма ин ку фӕгъгъӕуй, уӕд цидӕртӕ райамонуй. Ка ’й зонуй, фиццаг бал кӕрӕдзей ӕййевгӕ цӕудзӕнцӕ, фал фурт куд хестӕргӕнгӕ цӕуа, уотӕ машинӕбӕл арӕхдӕр ӕхуӕдӕг цӕудзӕй. Зундгин фидӕ уобӕл цийнӕ кӕндзӕй ӕма уотӕ нӕ сагъӕс кӕндзӕй, ӕма ’й ӕ фурти алли фезмӕлд дӕр гъӕуай кӕнун гъӕуй. Уотӕ фӕлтӕрдгун хестӕр ӕнсувӕртӕ дӕр сӕрустур фӕуунцӕ, ӕригондӕр ӕнсувӕрти цӕхуӕндӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл ке исахур кодтонцӕ, уомӕй.

10. Моисей кадӕ ӕма бартӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй?

10 Хестӕр ӕнсувӕртӕ гъӕуама лӕмбунӕг уонцӕ, цӕмӕй соцъа кӕнун ма райдайонцӕ. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Моисей цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй, израилӕгти астӕу кӕцидӕр лӕгтӕ сӕхе пахампарти хузӕн дарун ке райдӕдтонцӕ, уомӕ. (Бакӕсӕ Нимӕдзтӕ 11:24–29.) Йесо Навини фӕндадтӕй еци нӕлгоймӕгти бауорамун, уомӕн ӕма имӕ уотӕ кастӕй, ӕма Моисеййи кадӕ дӕлӕмӕ кӕнунцӕ. Фал ин Моисей загъта: «Мӕнӕн естӕмӕй тӕрсис? Ма тӕрсӕ. Мӕ зӕрдӕ зӕгъуй, ӕма Йегови адӕн еугурӕйдӕр ку уайуонцӕ пахампартӕ, Йеговӕ се ’гасей дӕр ку исхайгин кӕнидӕ ӕ хъаурӕй!» Моисей ӕй лӕдӕрдтӕй еци гъуддӕгтӕ Йегови фӕндӕй ке цӕунцӕ. Кадӕмӕ некӕд бӕлдтӕй, фал ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй Йеговӕ ӕ еугур лӕггадгӕнгутӕн дӕр сӕ барӕ, кадгин гъуддӕгтӕ бакодтайдӕ. Мадта мах дӕр гъӕуама цийнӕ кӕнӕн, иннетӕн ести кадгин гъуддӕгтӕ ку баихӕс кӕнунцӕ, уӕд.

11. Еу ӕнсувӕр ци загъта, ӕ ихӕстӕ ин ӕригондӕр ӕнсувӕри барӕ ку бакодтонцӕ, уӕд?

11 Берӕ ӕнсувӕртӕ дӕсгай ӕнзти дӕргъи Йеговӕн лӕггадӕ кодтонцӕ ӕма иннети ахур кодтонцӕ сӕхемӕ фулдӕр ихӕстӕ есун. Зӕгъӕн, ӕнсувӕр Питер ӕнхӕстрӕстӕг фӕллӕггадӕ кодта 74 анзи, уонӕй 35 анзи европи филиалтӕй еуеми. Ӕрӕги дӕр ма лӕггадӕ кодта игъосун кӕнунбӕл дзуапдӕттӕг хайади цӕстӕдарӕгӕй. Нур си ӕ бӕсти лӕггадӕ кӕнуй, ӕ хӕццӕ цалдӕр анзи ӕмгуст ка кодта, еу уӕхӕн ӕригон ӕнсувӕр Пол. Питери ку бафарстонцӕ, уой туххӕй ци гъуди кӕнуй, уӕд загъта: «Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин ӕй, ӕригон ӕнсувӕртӕ нӕуӕг ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл ке ахур кӕнунцӕ ӕма сӕ уотӕ дзӕбӕх ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, е».

