Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

11 СӔР

Адӕн уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ?

Адӕн уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ?

1, 2. Беретӕмӕ цӕхуӕн фарста фӕззиннуй?

АДӔЙМАГ алли бон дӕр ести лӕгъуз хабӕрттӕ фегъосуй. Зӕгъӕн, кӕмидӕр ӕнӕгъӕнӕ гъӕу дон фӕлласта. Кӕмидӕр тукани еу нӕлгоймаг адӕни ӕхсун райдӕдта. Кӕмидӕр ба еу силгоймаг раккӕй рамардӕй ӕма ин фондз сувӕллони байзадӕй.

2 Уӕхӕн бӕллӕхтӕ ку ’рцӕуй, уӕд беретӕ фӕззӕгъунцӕ: «Цӕмӕн?» Нӕ ’й лӕдӕрунцӕ, дуйней уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес ӕма адӕн кӕрӕдземӕй се ’сӕфт цӕмӕн уинунцӕ, уой. Ду ба уобӕл некӕд сагъӕс кодтай?

3, 4. а) Аввакум Йегови цӕбӕл фарста? б) Йеговӕ ин цӕхуӕн дзуапп равардта?

3 Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ еци фарста, Хуцаубӕл хъӕбӕр ка ӕууӕндтӕй, уони дӕр тухсун кодта. Зӕгъӕн, пахампар Аввакум Йегови бафарста: «Цӕмӕн мин уинун кӕнис фуддзийнадӕ ӕма фидбилиз? Мӕ цӕстити рази адӕни стъегъунцӕ ӕма тухмиуӕ кӕнунцӕ, алли рауӕн хӕлхъой кӕнунцӕ ӕма кӕрӕдзей хуӕрунцӕ» (Аввакум 1:3).

4 Аввакуми 2:2, 3 кӕсӕн, Хуцау Аввакумӕн цӕхуӕн дзуапп равардта, уой. Зӕрдӕ ин байвардта, гъуддаг уотемӕй ке нӕ ниууадздзӕй. Йеговӕ адӕни уарзуй. Библий финст ӕй: «Е тухсуй сумахбӕл» (1 Петури 5:7). Ӕма кӕд махӕн зин ӕй адӕни гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун, уӕд Йеговӕн ба е никки зиндӕр ӕй (Исай 55:8, 9). Мадта радзубанди кӕнӕн уӕхӕн фарстабӕл: адӕн уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ?

АДӔН УОЙБӔРЦӔ ЗИНДЗИЙНӔДТӔ ЦӔМӔН ӔВЗАРУНЦӔ?

5. Адӕн зиндзийнӕдтӕ ке ӕвзарунцӕ, уой туххӕй дини разамонгутӕ арӕх ци фӕззӕгъунцӕ? Библи ба ци зӕгъуй?

5 Адӕймагбӕл ести бӕллӕх кенӕ ести лӕгъуз хабар ку ’рцӕуй, уӕд ӕй арӕх адзали фуд фӕккӕнунцӕ. Удта саугинтӕ дӕр фӕззӕгъунцӕ, е Хуцауи фӕндон адтӕй, зӕгъгӕ. Кедӕрти гъудимӕ гӕсгӕ ба адӕн мӕлунцӕ, Хуцау сӕ ӕхемӕ уӕлӕрвтӕмӕ ке райсуй, уой туххӕй, сауӕнгӕ ма минкъий сувӕллӕнтти дӕр. Фал е уотӕ нӕй. Лӕгъуз хабӕрттӕ Йегови фӕндӕй некӕд ӕрцӕунцӕ. Библий финст ӕй: «Уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй ӕцӕг Хуцау фудгъуддаг искӕна, Алцигъон Хуцау хӕран гъуддаг бакӕна!» (Иов 34:10).

6. Адӕн ци гъезӕмӕрттӕ ӕвзарунцӕ, уонӕми беретӕ Хуцауи цӕмӕн фудгин кӕнунцӕ?

6 Адӕн ци гъезӕмӕрттӕ ӕвзарунцӕ, уонӕми беретӕ Хуцауи фудгин кӕнунцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма нур дуйне Хуцауи къохи ӕй. Фал ӕртиккаг сӕрӕй куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ аци дуйней хецау Сайтан ӕй.

7, 8. Адӕн уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ?

