Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ зунд усхъуммӕ кӕнун ма бауадзӕ

Дӕ зунд усхъуммӕ кӕнун ма бауадзӕ

НӔ НИХМӔ цӕуй тох! Нӕ фуддӕр знаг Сайтан ци хуӕцӕнгарзӕй пайда кӕнуй, е нӕ бауӕри нӕ, фал нӕ зунди нихмӕ ӕй. Цума е цӕхуӕн хуӕцӕнгарз ӕй? Мӕнгӕттӕ!

Апостол Павел ӕй зудта, Сайтани мӕнгӕттӕ хъӕбӕр тӕссаг ке ’нцӕ, уой. Фал уой киристӕнттӕй алке нӕ лӕдӕрдтӕй. Зӕгъӕн, Коринфи еуӕй-еуетӕмӕ, ӕвӕдзи, уотӕ кастӕй, ӕма рӕстдзийнади федар лӕуунцӕ ӕма сӕ Сайтан некӕд басайдзӕй (1 Кор. 10:12). Уомӕ гӕсгӕ Павел фӕдзахста: «Фал тӕрсун, хелагӕ Евӕбӕл хийнӕй куд рацудӕй ӕма ’й куд фӕррӕдуйун кодта, уотӕ уӕ зунд дӕр ку исӕсхъуммӕ уа ӕма, Киристей рази куд ӕнӕхийнӕ ӕма куд кӕдзос гъӕуама уайтӕ, уотӕ ку нӕбал уайтӕ» (2 Кор. 11:3).

Павели дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, нӕхецӕй ӕгӕр нифсгун ке гъӕуама ма уӕн. Цӕмӕй нин Сайтани мӕнгӕттӕ нӕ зунд ма исусхъуммӕ кӕнонцӕ, уой туххӕй гъӕуама зонӕн, куд хъӕбӕр тӕссаг ӕнцӕ, уой ӕма си нӕхе гъӕуай кӕнӕн.

САЙТАНИ МӔНГӔТТӔ ЦӔЙБӔРЦӔБӔЛ ТӔССАГ ӔНЦӔ?

Мӕнгӕ дзубандитӕй фӕппайда кӕнунцӕ, цӕмӕй адӕни сайонцӕ кенӕ син сӕ зунд ӕма сӕ гъуддӕгтӕ сӕ дӕлбарӕ даронцӕ. Еу киунуги финст ӕй, зӕгъгӕ, мӕнгӕттӕ ӕнцӕ «зианхӕссӕг, нифссӕттӕн ӕма ка не ’мбӕлуй, уӕхӕн дзубандитӕ» (Propaganda and Persuasion). Аци дзурдтӕ ци нисан кӕнунцӕ, уой балӕдӕрун кӕнуни туххӕй адӕн фӕппайда кӕнунцӕ дзурдтӕй «сайун, усхъуммӕ кӕнун, хийнӕй архайун ӕма зундбӕл хецауеуӕг кӕнун».

Сайтани мӕнгӕттӕ хъӕбӕр тӕссаг ӕнцӕ, уомӕн ӕма ’й лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕнӕн, нӕ зундбӕл куд рабӕрӕг унцӕ, уой. Рабарун сӕ ӕнгъезуй маргӕйдзаг гази хӕццӕ – уой дӕр нӕ фӕууинӕн, удта ин е ’смаг дӕр нӕ балӕдӕрӕн. Адӕн сӕхе куд фӕддарунцӕ, уой ка ӕртасуй, уӕхӕн ахургонд Венс Паккард загъта, зӕгъгӕ, мӕнгӕттӕ нин нӕ зундбӕл бӕрӕг кӕнунцӕ, мах куд ӕнгъӕл ан, уомӕй хъӕбӕрдӕр. Ӕндӕр ахургонд ба загъта, зӕгъгӕ, мӕнгӕтти туххӕй адӕн уӕхӕн ӕверхъау хабӕрттӕ бакӕнунцӕ, ӕма син зӕгъӕн дӕр нӕййес – ӕнӕгъӕнӕ адӕнихатт ниццӕгъдунцӕ, кӕрӕдзей хӕццӕ фӕттохунцӕ, ӕма иннети фефхуӕрунцӕ сӕ адӕнихатт кенӕ сӕ дини туххӕй (Easily Led—A History of Propaganda).