АРГЪ КӔНТӔ, ХЕСТӔР ӔМА ФӔЛТӔРДГУН КА ӔЙ, УОНӔН

12. Ровоами хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

12 Соломон ку рамардӕй, уӕд паддзах иссӕй ӕ фурт Ровоам. Еу гъуддаги фӕдбӕл ӕй унаффӕ ку багъудӕй, уӕд фиццаг хестӕртӕмӕ бацудӕй. Фал сӕ унаффӕ ӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕй ӕма ӕ хӕццӕ ка исирӕзтӕй ӕма ин лӕггадӕ ка кодта, еци ӕригон нӕлгоймӕгти унаффӕмӕ байгъуста. Еци гъуддагӕн ӕ фӕстеугутӕ хуарз н’ адтӕнцӕ (2 Анз. 10:6–11, 19). Уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Зундбӕл дзорӕг уодзӕй, махӕй хестӕр ӕма фӕлтӕрдгундӕр ка ӕй, уони унаффӕмӕ ку байгъосӕн ӕма ибӕл лӕмбунӕг ку расагъӕс кӕнӕн. Иннердиги ба ӕригон ӕнсувӕртӕн уотӕ сагъӕс кӕнун нӕ гъӕуй, ӕма сӕ ихӕстӕ уони размӕ куддӕриддӕр ӕнхӕст кодтонцӕ, етӕ дӕр сӕ гъӕуама гъе уотӕ ӕнхӕст кӕнонцӕ. Фал хестӕрти унаффӕмӕ дӕр байгъосун фӕгъгъӕуй.

13. Ӕригондӕр ӕнсувӕртӕ, сӕхецӕй хестӕр ка ӕй, уони хӕццӕ ӕмгуст куд гъӕуама кӕнонцӕ?

13 Еуӕй-еу ӕнсувӕртӕ разамунд ци кустӕн фӕддӕттунцӕ, уоми фӕййархайунцӕ, сӕхецӕй берӕ хестӕр ка ӕй, уӕхӕн ӕнсувӕртӕ дӕр. Кӕд син устур бартӕ ес, уӕддӕр гъӕуама уонӕй фӕлтӕрдгундӕр ка ӕй, еци каргун ӕнсувӕрти унаффитӕмӕ дӕр байгъосонцӕ. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Пол, игъосун кӕнунбӕл дзуапдӕттӕг хайади цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта, ӕма загъта: «Ӕз алкӕддӕр рӕстӕг иссеринӕ, цӕмӕй Питери гъуди дӕр базонон, удта иннети дӕр уомӕ разӕнгард кодтон».

14. Павел ӕма Тимофей ӕмгуст куд кодтонцӕ?

14 Ӕргъуди кӕнӕн Тимофеййи хабар. Тимофей берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кодта Павели хӕццӕ. Павел ба си берӕ хестӕр адтӕй. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:20–22.) Павел Коринфи киристӕнттӕмӕ ниффинста: «Тимофеййи дӕр уӕмӕ уой туххӕй ӕрветун, ӕма е ӕй мӕ уарзон ӕма мӕ еузӕрдон бӕдолӕ нӕ Хецауи гъуддаги. Е уин уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕй, Йесо Киристейӕн косгӕй алцидӕр куд аразун – алли рауӕн дӕр, алли ӕмбурди дӕр куд амонун, уой» (1 Кор. 4:17). Аци дзурдтӕй бӕрӕг ӕй Павел ӕма Тимофей ӕмгуст ке кодтонцӕ. Павел рӕстӕг рахецӕн кӕнидӕ, цӕмӕй арӕхстгун ци гъуддӕгти адтӕй, уони Тимофеййӕн дӕр амудтайдӕ. Тимофей ба имӕ лӕмбунӕг игъуста, ӕма ’й Павел берӕ уарзта. Е ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кодта, Тимофей Коринфи киристӕнтти сагъӕс ке бакӕндзӕй, уобӕл. Абони иннети ка ахур кӕнуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн Павел фӕнзуйнаг ӕй.

АЛКЕДӔР НИ ӔХСИДЗГӔ КУСТ КӔНУЙ

15. Павел Роми киристӕнттӕн ци унаффӕ равардта, е нин куд банхус кӕндзӕй, нӕ организаций ӕййивддзийнӕдтӕ махбӕл дӕр ку рабӕрӕг уонцӕ, уӕд?

