1 СӔР
Хуцауи туххӕй ци гъӕуй базонун?
1, 2. Адӕнмӕ арӕх цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй?
СУВӔЛЛӔНТТӔ берӕ фарстатӕ фӕддӕттунцӕ. Фӕууй уотӕ, ӕма син ести ку балӕдӕрун кӕнай, уӕддӕр дӕ рафӕрсдзӕнцӕ: «Цӕмӕн?» Ӕма син дзуапп ку раттай, уӕддӕр дӕ нӕуӕгӕй рафӕрсдзӕнцӕ: «Цӕмӕн?»
2 Фарстатӕ ни алкӕмӕдӕр фӕззиннуй, уӕлдай нӕй, сувӕллӕнттӕ ан ӕви нӕ. Хатгай еске бафӕрсӕн, цӕхуӕндӕр рауӕнмӕ куд цӕугӕ ’й кенӕ цал сахатти ’й, уобӕл. Фал нӕмӕ уомӕй ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕ дӕр фӕззиннуй. Зӕгъӕн, адӕн уотӕ цӕмӕн гъезӕмарӕ кӕнунцӕ ӕма нӕмӕ федӕни ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? Фал беретӕ аци фарстатӕбӕл бӕлвурд дзуӕппитӕ ку не ’ссерунцӕ, уӕд сӕ агоргӕ дӕр нӕбӕл фӕккӕнунцӕ.
3. Беретӕмӕ уотӕ цӕмӕн кӕсуй, ӕма царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссерӕн нӕййес?
3 Цума царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссерӕн ес? Еуӕй-еуети гъудимӕ гӕсгӕ ес, фал сӕ кӕми агоронцӕ, уой нӕ зонунцӕ. Кадӕртӕ фӕззӕгъунцӕ, дзуӕппитӕ Библий ке ’нцӕ, фал, дан, зинлӕдӕрӕн киунугӕ ӕй. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма сӕбӕл ӕрмӕстдӕр саугинтӕ, удта динти ахурӕдтӕ ка фертасуй, етӕ зонунцӕ дзуапп. Иннетӕ ба бафӕрсунмӕ ӕфсӕрми фӕккӕнунцӕ.
4, 5. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл фӕссагъӕс кӕнис? Идарддӕр сӕбӕл дзуапп агорун цӕмӕн гъӕуй?
Матфеййи 7:7). Цалинмӕ, балӕдӕрӕн ке ес, уӕхӕн дзуӕппитӕ не ’ссерай, уӕдмӕ дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ.
4 Ӕвӕдзи дӕ фӕндуй дзуапп базонун аци фарстатӕбӕл: адӕймаг цӕмӕн цӕруй? Мӕрдти ести ес? Хуцау ӕцӕгӕйдӕр ес? Адӕн уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарунцӕ? Зундгонд ахургӕнӕг Йесо Киристе загъта: «Коретӕ, ӕма уин ратдзӕнцӕ. Агоретӕ, ӕма иссердзиайтӕ. Хуайетӕ, ӕма уин райгон кӕндзӕнцӕ» (5 Дӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ ес Библий ӕма сӕ идарддӕр ку агорай, уӕд сӕ ӕнӕмӕнгӕй иссердзӕнӕ (Ӕмбесӕндтӕ 2:1–5). Еци дзуӕппитӕ зин балӕдӕрӕн нӕ ’нцӕ. Библийӕй ци базонай, уой фӕрци нур дӕр амондгун уодзӕнӕ, удта дин федӕнӕй дӕр уодзӕй дессаги нифс. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, беретӕ кӕбӕл фӕссагъӕс кӕнунцӕ, еу уӕхӕн фарстамӕ.
ХУЦАУ НӔБӔЛ ТУХСУЙ?
6. Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ цӕмӕн кӕсуй, ӕма Хуцаумӕ адӕни сагъӕс ӕппундӕр нӕййес?
6 Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма нӕбӕл Хуцау ӕппундӕр нӕ сагъӕс кӕнуй. Цума сӕмӕ уотӕ цӕмӕн кӕсуй? Хуцауи, дан, ку гъудайанӕ, уӕд цард ӕндӕрхузи адтайдӕ. Зӕнхӕбӕл алли рауӕнти дӕр цӕуй тугъдтитӕ, адӕн гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, кӕрӕдземӕй се ’сӕфт уинунцӕ, сӕйунцӕ ӕма мӕлунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба еуӕй-еуетӕ расагъӕс кӕнунцӕ: «Кӕд нӕбӕл Хуцау ӕцӕгӕйдӕр тухсуй,
уӕд адӕни гъезӕмӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?»7. а) Адӕн Хуцауи ӕнӕхатир цӕмӕн фенгъӕлунцӕ? б) Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма лӕгъуз хабӕрттӕ Хуцауи фудӕй нӕ цӕунцӕ?