7 Библий финст ӕй: «Ӕгас дуйне... ӕй Фидбилизи къохи» (1 Иоанни 5:19). Аци дуйней хецау, Сайтан, хъӕбӕр фудзӕрдӕ ӕма ӕнӕхатир ӕй. Е «зӕнхӕбӕл ӕгас адӕни дӕр» сайуй (Раргомадӕ 12:9). Адӕнӕй дӕр беретӕ уой хузӕн ӕнцӕ. Мадта дессаг нӕй, адӕн кӕрӕдзей ке сайунцӕ, кӕрӕдземӕй се ’сӕфт ке уинунцӕ ӕма уотӕ ӕнӕхатир ке ’нцӕ, е.

8 Уомӕй уӕлдай ма адӕн гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, Адам ӕма Евӕ Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, ӕма сӕ цӕуӕт сӕ тоги тӕрегъӕд ке рахастонцӕ, уой туххӕй дӕр. Ӕма еци тӕрегъӕди туххӕй адӕн кӕрӕдземӕн берӕ маст ӕвзарун кӕнунцӕ. Арӕх еуетӕ сӕхе иннетӕй уӕлдӕр февӕрунцӕ, ӕма уой туххӕй кӕрӕдзей тог калунцӕ ӕма кӕрӕдзей ӕфхуӕрунцӕ (Екклесиаст 4:1; 8:9). Адӕн ма гъезӕмӕрттӕ еу цӕйдӕр туххӕй ӕвзарунцӕ. Библий финст ӕй: «Кӕд кӕбӕл ци ’рцӕудзӕй, уой неке зонуй» (Екклесиаст 9:11). Еуӕй-еухатт адӕймаг фидбилизи бахауй, цӕхуӕндӕр рӕстӕг цӕхуӕндӕр рауӕн ке фӕцӕй, уой туххӕй.

9. Хуцау гъезӕмӕрттӕ дзӕгъӕли ке нӕ уадзуй, уой кӕцӕй зонӕн?

9 Адӕнӕн зиндзийнӕдтӕ Йеговӕ не ’взарун кӕнуй. Адӕн ке тохунцӕ, кӕрӕдзей ке ӕфхуӕрунцӕ ӕма фудракӕндтӕ ке кӕнунцӕ, уоми Хуцау неци фудгин ӕй. Удта ӕрдзон бӕллӕхтӕ дӕр, зӕгъӕн, зӕнхизмӕлдтитӕ, тухдунгитӕ ӕма донивулдтитӕ, Хуцауӕй нӕ ’нцӕ. Фал уӕддӕр, ӕвӕдзи, сагъӕс кӕнис: «Кӕд Дун-дуйней Йеговӕй хъаурӕгиндӕр неке ес, уӕд уӕхӕн ӕверхъау хабӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?» Мах ӕй зонӕн, Хуцау нӕ берӕ ке уарзуй. Ӕма кӕд уӕхӕн хабӕрттӕ уадзуй, уӕд е дзӕгъӕли нӕ уодзӕй (1 Иоанни 4:8).

ХУЦАУ ЦӔМӔН УАДЗУЙ, ЦӔМӔЙ АДӔН ЗИНДЗИЙНӔДТӔ ӔВЗАРОНЦӔ?

10. Сайтан Йегови куд фӕффудгин кодта?

10 Сайтан Едеми дзӕхӕрадони Адам ӕма Еви басайдта. Ӕ дзурдтӕй уотӕ уадӕй, цума Йеговӕ лӕгъуз хецау ӕй ӕма Адам ӕма Евӕй хуарз цидӕр римӕхсуй. Сайтан уобӕл архайдта, цӕмӕй баууӕндтайуонцӕ, е син Йеговӕй хуӕздӕр хецау ке уодзӕй ӕма сӕ Хуцау гъӕугӕ дӕр ке нӕ кӕнуй (Райдайӕн 3:2–5; кӕсӕ 27 уӕлӕнхасӕн).

11. Цӕхуӕн фарстабӕл гъӕуй дзуапп базонун?

11 Адам ӕма Евӕ Хуцаумӕ нӕ байгъустонцӕ ӕма ӕ нихмӕ рацудӕнцӕ. Етӕ уотӕ сагъӕс кодтонцӕ, ӕма син ес уӕхӕн барӕ, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ ӕвзаронцӕ, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой. Цума Йегови бон куд адтӕй бавдесун, змӕнтгутӕ раст ке нӕ сагъӕс кодтонцӕ ӕма адӕнӕн хуӕздӕр ци уодзӕй, уой ӕрмӕстдӕр ӕхуӕдӕг ке зонуй?

12, 13. а) Йеговӕ Адам ӕма Еви еци фӕдбӕл цӕмӕннӕ фесафта? б) Йеговӕ Сайтанӕн барӕ цӕмӕн равардта, цӕмӕй аци дуйней хецау уа, ӕма адӕнӕн хецауӕдтӕ искӕнунмӕ рӕстӕг цӕмӕн равардта?