15 Мах дессаги рӕстӕг цӕрӕн. Йегови организаций зӕнхон хай хъӕбӕр тагъд ирӕзуй, ӕма си уомӕ гӕсгӕ ӕййивддзийнӕдтӕ дӕр берӕ цӕуй. Еци ӕййивддзийнӕдтӕ махбӕл дӕр ку рабӕрӕг уонцӕ, уӕд гъӕуама сӕрниллӕгӕй архайӕн ӕма фиццагидӕр сагъӕс кӕнӕн, Хуцауи гъуддагӕн ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уобӕл, нӕхебӕл нӕ, фал. Уой фӕрци нӕ астӕу уодзӕй еудзийнадӕ. Павел Роми киристӕнттӕмӕ финста: «Хуцауи устур хуарзӕнхӕй хайгин ке дӕн, уомӕ гӕсгӕ уи алкӕмӕндӕр дзорун: ци айтӕ, уӕхецӕй уомӕй фулдӕр ӕнгъӕл ма уотӕ, фал уи алкедӕр сагъӕс кӕнӕд, Хуцау ин ци ӕууӕндундзийнадӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ, цӕмӕй лӕдӕргӕ уайтӕ. Бауӕр еу куд ӕй, бауӕри иуӕнгтӕ ба – берӕ, фал иуӕнгтӕ се ’гас дӕр еци еу куст куд нӕ кӕнунцӕ, раст уотӕ мах дӕр: кӕд берӕ ан, уӕддӕр ан еу бауӕр – Киристей хӕццӕ еумӕ, ӕма ан, кӕрӕдзей хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн иуӕнгтӕ» (Ром. 12:3–5).

16. Цӕмӕй Хуцауи организаций еудзийнадӕ уа, уой туххӕй каргун ӕма ӕригон ӕнсувӕртӕ, удта уоститӕ ци гъӕуама кӕнонцӕ?

16 Гъӕйдӕ мадта цийфӕнди уавӕрти дӕр архайӕн, цӕмӕй Хуцауи Паддзахади гъуддаг размӕ цӕуа. Хестӕртӕ, ӕригӕнтти ахур кӕнтӕ. Ӕригӕнттӕ, цӕттӕ уотӕ уӕхемӕ цӕхуӕндӕр ихӕстӕ райсунмӕ, сӕрниллӕг уотӕ ӕма хестӕрти нимайетӕ. Уоститӕ, сумахӕн ба фӕнзуйнаг уӕд Прискилли цӕветтон, уомӕн ӕма е алкӕддӕр ӕ лӕги фарсмӕ адтӕй, сӕ царди цийфӕнди ӕййивддзийнӕдтӕ ку ӕрцӕуидӕ, уӕддӕр (Гъуд. 18:2).

17. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгти туххӕй цӕбӕл нӕ дузӕрдуг кодта ӕма сӕ цӕмӕн ахур кодта?

17 Иннети ахур кӕнун куд гъӕуй, е тӕккӕ хуӕздӕр рабӕрӕг ӕй Киристей цӕветтонӕй. Йесо ӕй зудта, зӕнхӕбӕл ӕ лӕггадӕ ку фӕууа, уӕд Паддзахади хабар идарддӕр етӕ ке хӕсдзӕнцӕ. Кӕд ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ, уӕддӕр нӕ дузӕрдуг кодта, ӕхуӕдӕг ке искодта, етӕ уомӕй «устурдӕр гъуддӕгтӕ» ке искӕндзӕнцӕ (Иоан. 14:12). Йесо сӕ бӕстон исахур кодта, ӕма син бантӕстӕй хуарз хабар фегъосун кӕнун, уӕди рӕстӕги ӕгас дуйнебӕл (Кол. 1:23).

18. Цӕхуӕн федӕн нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, ӕма абони нӕ бон ци ӕй кӕнун?

18 Йесо адӕни туххӕй ӕ цард ку равардта, уӕд ӕй Хуцау фӕстӕмӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта, никки фулдӕр бартӕ ин равардта, ӕма ’й исӕвардта «цидӕриддӕр хецауадӕ, хецаудзийнадӕ, баргинтӕ ӕма сӕргълӕугутӕ» ес, уонӕй дӕр уӕлдӕр (Еф. 1:19–21). Нӕ цард Армагеддони разӕй ку фесафӕн, фал еузӕрдонӕй ку байзайӕн, уӕд нӕ Йеговӕ нӕуӕг дуйней райгас кӕндзӕй. Уоми нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй берӕ дессаги куститӕ. Абони ба не ’гасӕй дӕр, хестӕртӕ дӕр ӕма кӕстӕртӕ дӕр, гъӕуама архайӕн тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр гъуддаги – хуарз хабар игъосун кӕнӕн ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕн. Гъӕйдӕ мадта, Хуцауи гъуддаги берӕ хъиамӕт кӕнӕн! (1 Кор. 15:58).