7 Еуӕй-еухатт дини разамонгути фудӕй адӕн Хуцауи хъӕбӕр ӕнӕхатир фенгъӕлунцӕ. Ести лӕгъуз хабар ку ’рцӕуй, уӕд фӕззӕгъунцӕ, е Хуцауи фӕндон адтӕй, зӕгъгӕ. Ӕма уотемӕй Хуцауи фӕффудгин кӕнунцӕ. Фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ лӕгъуз хабӕрттӕ Хуцауи фӕндӕй некӕд ӕрцӕунцӕ. Иакови 1:13 финст ӕй: «Фӕлварӕни бахаугӕй уотӕ маке зӕгъӕд: „Хуцау мӕ фӕлваруй“. Хуцауи фуддзийнадӕй бафӕлварӕн нӕййес, ӕма е ӕхуӕдӕг дӕр фуддзийнадӕй неке фӕлваруй». Мадта ’й кӕд Хуцау зонуй, цӕхуӕн лӕгъуз хабӕрттӕ цӕуй, уой, уӕддӕр уой фӕндӕй ба некӕд ӕрцӕунцӕ. (Бакӕсӕ Иов 34:10–12.)
8, 9. Зиндзийнӕдтӕ ке ӕвзарӕн, уой Хуцауи фуд кӕнун раст цӕмӕннӕ уодзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
8 Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Сувӕллон ка нӕбал ӕй, еу уӕхӕн биццеу цӕруй ӕ ниййергути хӕццӕ. Ӕ фидӕ ’й берӕ уарзуй ӕма ’й минкъийӕй нурмӕ дӕр ахур кодта раст унаффитӕ хӕссунбӕл. Фал еу бон фурт ӕ фиди нихмӕ рацудӕй ӕма хӕдзарӕй рандӕ ’й. Уой фӕсте берӕ лӕгъуз гъуддӕгти бафтудӕй ӕма фӕстагмӕ фидбилизи бахаудтӕй. Цума раст адтайдӕ фиди фудгин кӕнун, зӕгъгӕ, ӕ фурти ку бауорӕдтайдӕ, уӕд ибӕл уӕхӕн хабар не ’рцудайдӕ? Ӕвӕдзи, нӕ (Лукай 15:11–13). Уотӕ адӕн дӕр Хуцауи нихмӕ ку рацӕунцӕ, ӕма лӕгъуз над ку равзарунцӕ, уӕд сӕ Хуцау тухӕй нӕ фӕууорамуй. Мадта гъӕуама ма иронх кӕнӕн, лӕгъуз хабар ку ’рцӕуй, уӕд е Хуцауи фӕндӕй не ’рцӕуй, ӕма раст н’ адтайдӕ уой фудгин кӕнун.
9 Цума зӕнхӕбӕл ци лӕгъуз гъуддӕгтӕ цӕуй, уонӕн Хуцау кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй? Аци фарста Библи куд лӕдӕрун кӕнуй, уой базондзӕнӕ 11 сӕри. Фал ӕй зонӕ: Хуцау нӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй, ӕма зиндзийнӕдтӕ уой фудӕй не ’взарӕн. Уой фӕндуй, цӕмӕй нӕ гъезӕмӕрттӕй фӕййервӕзун кӕна, ӕма еци гъуддаг уомӕй ӕндӕр неке бон ӕй искӕнун (Исай 33:2).
10. Хуцау фуддзийнадӕн кӕрон ке искӕндзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй?
10 Хуцау ӕй сугъдӕг (Исай 6:3). Ӕма е ’гас гъуддӕгтӕ дӕр ӕнцӕ раст ӕма ӕнӕфау. Уомӕ гӕсгӕ ибӕл ес ӕууӕндӕн. Хуцау адӕни хузӕн нӕй. Адӕн берӕ лӕгъуз миутӕ фӕккӕнунцӕ. Фал раст ка архайуй, уӕхӕн хецауӕн дӕр ӕ бон нӕй адӕни лӕгъуз гъуддӕгтӕн кӕрон искӕнун. Е ӕрмӕстдӕр Хуцауи бон ӕй. Уомӕ ци хъаурӕ ес, уӕхӕн хъаурӕ еунӕг адӕймагмӕ дӕр нӕййес. Хуцау, фуддзийнадӕ ӕносмӕ фесафдзӕй ӕма си фӕд дӕр нӕбал ниууадздзӕй. (Бакӕсӕ Псалом 37:9–11.)
