Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма дӕ бон нӕбал ӕй

Уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма дӕ бон нӕбал ӕй

Бразилийӕй еу силгоймаг Адрианӕ загъта: «Мӕ гъудитӕ ӕма ме ’нкъарӕнтӕй уотӕ истухстӕн, ӕма загътон, ку рамӕлон, уӕд хуӕздӕр уодзӕй».

ЕСКӔД уӕхӕн уавӕри адтӕ, ӕма дӕмӕ цӕрун нӕбал цудӕй? Кӕд гъо, уӕд Адриани хуарз балӕдӕрдзӕнӕ. Ӕ хурфи алкӕддӕр цӕбӕлдӕр тухстӕй, удта алкӕддӕр адтӕй ӕнкъард ӕма нифссаст. Дохтиртӕ ин загътонцӕ, карз депресси имӕ ке ес.

Ӕркӕсӕн ма Японийӕй еу нӕлгоймаг Каоруй хабармӕ дӕр. Е кастӕй ӕ каргун ӕма сӕйгӕ ниййергутӕмӕ. Каору загъта: «Еци рӕстӕг ма мин кусти дӕр зиндзийнӕдтӕ адтӕй, ӕма мӕмӕ хуӕрун дӕр нӕбал цӕуидӕ, удта фунӕй дӕр нӕбал кодтон. Уотӕ кӕсун мӕмӕ райдӕдта, ӕма еци тухститӕй исуӕгъдӕ уодзӕн, ӕрмӕстдӕр мӕхе ку рамарон, уӕд».

Нигерийӕй еу нӕлгоймаг Оебоде загъта: «Алкӕддӕр уотӕ ниффсаст уинӕ, ӕма мӕ цӕстисугтӕ сӕхуӕдтӕ уадӕнцӕ ӕма уадӕнцӕ. Цӕмӕй еци гъезӕмарӕй исуӕгъдӕ адтайнӕ, уой туххӕй сагъӕс кӕнун райдӕдтон, мӕхе куд рамардтайнӕ, уобӕл». Оебоде, Каору ӕма Адрианӕ сӕхецӕн неци бакодтонцӕ. Фал алли анз дӕр сӕдӕгай мин адӕн сӕхемӕ сӕ къох исесунцӕ.

ӔНХУС КӔМИ ЕС ИССЕРӔН

Ӕ къох ӕхемӕ ка исесуй, уонӕй сӕ фулдӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕуунцӕ, уомӕн ӕма си беретӕ ӕнхус ракорунмӕ ӕфсӕрми фӕккӕнунцӕ. Киристе дӕр загъта, сӕйгити дохтир ке гъӕуй (Лукай 5:31). Кӕд ду дӕр дӕхемӕ нийгъустай ӕма дӕхе рамарунбӕл фӕссагъӕс кӕнис, уӕд, дӕ хуарзӕнхӕй, ӕнхус ракорӕ. Уоми ходуйнагӕй неци ес. Депрессийӕй ка сӕйуй, уонӕй беретӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, дохтирти ӕнхуси фӕрци сӕ уавӕр ке фӕххуӕздӕр ӕй. Оебоде, Каору ӕма Адрианӕн дӕр дохтиртӕ банхус кодтонцӕ, ӕма син нур дзӕвгарӕ ӕнцондӕр ӕй.

Депресси кӕмӕ ес, уони дохтиртӕ фӕддзӕбӕх кӕнунцӕ кенӕ хуасти фӕрци кенӕ ба, сӕ хӕццӕ ке фӕдздзорунцӕ, уой фӕрци, кенӕ ба уомӕй дӕр ӕма иннемӕй дӕр. Уӕхӕн адӕни ма фӕгъгъӕуй, цӕмӕй сӕ сӕ бийнонтӕ ӕма се ’мбӕлттӕ лӕдӕронцӕ, фӕразон сӕмӕ уонцӕ ӕма син ӕнхус кӕнонцӕ. Ӕгасемӕй хуӕздӕр ӕмбал ӕй Йеговӕ Хуцау, ӕма нин ӕ Дзурд Библий фӕрци хъӕбӕр ӕнхус кӕнуй.

ЕСКӔД НЕЗТӔН КӔРОН ӔРЦӔУДЗӔЙ?

Депрессийӕй ка сӕйуй, уони арӕх берӕ рӕстӕг фӕгъгъӕуй хуастӕ ниуазун, удта сӕ сӕ царди цидӕртӕ раййевун дӕр фӕгъгъӕуй. Фал нези хӕццӕ тох кӕнгӕй дӕр дӕ бон ӕй хуарз федӕнмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Оебоде куд ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уотӕ. Е загъта: «Ӕз ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Исаййи 33:24 ци дзурдтӕ финст ес, етӕ куд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уомӕ. Уӕд зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕнӕй еу дӕр нӕбал зӕгъдзӕй: „Ӕз сӕйгӕ дӕн“». Оебодейӕн ма уодӕнцойнӕ хӕссуй, Хуцау зӕрдӕ ци «нӕуӕг зӕнхӕй» байвардта, е – уоми «рист» ӕппундӕр нӕбал уодзӕй (Раргомадӕ 21:1, 4). Еци зӕрдӕвӕрд уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма адӕни нецибал тухсун кӕндзӕй ӕма си нецибал ресдзӕй. Дӕ зӕрдӕ ке туххӕй ресуй, еци гъудитӕ ӕма ӕнкъарӕнтӕй ӕносмӕ исуӕгъдӕ уодзӕнӕ. Уӕд сӕ «гъуди дӕр... [нӕбал] ӕркӕндзӕнӕ ӕма [дӕ] зӕрди дӕр нӕбал байзайдзӕнцӕ» (Исай 65:17).