Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Библи ӕртасун нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр цӕуа ӕма нин фулдӕр пайда хӕсса?
ЙЕСО Навин гъӕуама израилӕгти Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бахудтайдӕ. Е ӕнцон н’ адтӕй. Фал ин Йеговӕ загъта: «Нифсхаст уо ӕма федар лӕууӕ». Удта ма ин загъта, ӕ Закъон ин ку кӕса ӕма ’й ку ӕнхӕст кӕна, уӕд раст унаффитӕ ке хӕсдзӕй ӕма ӕнтӕстгун ке уодзӕй (Йес. Н. 1:7, 8).
Абони «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» ӕркодта ӕма мах дӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн (2 Тим. 3:1). Ӕма цӕмӕй ӕнтӕстгун уӕн, уой туххӕй гъӕуама архайӕн, Йеговӕ Йесо Навинӕн ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ. Гъӕуама алли бон дӕр Библи кӕсӕн ӕма ци базонӕн, уой фӕрци раст унаффитӕ хӕссӕн.
Еуӕй-еуетӕ ’й нӕ фӕззонунцӕ, Библи ӕртасун куд гъӕуй, уой кенӕ сӕмӕ е зин фӕккӕсуй. Фал е уӕддӕр хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддаг ӕй. Дӕ бон ӕй ӕркӕсун рамкӕмӕ « Испайда кӕнӕ аци унаффитӕй» ӕма си ци гъудитӕ ес, уонӕмӕ лӕмбунӕг ӕркӕсӕ, цӕмӕй дин Библий ахур фулдӕр пайда хӕсса ӕма дӕ зӕрдӕмӕ никки хъӕбӕрдӕр цӕуа.
Псаломзаргӕнӕг загъта: «Хонӕ мӕ, дӕ фӕдзӕхститӕ ци над амонунцӕ, уобӕл, уомӕн ӕма мин ӕхцӕуӕн ӕй еци надбӕл цӕун» (Пс. 119:35). Махӕн дӕр ӕхцӕуӕн уодзӕй Хуцауи Дзурд ӕртасун, уомӕн ӕма си берӕ хӕзнатӕ иссердзиан.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах Йесо Навини хузӕн ӕнӕгъӕнӕ адӕнихаттӕн разамунд дӕттун нӕ гъӕуй, фал нин уӕддӕр нӕхе зиндзийнӕдтӕ ес. Мадта гъӕуама Йесо Навини хузӕн Хуцауи Дзурд ахур кӕнӕн ӕма си ци базонӕн, уомӕй нӕ царди пайда кӕнӕн. Ӕма гъе уӕд мах дӕр раст унаффитӕ хӕсдзиан ӕма уодзиан ӕнтӕстгун.