Кӕд ма адӕймагӕн дӕр ӕ бон ӕй иннети басайун, уӕд Сайтанӕй ба ци ес зӕгъӕн? Хуцау адӕни ку сфӕлдиста, уӕдӕй нурмӕ сӕмӕ Сайтан лӕмбунӕг кӕсуй. Абони «ӕгас дуйне» дӕр ӕ къохи ӕй, ӕма цӕмӕйфӕндидӕр испайда кӕндзӕй, цӕмӕй адӕни зунд усхъуммӕ кӕна (1 Иоан. 5:19; Иоан. 8:44). Сайтан ӕ мӕнгӕттӕй берети «сӕризунд... бахъӕрӕу кодта» ӕма нур ба «зӕнхӕбӕл еугур адӕни дӕр... сайуй» (2 Кор. 4:4; Рарг. 12:9). Цума ци ес бакӕнӕн, цӕмӕй дин Сайтани мӕнгӕттӕ дӕ зунд ма исусхъуммӕ кӕнонцӕ?

ДЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР КӔНӔ

Сайтани мӕнгӕттӕй нӕ бон куд ӕй нӕхе бахезун, уой туххӕй Киристе загъта: «Базондзиайтӕ рӕстдзийнадӕ, ӕма уӕ рӕстдзийнадӕ иссӕребарӕ кӕндзӕй» (Иоан. 8:31, 32). Тугъди рӕстӕги ’й ӕфсӕддон гъӕуама зона, ке дзурдтӕбӕл ӕууӕндӕн ес, уой, цӕмӕй ӕй знаг ма басайа. Махӕн ба нӕ бон ке дзурдтӕбӕл ӕй ӕууӕндун? Йегови дзурдтӕбӕл, ӕма финст ӕнцӕ ӕ Дзурд Библий. Уоми ес, Сайтани мӕнгӕтти хӕццӕ тох кӕнунмӕ нӕ цидӕриддӕр гъӕуй, е (2 Тим. 3:16, 17).

Сайтан дӕр уой куд нӕ зонуй. Ӕма ӕ барӕ ци дуйнебӕл цӕуй, уомӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй нин Библи кӕсунмӕ ӕма ахур кӕнунмӕ рӕстӕг мабал уа, кенӕ нин не ’ргом ӕндӕр естӕмӕ ӕздаха. «Сайтани хийнӕмиутӕ» уӕ ма фӕссайӕнтӕ! (Еф. 6:11). Уой туххӕй айдагъ сӕйраг ахурӕдтӕ зонун фагӕ нӕй, фал гъӕуама архайӕн рӕстдзийнадӕ арфдӕр базонунбӕл (Еф. 3:18). Архургонд Ноам Хомский загъта: «Рӕстдзийнадӕ дин дӕ сӕри неке ниввӕрдзӕй. Гъӕуама ’й дӕхуӕдӕг базонай». Мадта «алли бон дӕр Финстадӕ лӕмбунӕг ӕртасӕн», ӕма ’й уотемӕй нӕхуӕдтӕ базонӕн (Гъуд. 17:11).

Цӕмӕй нин мӕнгӕттӕ нӕ зунд ма исусхъуммӕ кӕнонцӕ, уой туххӕй гъӕуама зонӕн, куд хъӕбӕр тӕссаг ӕнцӕ, уой ӕма си нӕхе гъӕуай кӕнӕн

Сайтани нӕ фӕндуй, цӕмӕй сагъӕс кӕнӕн ӕма, ци рӕстдзийнадӕ игъосӕн, уой лӕдӕрӕн. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма адӕнӕн «сагъӕс кӕнуни фадуат ку нӕ уа», уӕд сӕбӕл мӕнгӕттӕ, «гӕнӕн ес, ӕма хъӕбӕрдӕр бандавонцӕ» (Media and Society in the Twentieth Century). Цидӕриддӕр игъосӕн, уобӕл гъӕуама ма ӕууӕндӕн, лӕмбунӕг сӕбӕл ку нӕ расагъӕс кӕнӕн, уӕд (Ӕмб. 14:15). Хуцау нӕ уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй нӕ бон уа арф сагъӕс кӕнун ӕма уотемӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун (Ӕмб. 2:10–15; Ром. 12:1, 2).

НӔ ЕУДЗИЙНАДӔ ГЪӔУАЙ КӔНӔН

Мӕнгӕ дзубандитӕй ке зунд фегъӕстӕ ’й, еци ӕфсӕддонтӕ тӕрсун райдайунцӕ ӕма сӕ е басӕттуй. Уӕхӕн дзубандити фудӕй ма, гӕнӕн ес, ӕма кӕрӕдзей нихмӕ дӕр фӕууонцӕ кенӕ ӕфсадӕй фӕххецӕн уонцӕ. Еу немуцаг генерал загъта, зӕгъгӕ, Фиццаг дуйнеуон тугъди цӕй туххӕй фӕххуӕрд ан, еци гъуддӕгтӕй еу адтӕй, адӕн мӕнгӕттӕмӕ игъосгӕй, цума сӕ гипноз никкодтонцӕ, уотӕ ке иссӕнцӕ, е. Сайтан дӕр абони уӕхӕн мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй киристӕнтти еудзийнадӕ фехала. Зӕгъӕн, фӕййархайуй, цӕмӕй ӕнсувӕртӕ кӕрӕдзей ма балӕдӕронцӕ. Кенӕ уотӕ сагъӕс кӕнонцӕ, цума Йегови организаций хӕран гъуддӕгтӕ кӕнунцӕ кенӕ ба си цидӕр раст нӕ кӕнунцӕ, ӕма уой туххӕй организаци ниууадзонцӕ.