ХУЦАУ АДӔНИ ЗИНДЗИЙНӔДТӔМӔ ЦИ ЦӔСТӔЙ КӔСУЙ?
11. Зиндзийнӕдтӕ ке ӕвзарис, уомӕ Хуцау ци цӕстӕй кӕсуй?
11 Зӕнхӕбӕл ци бӕллӕхтӕ цӕуй ӕма ду ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарис, уонӕмӕ Хуцау цӕхуӕн цӕстӕй Псалом 37:28). Е уарзуй хуарздзийнадӕ, лӕгъуздзийнадӕй ба е ’сӕфт уинуй. Ӕма ин хъӕбӕр зин ӕй, адӕн куд гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уомӕ кӕсун. Рагидзаманти дӕр, зӕнхӕ фуддзийнадӕй ку байдзаг ӕй, уӕд «ӕ зӕрдӕ фӕрристӕй» (Райдайӕн 6:5, 6). Ӕма Хуцау ӕййевгӕ нӕ кӕнуй (Малахи 3:6). Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ дӕбӕл Хуцау хъӕбӕр тухсуй. (Бакӕсӕ 1 Петури 5:7.)
кӕсуй? Библий финст ӕй, Хуцау «уарзуй рӕстдзийнадӕ», зӕгъгӕ (12, 13. а) Нӕ бон цӕмӕн ӕй иннети уарзун ӕма, ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр адӕн гъезӕмарӕй ке мӕлунцӕ, уомӕ ци цӕстӕй кӕсӕн? б) Хуцау зиндзийнӕдтӕн ӕма фудгъуддӕгтӕн кӕрон ке искӕндзӕй, уобӕл цӕмӕн гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн?
12 Библий ма финст ес, Хуцау нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ ке сфӕлдиста (Райдайӕн 1:26). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма мах дӕр исхайгин кодта, ӕхемӕ ци хуарз менеугутӕ ес, уонӕй. Зӕгъӕн, Библи зӕгъуй: «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоанни 4:8). Хуцауи алли гъуддагмӕ дӕр разӕнгард кӕнуй уарзондзийнадӕ. Ӕма еци менеуӕг Хуцаумӕ ке ес, уомӕ гӕсгӕ махмӕ дӕр ес. Мадта кӕд дӕуӕн зин ӕй, адӕни гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун, уӕд Хуцауӕн ба е никки зиндӕр ӕй!
13 Расагъӕс кӕнӕ, уӕхӕн хъаурӕ дӕмӕ ку адтайдӕ, цӕмӕй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр зиндзийнӕдтӕн ӕма фудгъуддӕгтӕн кӕрон искӕнай, уӕд уотӕ нӕ бакодтайсӕ? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, бакодтайсӕ, уомӕн ӕма адӕни уарзис. Хуцауӕй ба ци ес зӕгъӕн? Уомӕ ес еци хъаурӕ. Ӕма нӕ
уарзгӕ ке кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ зиндзийнӕдтӕн ӕма фудгъуддӕгтӕн кӕрон дӕр искӕндзӕй. Аци киунуги райдайӕни базудтан, Хуцау нин зӕрдӕ ци хуарздзийнӕдтӕй байвардта, уой. Ӕма ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕ, ӕ алли дзурд дӕр ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл! Фал ди е цӕмӕй байрагӕс уа, уой туххӕй гъӕуама Хуцауи хуӕздӕр базонай.ХУЦАУИ ФӔНДУЙ, ЦӔМӔЙ ӔЙ БАЗОНАЙ
14. Хуцауӕн ӕ ном куд ӕй ӕма имӕ ӕ номӕй дзорун цӕмӕн гъӕуй?
14 Еске хӕццӕ дӕ базонгӕ ун ӕма лимӕн кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд ин фиццагидӕр ци зӕгъдзӕнӕ? Ӕвӕдзи, дӕ ном. Цума Хуцауӕн ба ном ес? Берӕ динтӕ уотӕ дзорунцӕ, ӕма ӕ ном Хуцау ӕй кенӕ Хецау. Фал етӕ нӕмттӕ нӕ ’нцӕ. Еци дзурдтӕ амонунцӕ, ци бунат ахӕссуй, уомӕ, зӕгъӕн, дзурдтӕ «паддзах» кенӕ «президент» куд ӕнцӕ, уотӕ. Хуцау нин зӕгъуй, ӕ ном Йеговӕ ке ӕй. Псалом 83:18 финст ӕй: «Цӕмӕй ӕй адӕн зононцӕ, ду, ӕ ном Йеговӕ кӕмӕн ӕй, ӕрмӕстдӕр ду ке дӕ Еунӕг Устур Хуцау, Хецау ӕгас зӕнхӕн». Библи ка финста, етӕ ин ӕ ном Библий ниффинстонцӕ 7 000 хаттемӕй фулдӕр. Йегови фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ ном зонай ӕма имӕ ӕ номӕй дзорай. Ӕ ном дин ке базонун кодта, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕ хӕццӕ балимӕн уай.
