Мах Йегови ан
«Амондгун ӕнцӕ, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй, еци адӕн, ӕхецӕн бунӕн ке равзурста, еци адӕн» (ПС. 33:12).
ЗАРТӔ: 40, 50
1. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма дуйней цидӕриддӕр ес, етӕ Йегови ’нцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
ДУЙНЕЙ цидӕриддӕр ес, етӕ Йегови ’нцӕ – «уӕлӕрвтӕ, сауӕнгӕ арви кӕрӕнттӕ дӕр, зӕнхӕ ӕма ибӕл цидӕриддӕр ес, етӕ» (Дук. з. 10:14; Рарг. 4:11). Адӕймаги дӕр Йеговӕ ке сфӕлдиста, уомӕ гӕсгӕ еугур адӕн дӕр уой ӕнцӕ (Пс. 100:3). Фал историй дӕргъи Йеговӕн адтӕй, уӕлдай хъазардӕр ин ка адтӕй, уӕхӕн адӕн.
2. Библимӕ гӕсгӕ Йеговӕн уӕлдай хъазар ка ӕй, еци адӕн ка ’нцӕ?
2 Зӕгъӕн, 135 псаломи еузӕрдон израилӕгти туххӕй финст ӕй, зӕгъгӕ, Хуцауӕн ӕнцӕ, «уӕлдай хъазар ин ка ӕй, еци адӕн» (Пс. 135, 4). Осий киунуги ба финст ӕрцудӕй, айдагъ дзиуиттӕгтӕ нӕ, фал ӕндӕр адӕнихӕттитӕ дӕр ӕ адӕн ке исуодзӕнцӕ (Оси 2:23). Осий пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнун райдӕдта, Йеговӕ уӕларвон паддзахадӕмӕ ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ӕмбурд кӕнун ку райдӕдта, уӕд (Гъуд. 10:45; Ром. 9:23–26). Етӕ Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ӕрцудӕнцӕ ӕма цӕрдзӕнцӕ уӕлӕрвти. Библи сӕ хонуй «сугъдӕг адӕн, Хуцауӕн уӕлдай хъазар ка ӕй, еци адӕн» (1 Пет. 2:9, 10). Фал ӕносмӕ зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, еци еузӕрдон киристӕнттӕй ба ци ес зӕгъӕн? Йеговӕ уони дӕр хонуй «мӕ адӕн» кенӕ «ме ’взурст адӕн» (Ис. 65:22).
3. а) Абони Йеговӕ уӕлдай кадӕ кӕмӕн искодта? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Абони «минкъий дзогӕ» – уӕларвон нифс кӕмӕн ес, етӕ, удта «ӕндӕр фустӕ» – зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, етӕ, еумӕйагӕй, куд «еу дзогӕ», уотӕ, лӕггадӕ кӕнунцӕ Йеговӕн (Лук. 12:32; Иоан. 10:16). Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, уӕхӕн устур кадӕ нин ке искодта, уой туххӕй! Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йеговӕй боз ке ан, е цӕхуӕн гъуддӕгтӕй бӕрӕг уодзӕй, уомӕ.
НӔ ЦАРД ЙЕГОВӔН ИСНИВОНД КӔНӔН
4. Йеговӕ нӕ ӕхемӕ ке ӕрбахӕстӕг кодта, уой туххӕй си боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун? Киристе куд бавдиста, Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ цӕттӕ ке адтӕй, уой?
4 Адӕймаг ӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй ӕма донаргъуд ку райсуй, уӕд уомӕй бавдесуй, боз си ке ӕй, уой. Уотемӕй ӕй еугурӕйдӕр фӕууинунцӕ, ӕ цард Йегови барӕ ке бакодта ӕма ин лӕггадӕ кӕнунмӕ цӕттӕ ке ӕй (Дзиуит. 12:9). Киристе дӕр донаргъуд уой туххӕй райста. Йесо ӕнӕуой дӕр, Хуцауӕн нивондгонд ка адтӕй, уӕхӕн адӕнӕй адтӕй, фал донаргъуд ке райста, уомӕй бавдиста, Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ цӕттӕ ке ӕй. Зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕн загъта: «Дӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун мин ӕй цийни хуасӕ» (Пс. 40:7, 8).
5, 6. а) Киристей донаргъудмӕ Йеговӕ ци цӕстӕй ракастӕй? б) Йеговӕн нӕ цард ке иснивонд кӕнӕн, уомӕ ци цӕстӕй ракӕсуй, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.