Дӕхе сайун ма бауадзӕ! Хуцауи Дзурд ци разамунд дӕттуй, уомӕ игъосӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ма хуӕрти хӕццӕ лимӕнӕй цӕрӕ. Зӕгъӕн, Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй «зӕрдӕй хатир кӕнӕн» ӕма кӕрӕдзей зӕрдихудти ку бацӕуӕн, уӕд уайтагъд бафедауӕн (Кол. 3:13, 14; Матф. 5:23, 24). Удта ма нӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй ӕмбурдӕй нӕхе ма идард кӕнӕн (Ӕмб. 18:1). Расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон ӕй Сайтани мӕнгӕтти нихмӕ федар фӕллӕуун ӕви нӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Фӕстаг хатт мӕ ме ’нсувӕртӕй кадӕр ку исмӕстгун кодта, уӕд мӕхе куд бадардтон, уомӕй ке зӕрдӕ барохс кодтон, Йегови ӕви Сайтани?» (Гал. 5:16–26; Еф. 2:2, 3).

ДУЗӔРДУГ КӔНУН МАКӔД РАЙДАЙӔ

Ӕфсӕддон ӕ разамонӕгбӕл ку не ’ууӕнда, уӕд тугъди ӕгас хъауритӕй нӕ архайдзӕй. Знӕгтӕ дӕр мӕнгӕттӕй уой туххӕй фӕппайда кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕфсӕддонтӕ сӕ хецаубӕл мабал ӕууӕндонцӕ. Разамонгутӕ ку фӕррӕдуйунцӕ, уӕд знӕгтӕ ба уотӕ фӕдздзорунцӕ: «Уонӕбӕл ӕууӕнкӕ нӕййес!» кенӕ «Бӕллӕхи хай дӕ бакӕндзӕнцӕ!» Сайтан дӕр уотӕ архайуй, цӕмӕй ма ӕууӕндӕн, Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд ке фӕрци дӕттуй, уонӕбӕл.

Нӕхе куд гъӕуама гъӕуай кӕнӕн? Йегови организацибӕл идарддӕр дӕр федар хуӕцӕн. Йеговӕбӕл еузӕрдон уӕн ӕма ӕнхус кӕнӕн, Хуцауи адӕнӕн разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕртӕн, кӕд ӕнӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр (1 Фес. 5:12, 13). Раст дин ка ниууагъта, етӕ ӕма мӕнгард адӕн архайунцӕ, цӕмӕй еци ӕнсувӕртӕбӕл гурусхӕ кӕнун райдайӕн (Тит. 1:10). Уотӕ уӕмӕ ку кӕса, ӕма раст дзорунцӕ, уӕддӕр син еци барӕ ма раттетӕ, цӕмӕй уин «уӕ зунд ӕвваст исдзӕгъӕлтӕ» кӕнонцӕ (2 Фес. 2:2). Архайӕ, Павел Тимофеййӕн ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, ци базудтай, уобӕл федар хуӕцӕ, уомӕн ӕма зонис, ка дин сӕ байамудта, уони (2 Тим. 3:14, 15). Йеговӕ нин сӕдӕ анзей дӕргъи разамунд ке фӕрци дӕттуй, еци ӕууӕнкгун цагъарбӕл нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун (Матф. 24:45–47; Дзиуит. 13:7, 17).

МӔ ФӔТТӔРСӔ

Еуӕй-еухатт ма нӕ Сайтан ӕргом дӕр фӕттӕрсун кӕнуй. Тас уадзун ӕй, «рагӕй нурмӕ дӕр адӕни басайунмӕ кӕмӕй пайда кӕнунцӕ, уӕхӕн мадзал» (Easily Led—A History of Propaganda). Зӕгъӕн, бритайнаг профессор Филип Тейлор ассирийӕгти туххӕй ниффинста: «Се знӕгтӕбӕл фӕууӕлахез уиуонцӕ, сайгӕ ӕма сӕ тӕрсун ке кодтонцӕ, уой фӕрци». Сайтан дӕр архайуй, цӕмӕй тӕрсӕн адӕнӕй, ӕфхуӕрдӕй, мӕлӕтӕй ӕма ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрти. Уотемӕй нӕбӕл фӕууӕлахез уодзӕй ӕма Йеговӕн нӕбал лӕггадӕ кӕндзиан (Ис. 8:12; Йер. 42:11; Дзиуит. 2:15).