12 Йеговӕн ӕ фӕндон адтӕй, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕ дӕр дзенет иссайдӕ ӕма ибӕл цардайуонцӕ Адам, Евӕ ӕма сӕ байзӕддӕгтӕ. Ӕма ӕ фӕндон гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ, Сайтан ӕй кудфӕнди ма къулумпи кодтайдӕ, уӕддӕр (Райдайӕн 1:28; Исай 55:10, 11). Уомӕ гӕсгӕ Адам ӕма Еви еци фӕдбӕл нӕ фесафта, фал бауагъта, цӕмӕй син цӕуӕт рацудайдӕ. Удта син сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр фадуат равардта, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ равзурстайуонцӕ, хецау син ка уодзӕй, уой.

13 Сайтан милиуангай изӕдти рази Йегови хецаудзийнадӕ исдзурддаг кодта (Иов 38:7; Данел 7:10). Ӕма ин Йеговӕ рӕстӕг равардта, цӕмӕй бавдистайдӕ, ӕ дзурдтӕ раст адтӕнцӕ ӕви нӕ, уой. Удта адӕнӕн дӕр равардта рӕстӕг, цӕмӕй Сайтани дуйней хецауӕдтӕ искодтайуонцӕ ӕма бавдистайуонцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй ӕнтӕстгун уодзӕнцӕ ӕви нӕ, уой.

14. Рӕстӕг ци бавдиста?

14 Мингай ӕнзти дӕргъи адӕн сӕхе разамундмӕ гӕсгӕ архайунцӕ, фал сӕ е хуарзӕй нецӕмӕ ӕркодта. Уотемӕй рабӕрӕг ӕй, Сайтан мӕнгӕттӕ ке дзурдта. Адӕнӕн ӕнӕ Хуцауи ӕнхусӕй сӕ бон неци ӕй. Пахампар Йеремий дзурдтӕ раст разиндтӕнцӕ. Е загъта: «О Йеговӕ, ӕз ӕй зонун: зӕнхон адӕймагӕн ӕ над ӕхецӕй кӕнгӕ нӕй. Ӕ къахдзӕфтӕбӕл дӕр ӕ барӕ нӕ цӕуй» (Йереми 10:23).

ЙЕГОВӔ УОЙБӔРЦӔ РӔСТӔГ ЦӔМӔН ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУЙ?

15, 16. а) Йеговӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕн уойбӕрцӕ рӕстӕг гъезӕмарӕ кӕнонцӕ? б) Йеговӕ уотӕ цӕмӕннӕ бакӕнуй, цӕмӕй Сайтани дуйней лӕгъуз хабӕрттӕ ма цӕуа?

15 Йеговӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй адӕн уойбӕрцӕ рӕстӕг зиндзийнӕдтӕ ӕвзаронцӕ? Уотӕ цӕмӕннӕ бакӕнуй, цӕмӕй лӕгъуз хабӕрттӕ ма цӕуа? Уомӕн ӕма Сайтани хецаудзийнадӕй ке неци рауайдзӕй, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ рӕстӕг гъудӕй. Адӕн цинӕхузи хецаудзийнадӕ нӕ бавзурстонцӕ, уӕхӕн нӕбал байзадӕй, фал си еу дӕр нӕ фӕррӕстмӕ ’й. Кӕд наукӕ ӕма технологитӕ размӕ рацудӕнцӕ, уӕддӕр хӕран гъуддӕгтӕ, мӕгурдзийнадӕ, фудракӕндтӕ ӕма тугъдтитӕ ба фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Адӕнӕн ӕнӕ Хуцауӕй сӕ бон нӕй сӕхецӕн раст разамунд дӕттун.

16 Йеговӕ уотӕ ку бакодтайдӕ, цӕмӕй Сайтани дуйней лӕгъуз хабӕрттӕ ма цӕуа, уӕд уомӕй Сайтани къох аразтайдӕ. Адӕн уотӕ сагъӕс кодтайуонцӕ, ӕма син хуарз ӕнтӕсуй сӕхецӕн разамунд дӕттун, раст Сайтан куд дзурдта, уотӕ. Фал Сайтан мӕнгӕттӕ дзурдта, Йеговӕ ба сайгӕ некӕд кӕнуй (Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:18).

17, 18. Йеговӕ ци бакӕндзӕй, цӕмӕй, Сайтани гъуддӕгтӕ ци зиан ӕрхастонцӕ, уонӕй фӕд дӕр мабал байзайа?

