Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Фӕстегӕй байзадӕй ӕви фӕрраздӕр ӕй?

Фӕстегӕй байзадӕй ӕви фӕрраздӕр ӕй?

НАУКӔ

БИБЛИ НАУКОН КИУНУГӔ НӔЙ, ФАЛ СИ НАУКИ ХӔЦЦӔ БАСТ ХАБӔРТТӔ РАСТ ӔНЦӔ, КӔД СӔ АХУРГӔНДТӔ КУ ИСБӔРӔГ КОДТОНЦӔ, УОМӔЙ БЕРӔ РАЗДӔР ФИНСТ ӔРЦУДӔНЦӔ, УӔДДӔР. ӔРКӔСӔН ЦАЛДӔР ЦӔВЕТТОНЕМӔ.

Дун-дуйнейӕн райдайӕн адтӕй?

Ӕрӕги дӕр ма зундгонд ахургӕндтӕ уобӕл нӕ арази кодтонцӕ. Фал нур ба сӕ фулдӕр дзорунцӕ, Дун-дуйнейӕн райдайӕн ке адтӕй. Библий ба е раги финст ӕрцудӕй (Райдайӕн 1:1).

Зӕнхӕ тъӕпӕн ӕй ӕви тумбул?

Рагидзаманти беретӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма зӕнхӕ тъӕпӕн ӕй. Зӕнхӕ тумбул ке ӕй, еци гъуди фиццаг фӕззиндтӕй грекъаг ахургӕндтӕмӕ н. э. размӕ 5 ӕноси. Фал уомӕй берӕ раздӕр,– н. э. размӕ 8 ӕноси,– Библий финсгутӕй сӕ еу, Исай, Зӕнхӕ «тӕгӕл» исхудта (Исай 40:22).

Уӕлӕрвти ци ес, уонӕн заууатмӕ ӕрцӕунӕй тӕссаг ӕй?

Н. э. размӕ 4 ӕноси ка цардӕй, еци грекъаг ахургонд Аристотель дзурдта, зӕронд ӕрмӕстдӕр зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр ес, етӕ ке кӕнунцӕ, уӕлӕрвти ци ес, етӕ ба, дан, не ’ййевунцӕ ӕма син заууатмӕ ӕрцӕунӕй тӕссаг нӕй. Ӕма берӕ ӕности дӕргъи адӕн уотӕ гъуди кодтонцӕ. Фал 19 ӕноси ахургӕндтӕ рартастонцӕ ӕрдзи закъӕнттӕй еу, энтропийӕ, зӕгъгӕ. Еци закъонмӕ гӕсгӕ, алли бауӕр дӕр, фӕнди зӕнхон уа, фӕнди уӕларвон, заууатмӕ цӕуй. Аци закъон рартасунмӕ ка банхус кодта, еци ахургӕндтӕй сӕ еу, лорд Кельвин, загъта, Библий дӕр уӕлӕрвтӕ ӕма зӕнхи туххӕй уотӕ финст ке ес, «дарӕсау байехсуйдзӕнцӕ», зӕгъгӕ (Псалом 102:25, 26). Кельвин ӕууӕндтӕй, Библий ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ Хуцауӕн ӕ бон ке ӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй е ’сконд дуйне заууатмӕ ма ӕрцӕуа (Екклесиаст 1:4).

Зӕнхӕ ӕма иннӕ планетитӕ цӕбӕл лӕуунцӕ?

Аристотель дзурдта, стъалутӕ ӕма планетитӕ се ’гас дӕр авги хузӕн кӕдзос сферитӕбӕл федаргонд ке ’нцӕ, еци сферитӕ еу инней медӕг ке ’нцӕ ӕма зӕнхӕ ба сӕ тӕккӕ астӕу ке ӕй. Н. э. 18 ӕносмӕ хӕстӕг ахургӕндтӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, стъалутӕ ӕма планетитӕ ке нецӕбӕл лӕуунцӕ. Фал н. э. размӕ 15 ӕноси Иови киунуги финст ӕрцудӕй, Хуцау «зӕнхӕ ӕрауигъта нецӕбӕл», зӕгъгӕ (Иов 26:7).