Сайтанӕн дӕхе фӕттӕрсун кӕнун ма бауадзӕ! Киристе загъта: «Рамарун уӕ ке бон ӕй ӕма уин уомӕй идарддӕр ӕ бон кӕмӕн неци ӕй бакӕнун, уонӕй ма тӕрсетӕ» (Лук. 12:4). Йеговӕ ӕ дзурд ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕ: ба дӕбӕл тухсдзӕй ӕма дӕ исхайгин кӕндзӕй, «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕй», удта дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Сайтани хийнӕмиути нихмӕ федар фӕллӕууай (2 Кор. 4:7–9; 1 Пет. 3:14).

Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, царди уӕхӕн уавӕртӕ фӕууй, ӕма адӕймаг ӕрлӕмӕгъ уй ӕма фӕттӕрсуй. Фал ди иронх ма уӕд, Йеговӕ Йесо Навинӕн ке загъта, еци дзурдтӕ: «Нифсгун ӕма федар уо. Мадта ӕппундӕр мацӕмӕй тӕрсӕ, уомӕн ӕма кумӕфӕнди ма рандӕ уай – дӕ Хуцау Йеговӕ уодзӕй дӕ хӕццӕ» (Йес. Н. 1:9). Естӕбӕл хъӕбӕр ку тухсай, уӕд уайтагъд Йеговӕмӕ исковӕ ӕма ин алцидӕр радзорӕ. Ӕма уӕд «Хуцауи фарнӕ, зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ... багъӕуай кӕндзӕй уӕ зӕрдитӕ ӕма уӕ зунд». Уотемӕй дӕмӕ фӕззиндзӕй хъауритӕ, цӕмӕй дӕбӕл Сайтани мӕнгӕттӕ ма бандавонцӕ (Фил. 4:6, 7, 13).

Гъуди ма ’й кӕнис, ассирийаг паддзахи мийнӕвар, рабсак, мӕнгӕтти фӕрци Хуцауи адӕни фӕттӕрсун кӕнунмӕ куд гъавта, уой? Уотӕ син дзурдта, зӕгъгӕ, уӕ Ассирийӕгти къохӕй неке фӕййервӕзун кӕндзӕй, сауӕнгӕ ма уӕ Хуцау Йеговӕ дӕр. Удта ма син уотӕ дӕр дзурдта, зӕгъгӕ, Йеговӕ мин ӕхуӕдӕг загъта, Йерусалим, дан, ниппурхӕ кӕнӕ. Цума Йеговӕ ба ци загъта? «Ма тӕрсӕ, ке фегъустай, еци дзурдтӕй, Ассирий паддзахи лӕггадгӕнгутӕ ми ци ӕфхуӕрӕн дзурдтӕ фӕккодтонцӕ, уонӕй» (2 Пад. 18:22–25; 19:6). Уой фӕсте Йеговӕ ӕ изӕди рарвиста ӕма еунӕг ӕхсӕвӕмӕ 185 мин ассирийаги рамардта! (2 Пад. 19:35).

ЛӔДӔРГӔ УО – АЛКӔДДӔР ЙЕГОВӔМӔ ИГЪОСӔ

Ӕвӕдзи, ескӕд киноти фӕууидтай, адӕймаг ӕй куд нӕ лӕдӕрдтӕй сайгӕ ӕй ке кӕнунцӕ, уой. Ка ’й зонуй дӕ еци адӕймагӕн фӕндадтӕй зӕгъун: «Ма сӕбӕл ӕууӕндӕ! Сайгӕ дӕ кӕнунцӕ!» Нур ба дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, изӕдтӕ дин куд дзорунцӕ: «Сайтани дӕхе сайун ма бауадзӕ!»

Сайтани мӕнгӕттӕмӕ ма игъосӕ! (Ӕмб. 26:24, 25). Йеговӕмӕ игъосӕ ӕма ибӕл алли гъуддаги дӕр дӕ нифс дарӕ (Ӕмб. 3:5–7). Хуцау дӕ уарзуй ӕма дин дзоруй: «Зундгин уо, мӕ бӕдолӕ, ӕма мин мӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕ» (Ӕмб. 27:11). Уотӕ ку кӕнай, уӕд дин Сайтан дӕ зунд нӕ исусхъуммӕ кӕндзӕй!