5 Киристе донаргъуд ке райста, уомӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? Библи зӕгъуй: «Йесо куддӕр аргъуд райста, уотӕ донӕй рахизтӕй, ӕма уӕд арв фегон ӕй, ӕма ин Иоанн ӕ сӕрмӕ фӕууидта Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ бӕлӕуи хузи ӕрцӕйцӕугӕ. Ӕма уӕларвӕй ӕригъустӕй гъӕлӕс: „Айӕ ӕй мӕ Фурт, берӕ ке уарзун ӕма арази кӕмӕй дӕн, еци Фурт“» (Матф. 3:16, 17). Йесой цард ӕнӕуой дӕр Йегови адтӕй. Фал донаргъуд ке райста, уомӕй бавдиста, еци цард Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ ке нивонд кӕнуй, уой, ӕма е Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй. Мах дӕр ин нӕ цард ку иснивонд кӕнӕн, уӕд ин е дӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕма нин уой туххӕй арфӕ кӕнуй (Пс. 149:4).
6 Дун-дуйней цидӕриддӕр ес, етӕ еугурӕйдӕр Йегови ’нцӕ! Мадта ин уӕд нӕ бон ци ӕй раттун? Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Еу лӕг ӕ дзӕхӕрай берӕ дидингутӕ ниййаразта. Еу бон си ӕ минкъий кизгӕ еу ӕртудта ӕма ’й Рац. 34:14).
ӕ фидӕн равардта. Кӕд еци дидинӕг ӕнӕуой дӕр ӕхе дзӕхӕрайӕй адтӕй, уӕддӕр ин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, уомӕн ӕма ин ӕй ӕ кизгӕ балӕвар кодта. Йеговӕн дӕр уотӕ ӕхцӕуӕн фӕууй, нӕ цард иснивонд кӕнунмӕ ин цӕттӕ ку фӕууӕн, уӕд (7. Малахий дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, Йеговӕ ци цӕстӕй кӕсуй, ӕ цард ин ка иснивонд кӕнуй, уонӕмӕ?
7 Бакӕсӕ Малахи 3:16. Цард Хуцауӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, адӕймаг цӕрун куддӕр райдайуй, уотӕ ӕ цард ӕнӕуой дӕр Йегови фӕууй. Фал расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕн куд ӕхцӕуӕн уодзӕй, нӕ хецаубӕл ӕй ку банимайӕн ӕма ин нӕ цард ку иснивонд кӕнӕн, уӕд (Ӕмб. 23:15). Йеговӕ зонуй, зӕрдиагӕй ин ка лӕггадӕ кӕнуй, уони еугурейдӕр ӕма син сӕ нӕмттӕ бахӕссуй «зӕрдӕбӕлдарӕн киунугӕмӕ».
8, 9. Йеговӕ «зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги» ке нӕмттӕ ниффинсуй, уонӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
8 Йеговӕ «зӕрдӕбӕлдарӕн киунуги» ке ном ниффинсуй, еци адӕймагбӕл цӕхуӕндӕр ихӕстӕ ӕвӕрд ӕрцӕуй. Малахи куд загъта, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама Йеговӕй тӕрса ӕма ин ӕ номбӕл сагъӕс кӕна. Йеговӕй уӕлдай ма ӕндӕр ескӕмӕн ку лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд нӕ ном еци киунугӕй ихӕлд ӕрцӕудзӕй (Рац. 32:33; Пс. 69:28).
9 Йеговӕн дзурд раттун, лӕггадӕ дин кӕндзӕн, зӕгъгӕ, ӕма донаргъуд райсун фагӕ нӕй. Еци дууӕ гъуддаги нӕ царди ӕрмӕстдӕр еунӕг хатт ӕрцӕунцӕ, фал ин лӕггадӕ ба не ’гас цард дӕр кӕндзиан. Алли бон дӕр нӕ гъуддӕгтӕй гъӕуама бӕрӕг уа, Йеговӕн коммӕгӕс ке ан, е (1 Пет. 4:1, 2).
«ЗӔНХОН МОНЦТӔЙ ИДАРД ЛЕДЗӔН»
10. Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй ӕма ин ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, етӕ кӕрӕдземӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?
10 Айразиккон статьяй куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ Каин, Соломон ӕма израилӕгтӕ сӕхе Йегови лӕггадгӕнгутӕ худтонцӕ, фал ибӕл ӕцӕгӕй ба еузӕрдон н’ адтӕнцӕ. Аци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, Йегови лӕггадгӕнгутӕ ке ан, уой айдагъ дзорун фагӕ ке нӕй. Гъӕуама лӕгъуздзийнадӕй не ’сӕфт уинӕн, хуарз ци ӕй, уой ба уарзӕн (Ром. 12:9). Йеговӕ загъта, «Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй ӕма ин ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй», етӕ кӕрӕдземӕй хъӕбӕр ке хецӕн кӕндзӕнцӕ (Мал. 3:18).
11. Йегови фарс ке лӕууӕн, уой иннетӕ цӕмӕн гъӕуама уинонцӕ?
