СӔЙРАГ ТЕМӔ | ТӔККӔ ХУӔЗДӔР ЛӔВАР ЦӔХУӔН ӔЙ?
«Е адтӕй тӕккӕ хуӕздӕр лӕвар»
Аци дзурдтӕ загъта еу 13-анздзуд кизгӕ, къӕбуци ин ку балӕвар кодтонцӕ, уӕд. Ӕхе бизнес кӕмӕн ес, еу уӕхӕн силгоймаг ба загъта, зӕгъгӕ, хестӕр кълӕсти ку ахур кодтон, уӕд мин мӕ фидӕ компьютер балӕвар кодта ӕма мин еци лӕвар мӕ цард раййивта. Еу нӕлгоймагӕн ба хуӕздӕр лӕвар адтӕй, ӕ бийнойнаг ин, ӕхе къохтӕй ци открыткӕ искодта, е, сӕ киндзӕхсӕвӕрбӕл еу анз ку рацудӕй, уӕд.
Алли анз дӕр адӕн берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ бахарз кӕнунцӕ се ’мбӕлттӕн кенӕ ба сӕ хӕстӕгутӕн «тӕккӕ хуӕздӕр» лӕвар агоргӕй. Ӕма сӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй сӕ лӕвар адӕймаги зӕрдӕмӕ фӕццӕуа. Ду ба еци гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсис? Уарзис уӕхӕн лӕвӕрттӕ кӕнун? Дӕхецӕн дин уӕхӕн лӕвар ку искӕнунцӕ, уӕд дин ӕхцӕуӕн фӕууй?
Лӕвар кӕмӕн искӕнунцӕ, айдагъ уомӕн нӕ фӕууй ӕхцӕуӕн, фал ин ӕй ка искодта, уомӕн дӕр. Библий дӕр уотӕ финст ес: «Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй» (Гъуддӕгтӕ 20:35). Ӕма адӕймагӕн ӕ лӕварӕн ку исаргъ кӕнунцӕ, уӕдта ин никки ӕхцӕуӕндӕр фӕууй.
Мадта цума ци ес бакӕнӕн, цӕмӕй дӕхецӕн дӕр ӕма, лӕвар кӕмӕн кӕнис, уомӕн дӕр е ӕхцӕуӕн уа? Ӕма кӕд дӕ бон «тӕккӕ хуӕздӕр» лӕвар искӕнун нӕй, уӕддӕр ци ес бакӕнӕн, цӕмӕй дӕ лӕвар адӕймаги зӕрдӕмӕ фӕццӕуа?