17 Сайтан ӕма адӕн Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, е устур зиан ӕрхаста. Цума Йеговӕн ӕ бон ӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй еци бӕллӕхтӕй фӕд дӕр мабал байзайа? Гъо, Хуцауӕн ӕ бон алцидӕр ӕй. Йеговӕ ’й зонуй, тагъд Сайтани мӕнгӕттӕн дзуапп лӕвӕрд ке ӕрцӕудзӕй. Ӕма уӕд зӕнхӕй искӕндзӕй дзенет, ӕ фӕндон райдайӕни куд адтӕй, уотӕ. «Ингӕнти кадӕриддӕр ес», уони райгас кӕндзӕй (Иоанни 5:28, 29). Адӕн сӕйгӕ ӕма мӕлгӕ нӕбал кӕндзӕнцӕ. Сайтан цидӕриддӕр зиан ӕрхаста, уомӕй Йесо фӕд дӕр нӕбал ниууадздзӕй. Йеговӕ Йесой фӕрци «Сайтани гъуддӕгтӕ» фехалдзӕй (1 Иоанни 3:8). Фал Йеговӕ абони уӕнгӕ ке бухсуй, уой туххӕй си боз ан, уомӕн ӕма нин уой фӕрци фадуат фӕззиндтӕй, цӕмӕй ӕй базонӕн ӕма ӕ хецаудзийнади фарс ислӕууӕн. (Бакӕсӕ 2 Петури 3:9, 10.) Ӕма зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин банхус кӕнуй, цӕмӕй сӕ исфӕразӕн. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:13.)

18 Йеговӕ нин ӕ хецаудзийнадӕ тухӕй не ’взарун кӕнуй. Е адӕнӕн дессаги лӕвар искодта – сӕребарӕдзийнадӕ, кенӕ унаффитӕ хӕссуни барӕ. Гъӕйдӕ мадта базонӕн, е хъазар лӕвар цӕмӕн ӕй, уой.

ДӔ СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДӔЙ КУД ИСПАЙДА КӔНДЗӔНӔ?

19. Йеговӕ нин цӕхуӕн дессаги лӕвар искодта? Еци лӕвари туххӕй си боз цӕмӕн гъӕуама уӕн?

19 Йеговӕ нин унаффитӕ хӕссуни барӕ ке равардта, уомӕй цӕрӕгойтӕй хъӕбӕр хецӕн кӕнӕн. Етӕ, ӕрдзигъӕдӕ син ци амонуй, уомӕ гӕсгӕ цӕрунцӕ, зундӕй нӕ, фал. Мах ба нӕхуӕдтӕ ӕвзарӕн, куд цӕрдзиан, удта Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан ӕви нӕ, уой (Ӕмбесӕндтӕ 30:24). Удта роботтӕ дӕр нӕ ан, уомӕн ӕма етӕ, сӕ программи ӕвӕрд ци фӕууй, ӕрмӕстдӕр уой кӕнун фӕззонунцӕ. Мах ба нӕхуӕдтӕ ӕвзарӕн, цӕхуӕн уодзиан, не ’мбӕлттӕ ка уодзӕнцӕ ӕма царди цӕхуӕн надбӕл рацӕудзиан, уой. Йегови фӕндуй, цӕмӕй нин цард цийнӕдзийнадӕ хӕсса.

20, 21. Царди тӕккӕ хуӕздӕр над цӕхуӕн ӕй?

20 Йеговӕ нӕ Фидӕ ӕй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕй уарзӕн (Матфеййи 22:37, 38). Фидӕн ӕхцӕуӕндӕр ци уодзӕй: сувӕллон ин ӕхе зӕрдтӕй ку зӕгъа, уарзун дӕ зӕгъгӕ, ӕви ин еци дзурдтӕ еске ку зӕгъун кӕна? Йеговӕ нин барӕ равардта, цӕмӕй нӕхуӕдтӕ равзарӕн, лӕггадӕ ин кӕндзиан ӕви нӕ. Сайтан, удта Адам ӕма Евӕ ӕ нихмӕ рацудӕнцӕ. Ду ба куд испайда кӕндзӕнӕ, унаффитӕ хӕссуни барӕ дин ке ес, уомӕй?

21 Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдайай, уӕд е уодзӕй, дӕ царди ци унаффитӕ рахастай, уонӕй тӕккӕ хуӕздӕр. Цалдӕр милиуан адӕймаги равзурстонцӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, ӕма Сайтани нихмӕ лӕуунцӕ (Ӕмбесӕндтӕ 27:11). Цӕмӕй, адӕн зиндзийнӕдтӕ кӕми нӕбал ӕвзардзӕнцӕ, еци нӕуӕг дуйней цӕрай, уой туххӕй дӕ бон ци ӕй кӕнун? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан иннӕ сӕри.