15. Хуцауи ном «Йеговӕ» ци нисан кӕнуй?
15 Хуцауи номӕн ес арф гъуди. Ӕ ном «Йеговӕ» нисан кӕнуй, ӕ бон ке ӕй, зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой искӕнун, удта ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнун. Неке, удта ’й неци бахъор кӕндзӕй. Мадта ӕрмӕстдӕр Йегови бон ӕй еци ном хӕссун *.
16, 17. Цӕбӕл дзорӕг ӕй, Йеговӕ: а) Алцигъон Хуцау ке ӕй? б) ӕности Паддзах ке ӕй? в) Сфӕлдесӕг ке ӕй?
16 Минкъий раздӕр бакастан, Йегови туххӕй Псалом 83:18 уотӕ финст ке ӕй: «Ӕрмӕстдӕр ду... дӕ Еунӕг Устур Хуцау». Раргомади 15:3 ба финст ӕй: «Устур ӕма дессаг ӕнцӕ дӕ гъуддӕгтӕ, о Йеговӕ, Алцигъон Хуцау! Раст ӕма ӕцӕг ӕнцӕ дӕ нӕдтӕ, ӕности Паддзах!» Йеговӕ «Алцигъон» ке ӕй, е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Дун-дуйней уомӕй фулдӕр хъаурӕ ке некӕмӕ ес, уобӕл. «Ӕности Паддзах» ке ӕй, е ба, алкӕддӕр ке адтӕй, уобӕл дзорӕг ӕй. Псалом 90:2 финст ӕй, Хуцау «ӕносӕй-ӕносмӕ» ке адтӕй, гъома алкӕддӕр. Ӕма е дессаг куд нӕй!
17 Ӕрмӕстдӕр Йегови исхонӕн ес Сфӕлдесӕг. Раргомади 4:11 финст ӕй: «О Йеговӕ, нӕ Хуцау, ду дӕ кадӕ ӕма намуси аккаг, уомӕн ӕма ду дӕ устур хъаури хецау, ӕма алцидӕр ду сфӕлдистай ӕма алцидӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕй ӕма фӕззиндтӕй». Йеговӕ сфӕлдиста алцидӕр: изӕдтӕй ӕма стъалутӕй райдайӕ ӕма денгизи кӕсӕлгитӕй фӕууо!
УОМӔН ГӔНӔН ЕС, ЦӔМӔЙ ЙЕГОВИ ӔМБАЛ ИСУАЙ?
18. Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ цӕмӕн кӕсуй, ӕма Хуцауи ӕмбӕлттӕ некӕд исуодзӕнцӕ? Библий уой туххӕй ци финст ес?
18 Еуӕй-еуетӕ Йегови дессаги менеугути туххӕй ку фӕккӕсунцӕ, уӕд фӕззӕгъунцӕ: «Хуцау кӕми ӕй, ӕма ӕз кӕми дӕн? Уӕхӕн устур хъаурӕ ӕма бартӕ кӕмӕ ес, уой ӕз цӕмӕн гъӕун?» Фал Хуцауи нӕ фӕндуй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнӕн. Уой фӕндуй, цӕмӕй ӕ хӕццӕ балимӕн уӕн. Библий Хуцауи туххӕй финст ӕй: «Е махӕй алкӕмӕйдӕр идард нӕй» (Гъуддӕгтӕ 17:27). Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй имӕ бахӕстӕг уай, ӕма дин зӕгъуй, е дӕр дӕмӕ ке ӕрбахӕстӕг уодзӕй (Иакови 4:8).
19. а) Хуцауи ӕмбал цӕй фӕрци исуодзӕнӕ? б) Йегови менеугутӕй дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр кӕци цӕуй?