МЕДИЦИНӔ

БИБЛИ МЕДИЦИНОН КИУНУГӔ НӔЙ, ФАЛ СИ ЦИ УНАФФИТӔ ЕС, ЕТӔ, АБОНИ ДОХТИРТӔ ЦИ ЗӔГЪУНЦӔ, УОМӔ ГӔСГӔ РАСТ ӔНЦӔ.

Хуӕцгӕ незӕй сӕйгӕ адӕймаги гъудӕй иннетӕй райеуварс кӕнун.

Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ, хъотурӕй ка садӕй, еци адӕни иннетӕй райеуварс кӕнун гъудӕй. Дохтиртӕ ба еци ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайун райдӕдтонцӕ, Астӕуккаг ӕности адӕн хуӕцгӕ незтӕй ку фӕццагъди ’нцӕ, ӕрмӕстдӕр уой фӕсте ӕма абони уӕнгӕ дӕр уотӕ архайунцӕ. (Левит 13 ӕма 14 сӕртӕ).

Мардмӕ ка бавналдтайдӕ, е гъӕуама ӕхе нихснадтайдӕ.

19 ӕноси кӕрони уӕнгӕ дохтиртӕ мӕрдти хӕццӕ ку архайиуонцӕ, уӕд уой фӕсте сӕ къохтӕ не ’хснадтонцӕ ӕма уотемӕй сӕйгити дзӕбӕх кӕнун райдайиуонцӕ. Уой туххӕй берӕ сӕйгитӕ рамӕлидӕ. Фал Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ, мардмӕ ка бавналдтайдӕ, е кӕдзосбӕл нимад нӕбал адтӕй, ӕма гъӕуама ӕхе донӕй нихснадтайдӕ. Кӕд еци ӕгъдау дини хӕццӕ баст адтӕй, уӕддӕр адӕни ӕнӕнездзийнадӕ дӕр гъӕуай кодта (Нимӕдзтӕ 19:11, 19).

Цъумуртӕ гъудӕй нигӕнун.

Адӕни цъумуртӕ раст ӕфснӕйд ке нӕ цӕунцӕ, уой туххӕй алли анз дӕр 500 минемӕй фулдӕр сувӕллони диарейӕй рамӕлуй. Моисеййи закъони ба финст адтӕй, адӕймаги ӕ цъумуртӕ, адӕн кӕми цардӕнцӕ, уомӕй идарддӕр нигӕнун ке гъудӕй (Дуккаг закъон 23:13).

Сонӕт кӕнун кӕд гъудӕй?

Хуцауи закъон фӕдзахста, цӕмӕй нӕуӕгигурд биццеуӕн сонӕт искодтайуонцӕ ӕстӕймаг бон (Левит 12:3). Нӕуӕгигурд сувӕллӕнттӕн сӕ тог, куд гъӕуй, уотӕ баласт уй, еу къуӕре сӕбӕл ку рацӕуй, уӕд. Уӕди рӕстӕги дохтиртӕ уӕхӕн цидӕртӕ нӕма лӕдӕрдтӕнцӕ. Ӕма Хуцауи закъонмӕ гӕсгӕ сонӕт ӕрмӕстдӕр ӕстӕймаг бон ке кодтонцӕ, уой фӕрци нӕуӕгигурд сувӕллонӕн тӕссаг н’ адтӕй.

Зӕрдиуагӕ ӕма ӕнӕнездзийнадӕ куд баст ӕнцӕ.

Дохтиртӕ ӕма ахургӕндтӕ куд исбӕрӕг кодтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ, адӕймаг цийнӕ ку фӕккӕнуй, цӕбӕлдӕр ӕ нифс ку фӕддаруй, хатир кӕнун ку фӕззонуй ӕма хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун ку фӕззонуй, уӕд е ’нӕнездзийнадӕ дӕр хуӕздӕр фӕууй. Библий финст ӕй: «Игъӕлдзӕг зӕрдӕ хуаси хузӕн дзӕбӕх кӕнуй, нифссаст зӕрдӕ ба стгутӕ хускъӕ кӕнуй» (Ӕмбесӕндтӕ 17:22).