Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Киристе цӕмӕн дзурдта, соми ма кӕнтӕ, зӕгъгӕ?

МОИСЕЙЙИ закъонмӕ гӕсгӕ соми кӕнуни лӕгъузӕй неци адтӕй. Фал Киристей рӕстӕг адӕн ӕгӕр арӕх райдӕдтонцӕ сомитӕ кӕнун, естӕбӕл дӕр ӕма нецӕбӕл дӕр. Сӕ зӕрдтӕй уотемӕй сӕ дзурдти фулдӕр хъаурӕ адтайдӕ. Уӕхӕн сомити туххӕй Киристе дууӕ хатти дзурдта, зӕгъгӕ, «„гъо“ загътайтӕ, уӕд уӕ дзурд уӕд „гъо“, „нӕъ“ загътайтӕ, уӕдта – „нӕъ“» (Матф. 5:33–37; 23:16–22).

«Нӕуӕг Фӕдзӕхсти Теологикон дзурдуати» куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ дзиуиттӕгтӕ естӕбӕл дӕр ӕма нецӕбӕл дӕр куд арӕх соми кодтонцӕ, е бӕрӕг ӕй, Талмуди ци финст ес, уомӕй. Уоми листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр финст ӕй, ӕнӕмӕнгӕй кӕци сомитӕ ӕнхӕст кӕнгӕ ’нцӕ, кӕцитӕ ба нӕ (Theological Dictionary of the New Testament).

Уотитӕ ке кодтонцӕ, уой туххӕй син айдагъ Киристе нӕ уайдзӕф кодта. Дзиуиттаг историк Иосиф Флавий еу секти туххӕй уотӕ финста: «Сӕ алли дзурдӕн дӕр сомийӕй фулдӕр хъаурӕ ес. Соми ба ӕппундӕр нӕ кӕнунцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ соми ракӕнун, соми ма исӕнхӕст кӕнунӕй фуддӕр гъуддаг кӕсуй. Етӕ адӕймаги исӕфтбӕл нимайунцӕ, ӕ дзурдтӕ исбӕлвурд кӕнуни туххӕй ӕй Хуцауи номӕй расоми кӕнун ку гъӕуа, уӕд». Еу дзиуиттаг киунуги ба финст ӕй: «Арӕх ка фӕссоми кӕнуй, еци адӕймаг фудгӕнӕг ӕй» (Wisdom of Sirach). Киристе карзӕй бауайдзӕф кодта, гъӕуа-нӕгъӕуа ка фӕссоми кӕнуй, уонӕн. Сайгӕ ку некӕд кӕнӕн, уӕд нӕ соми кӕнун дӕр нӕ гъӕудзӕй.