Иоанни 17:3). Идарддӕр дӕр Йегови ӕма Йесой базонунбӕл ку архайай, уӕд дин е ӕнӕмӕнгӕй бантӕсдзӕй, ӕма уой фӕрци ӕносон цардӕй исхайгин уодзӕнӕ. Зӕгъӕн, нур бал базудтай, Хуцау уарзондзийнадӕ ке ӕй (1 Иоанни 4:16). Фал ма имӕ уомӕй уӕлдай берӕ хуарз менеугутӕ ес. Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ «Йеговӕ ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау, мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кӕнуй, ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт ӕма алли гъуддаги дӕр ӕй раст» (Рацуд 34:6). Йеговӕ ӕй хӕларзӕрдӕ ӕма хатиргӕнагӕ (Псалом 86:5). Хуцау фӕразон ӕй, гъома берӕ бухсуй, удта ӕй еузӕрдон (2 Петури 3:9; Раргомадӕ 15:4). Библи ку кӕсай, уӕд Хуцауи дессаги менеугути туххӕй никки фулдӕр базондзӕнӕ.
19 Хуцауи ӕмбал цӕй фӕрци исуодзӕнӕ? Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕносмӕ цӕра, уой туххӕй гъӕуама базона дӕу, еунӕг ӕцӕг Хуцауи, ӕма ду ке рарвистай, еци Йесо Киристей» (20–22. а) Уомӕн куд ес гӕнӕн, цӕмӕй, уингӕ ке нӕ кӕнис, еци Хуцауи хӕццӕ балимӕн уай? б) Библи ке ахур кӕнис, е кедӕрти зӕрдӕмӕ ку нӕ цӕуа, уӕд куд бакӕндзӕнӕ?
20 Уомӕн куд ес гӕнӕн, цӕмӕй, уингӕ ке нӕ кӕнис, еци Хуцауи хӕццӕ балимӕн уай? (Иоанни 1:18; 4:24; 1 Тимофеймӕ 1:17). Библий Йегови туххӕй ку кӕсай, уӕд ӕй базондзӕнӕ, куд сагъӕс кӕнуй ӕма алцӕмӕдӕр цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой (Псалом 27:4; Ромӕгтӕмӕ 1:20). Йегови туххӕй куд фулдӕр зонгӕ цӕуай, уотӕ ’й хъӕбӕрдӕр уарздзӕнӕ ӕма имӕ уотемӕй бахӕстӕг уодзӕнӕ.
Матфеййи 6:9). Е нин равардта цард, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй амондгун уӕн, ӕ сувӕллӕнтти ка уарзуй, уӕхӕн фиди куд фӕффӕндуй, уотӕ (Псалом 36:9). Мадта Библийӕй базудтан, дӕ бон ке ӕй Хуцауи ӕмбал исун (Иакови 2:23). Расагъӕс кӕнӕ: Дуйнесфӕлдесӕг Хуцау Йегови фӕндуй, цӕмӕй е ’мбал исуай!
21 Лӕдӕрун ӕй райдайдзӕнӕ, Йеговӕ нӕ Фидӕ ке ӕй (22 Библи ахур кӕнун ке райдӕдтай, е, ӕвӕдзи, кедӕрти зӕрдӕмӕ нӕ фӕццӕудзӕй. Ка ’й зонуй тӕрсдзӕнцӕ, дӕ дин ку раййевай, уомӕй. Фал ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕ Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнунмӕ еске бахъор кӕна. Уомӕй хуӕздӕр ӕмбал дин неке уодзӕй.
23, 24. а) Фарстатӕ дӕттун цӕмӕн гъӕуй? б) Иннӕ сӕри дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
23 Библи ку ахур кӕнай, уӕд си, ӕвӕдзи, алци нӕ лӕдӕрдзӕнӕ. Ӕма гъе уӕд ма бафсӕрми кӕнӕ, ци нӕ балӕдӕрдтӕ, уобӕл бафӕрсунмӕ. Йесо загъта, минкъий сувӕллӕнтти хузӕн сӕрниллӕг ке гъӕуама уӕн (Матфеййи 18:2–4). Сувӕллӕнттӕ ба берӕ фарстатӕ фӕддӕттунцӕ. Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй нӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссерӕн. Мадта Библи лӕмбунӕг ӕртасӕ, цӕмӕй ӕй дӕхецӕн исбӕлвурд кӕнай, ци базудтай, е ӕцӕгӕйдӕр рӕстдзийнадӕ ке ӕй. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 17:11.)
24 Йегови туххӕй фулдӕр базонӕн ес Библийӕй. Иннӕ сӕри базондзиан, Библи иннӕ киунугутӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй, уой.
^ 15 абз. Хуцауи ном «Йеговӕ» Библий кӕцидӕр тӕлмацти не ’мбӕлуй. Кӕд дӕ фӕндуй фулдӕр базонун, Хуцауи ном ци нисан кӕнуй ӕма куд дзоргӕ ’й, уой туххӕй, уӕд кӕсӕ 1 уӕлӕнхасӕн.