Кӕсгути фарстатӕ
Ковӕндони гъӕуайгӕнгутӕ ка адтӕнцӕ ӕма сӕ ихӕстӕмӕ ци хаудтӕй?
Левиттӕй саугинтӕ ка н’ адтӕй, уонӕбӕл берӕ ихӕстӕ адтӕй. Еци ихӕстӕй еу рабарӕн ес пъӕлицӕгти кусти хӕццӕ. Дзиуиттаг финсӕг Александрийаг Филон, ци ихӕстӕ сӕбӕл адтӕй, уой туххӕй ниффинста: «[Левиттӕй] еуетӕ лӕуунцӕ, ковӕндони тургъӕмӕ ка кӕнуй, еци колдуӕртти рази. Иннетӕ ба лӕуунцӕ ковӕндони рази, цӕмӕй барӕ кӕмӕн нӕййес, уонӕй медӕмӕ маке бацӕуа – нӕдӕр зонгӕ-зонгӕй, нӕдӕр ӕнӕбари. Кадӕртӕ ба си рацо-бацо кӕнунцӕ тургъи, ковӕндони алливарс ӕма ’й кӕрӕдзей ӕййевгӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй гъӕуай кӕнунцӕ».
Еци гъӕуайгӕнгутӕ адтӕнцӕ дзиуиттӕгти Сӕйраг тӕрхондони дӕлбарӕ. Роми хецауадӕ дзиуиттӕгтӕй ӕрмӕстдӕр еци къуарӕн лӕвардта хуӕцӕнгарз даруни барӕ.
Библи ӕртасӕг Иоаким Иеремиас загъта: «Йесой ку ниййахӕстонцӕ, уӕд ӕй, ка ниййахӕста, уонӕн бауайдзӕф кодта, алли бон уӕ Ковӕндони ку ахур кодтон, ӕма мӕ уӕд ку нӕ ахӕстайтӕ, зӕгъгӕ (Матф. 26:55). Ӕма, ӕвӕдзи, етӕ адтӕнцӕ ковӕндонӕ гъӕуайгӕнгутӕ, ӕндӕра син уотӕ нӕ загътайдӕ». Иоакими гъудимӕ гӕсгӕ, уой размӕ Йесой ниййахӕссунмӕ ке рарвистонцӕ, етӕ дӕр ковӕндонӕ гъӕуайгӕнгутӕ адтӕнцӕ (Иоан. 7:32, 45, 46). Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте, Сӕйраг тӕрхондони ка адтӕй, етӕ гъӕуайгӕнгути ӕма сӕ хестӕри рарвистонцӕ, цӕмӕй сӕмӕ апостолти ӕрбакодтайуонцӕ. Удта апостол Павели дӕр ковӕндонӕй, ӕвӕдзи, гъӕуайгӕнгутӕ ракодтонцӕ (Гъуд. 4:1–3; 5:17–27; 21:27–30).