11 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, ӕ адӕни астӕумӕ нӕ ке ӕрбакодта, уой туххӕй! Ӕма ’й еугурӕйдӕр гъӕуама уинонцӕ, Йегови фарс ке лӕууӕн, уой (1 Тим. 4:15; Матф. 5:16). Мадта дӕхе бафӕрсӕ: «Йеговӕбӕл еузӕрдон ке дӕн, уой иннетӕ уинунцӕ? Йегови Ӕвдесӕн ке дӕн, уомӕй сӕрустур дӕн?» Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕн куд зин уодзӕй, ӕ лӕггадгӕнӕг ке дӕ, уой зӕгъунмӕ ку бафсӕрми кӕнай, уӕд (Пс. 119:46; бакӕсӕ Марки 8:38).
12, 13. Еуӕй-еуетӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ’нцӕ, е бӕрӕг цӕмӕн нӕбал фӕууй?
12 Гъигагӕн, еуӕй-еу Ӕвдесӕнтӕ «аци дуней зундӕй» фегъӕстӕ ’нцӕ. Гъемӕ Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй, зӕгъӕн ес, ӕма нецӕмӕйбал хецӕн кӕнунцӕ (1 Кор. 2:12). «Аци дуйней зунд» адӕни уомӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй сӕ «бауӕри монцти» фӕдбӕл цӕуонцӕ (Еф. 2:3). Зӕгъӕн, не ’ндаг бакасти туххӕй берӕ унаффитӕ фегъосӕн, фал уӕддӕр еуӕй-еуетӕн сӕ хъӕппӕли конд уӕздан исхонӕн нӕ фӕууй. Етӕ ӕгӕр ангом кенӕ игон дзаумӕттӕ фӕддарунцӕ ӕма ма си ӕмбурдмӕ дӕр ӕрбацӕунцӕ. Кадӕртӕ ба уарзунцӕ ӕнахур фаст кенӕ ӕнахур ӕлвид дзиккотӕ дарун (1 Тим. 2:9, 10). Уӕхӕн адӕймагмӕ кӕсгӕй иннетӕ нӕбал фӕллӕдӕрунцӕ, Йегови Ӕвдесӕн ӕй ӕви нӕ (Иак. 4:4).
13 Кӕцидӕр Ӕвдесӕнтӕбӕл ба аци дуйней зунд ӕндӕрхузи бӕрӕг кӕнуй. Зӕгъӕн, бабаддзийнӕдти сӕхе куд фӕддарунцӕ ӕма цӕхуӕн кӕфтитӕ фӕккӕнунцӕ, е киристон адӕймагбӕл нӕ фӕффедауй. Иннетӕ ба интернети ци хузтӕ ӕма комментаритӕ ниввӕрунцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ Хуцауи ӕмбӕлттӕ исхонӕн нӕ фӕууй. Ка ’й зонуй сӕ ӕмбурдӕй цӕй туххӕй рацох кодтайуонцӕ, уӕхӕнӕй неци кӕнунцӕ, фал уӕддӕр сӕхе куд дарунцӕ, е, гӕнӕн ес, ӕма къахкъуӕрӕн исуа, аци дуйнейӕй ӕхе еуварс дарунбӕл ӕгас хъауритӕй ка 1 Петури 2:11, 12.)
архайуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн. (Бакӕсӕ14. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй Йеговӕй ма раидард уӕн?
14 Аци дуйне нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй тӕрегъӕдгун бауӕри монцти ӕма цӕстити монцти фӕдбӕл цӕуӕн, удта нӕ мулкӕй нӕхе ’стауӕн (1 Иоан. 2:16). Фал мах ба Йегови ан ӕма гъӕуама иннети хузӕн ма уӕн. Мах гъӕуама «ӕнӕхуцау гъуддӕгтӕй ӕма зӕнхон монцтӕй идард ледзӕн ӕма аци дуйней уӕн лӕдӕргӕ, цӕрӕн рӕстӕй ӕма Хуцаубӕл еузӕрдонӕй» (Тит. 2:12). Цӕбӕл дзорӕн, нӕ уӕле ци искӕнӕн, удта хуӕрдӕ, ниуӕзтӕ ӕма кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсӕн, еу загъдӕй, не ’гас цардӕй дӕр гъӕуама бӕрӕг уа, Йегови ке ан, е. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:31, 32.)
КӔРӔДЗЕЙ УАРЗӔН
15. Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти цӕмӕн гъӕуама уарзӕн ӕма сӕмӕ хӕларзӕрдӕ цӕмӕн гъӕуама уӕн?
15 Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕн куд ан, уомӕй дӕр бӕрӕг уодзӕй, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн аргъ кӕнӕн, ӕви нӕ, е. Етӕ дӕр мах хузӕн Йегови ӕвзурст адӕн ӕнцӕ. Уой ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд сӕ алкӕддӕр уарздзиан ӕма сӕмӕ хӕларзӕрдӕ уодзиан (1 Фес. 5:15). Е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта: «Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ, уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ, уӕд» (Иоан. 13:35).
