Еу хуарз гъуддаг
ДЖОН цардӕй еу минкъий горӕти штат Гуджарати (Инди). Ӕ фидӕ 1950 ӕнзти иссӕй Йегови Ӕвдесӕн. Джонӕн, ӕ мадӕн, удта е ’ртӕ хуӕремӕн ӕма дууӕ ӕнсувӕремӕн сӕ фиди нӕуӕг дин сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй, уомӕн ӕма католикон динбӕл хуӕст адтӕнцӕ.
Еухатт Джонӕн ӕ фидӕ загъта, цӕмӕй ӕмбурди еу ӕнсувӕрмӕ конверт бадавтайдӕ. Еци сӕумӕ Джон е ’нгулдзӕ хъӕбӕр фӕллух кодта, къала боцикъа ку игон кодта, уӕд, фал ӕй уӕддӕр фӕндадтӕй, ӕ фидӕ ин ци баихӕс кодта, уой бакӕнун. Гъема е ’нгулдзӕ цӕмӕйдӕр бабаста ӕма ранӕхстӕр ӕй.
Джон, кумӕ гъудӕй, уордӕмӕ ӕрбацудӕй, фал еци ӕнсувӕр хӕдзари нӕ разиндтӕй, хӕдзари адтӕй ӕрмӕстдӕр ӕ бийнойнаг. Е дӕр Йегови Ӕвдесӕн адтӕй. Конверт ку райста, уӕд, Джонӕн е ’нгулдзӕ лух ке адтӕй, уой рауидта ӕма ин загъта, гъӕйдӕ дин ӕй рабӕттон, зӕгъгӕ. Ӕма ин е ’нгулдзӕ багъуд кодта ӕма ин ӕй бабаста. Уой фӕсте ин тӕвдӕ чай искодта ӕма фӕлмӕнӕй ӕ хӕццӕ Библий туххӕй радзурдта.
Нӕ хуӕрӕ ибӕл уотӕ зӕрдиагӕй ке батухстӕй, уой фӕрци Джон Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастӕй. Джон имӕ фарстатӕ дӕттун райдӕдта, ӕ фиди хӕццӕ ке туххӕй нӕ федудтонцӕ, дууӕ уӕхӕн гъуддагей фӕдбӕл: Киристе Хуцау ӕй ӕви нӕ, удта Мади-Майрӕнмӕ ковун гъӕуй ӕви нӕ. Еци хуӕрӕ гуджарати ӕвзаг зудта, ӕма Джонӕн ӕхе ӕвзагбӕл ӕ фарстатӕбӕл дзуапп равардта. Еци фарстати фӕдбӕл Библий ци финст ес, уой ин бавдиста ӕма ин равардта брошюрӕ «Хуцауи Паддзахади туххӕй аци хуарз хабар».
Джон еци брошюрӕ ку бакастӕй, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй, рӕстдзийнадӕ ке иссирдта. Уой фӕсте аргъауӕни саугинмӕ бацудӕй ӕма уомӕ дӕр еци фарстатӕ равардта. Саугин уайтагъд рамӕстгун ӕй, Библи ибӕл фехста ӕма гъӕр кӕнун райдӕдта: «Сайтан ди рауадӕй! Бавдесай, кӕми финст ӕй Библий Киристе Хуцау ке нӕй кенӕ Мади-Майрӕнмӕ ковун ке нӕ гъӕуй! Бавдесай!». Саугин ӕхе уотӕ ке бадардзӕй, Джон уой ӕнгъӕл н’ адтӕй ӕма ин загъта: «Ӕмӕй фӕстӕмӕ католикон аргъауӕни мӕ къах дӕр нӕбал уодзӕй!». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр ӕ дзурдӕн лӕг разиндтӕй.
Джон Библи ахур кӕнун райдӕдта, рӕстдзийнади ӕрфедар ӕй ӕма Йегови Ӕвдесӕн иссӕй. Фӕстӕдӕр ба Ӕвдесӕнтӕ иссӕнцӕ ӕ бийнонтӕ дӕр. Джонӕн е ’нгулдзӕбӕл лухи фӕд байзадӕй ӕма ма абони дӕр ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууй, 60 анзей размӕ имӕ хуӕрӕ хӕларзӕрдӕдзийнадӕ куд бавдиста ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун куд райдӕдта, е (2 Кор. 6:4, 6).