16. Йеговӕн ӕ адӕн хъазар ке ’нцӕ, е Моисеййи закъонӕй куд зиннуй?
Ним. 1:50, 51). Йеговӕ ма еци дзаумӕуттӕн дӕр уӕхӕн аргъ кӕми кодта, уоми, ӕ цард ин ка иснивонд кодта, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн ба куд аргъ кӕнуй. Куд хъазар ин ан, уой туххӕй Йеговӕ загъта: «Сумахмӕ ка ӕвналуй, е мин мӕ цӕстигагумӕ ӕвналуй» (Зах. 2:8).
16 Моисеййи закъони фӕрци нӕ бон ӕй балӕдӕрун, ӕмбурди иннетӕмӕ цӕхӕуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уой. Рагидзаманти Йегови ковӕндони адтӕй аллихузи дзаумӕуттӕ. Закъони финст адтӕй Левиттӕн еци дзаумӕутти хӕццӕ куд архайгӕ адтӕй, е, ӕма еци амундтӕмӕ гӕсгӕ ка нӕ архайдтайдӕ, уонӕн мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг адтӕй (17. Йеговӕ лӕмбунӕг цӕмӕ фӕккӕсуй?
17 Малахий киунуги куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ «лӕмбунӕг игъуста», ӕ адӕн кӕрӕдзей хӕццӕ куд дзубанди кодтонцӕ, уомӕ (Мал. 3:16). «Йеговӕ зонуй ӕхеуӕнтти» (2 Тим. 2:19). Е алцидӕр уинуй ӕма игъосуй (Дзиуит. 4:13). Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕмӕ хӕларзӕрдӕ ку нӕ уӕн, уӕд ӕй Йеговӕ уиндзӕй. Фал иуазӕгуарзон, рӕдау, хатиргӕнагӕ ӕма хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд уой дӕр ӕнӕргъудийӕй нӕ ниууадздзӕй (Дзиуит. 13:16; 1 Пет. 4:8, 9).
ЙЕГОВӔ Ӕ АДӔНИ НЕКӔД НИУУАДЗДЗӔЙ
18. Йеговӕ нӕ ӕ адӕни астӕумӕ ке ӕрбахудта, уой туххӕй си боз ке ан, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
18 Йеговӕ нӕ ӕ адӕни астӕумӕ ке ӕрбахудта, уой туххӕй си хъӕбӕр боз ан. Мах ӕй зонӕн, нӕ цард ин ке иснивонд кодтан, е тӕккӕ растдӕр унаффӕ ке адтӕй. Кӕд «ихӕлд ӕма фесинмӕ фӕлтӕри ’хсӕн» цӕрӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй «Хуцауи ӕнаййепп ӕма ӕнӕхийнӕ бӕдӕлттӕ» ун, удта «аци дуйней... рохсгӕнӕнти хузӕн» ӕрттевун (Фил. 2:15). Удта нӕ фӕндуй, Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, уомӕй нӕхе еуварс дарун (Иак. 4:7). Мах нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти уарзӕн ӕма сӕ нимайӕн, уомӕн ӕма етӕ дӕр Йеговӕн хъазар ӕнцӕ (Ром. 12:10).
19. Йеговӕ е ’взурст адӕнӕн куд арфӕ кӕнуй?
19 Библи нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Йеговӕ нӕ феронх кӕндзӕй ӕ адӕни» (Пс. 94:14). Уобӕл нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун. Цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр Йеговӕ нӕ фарсмӕ уодзӕй. Ку рамӕлӕн, уӕддӕр нӕ нӕ байронх уодзӕй (Ром. 8:38, 39). «Цӕргӕ кӕнӕн,– цӕрӕн Йегови туххӕй, мӕлгӕ кӕнӕн,– мӕлӕн Йегови туххӕй. Гъема мадта цӕргӕ кӕнӕн ӕви мӕлгӕ кӕнӕн, уӕддӕр Йегови ан» (Ром. 14:8). Мах хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, Йегови еузӕрдон ӕмбӕлттӕй ка рамардӕй, етӕ нӕуӕгӕй цардмӕ кӕд раздӕхдзӕнцӕ, еци рӕстӕгмӕ (Матф. 22:32). Фал нӕ абони дӕр нӕ уӕларвон Фидӕ берӕ дессаги хуарздзийнӕдтӕй хайгин кӕнуй. Библи зӕгъуй: «Амондгун ӕнцӕ, сӕ Хуцау Йеговӕ кӕмӕн ӕй, еци адӕн, ӕхецӕн бунӕн ке равзурста, еци адӕн» (Пс. 33:12).