Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ду дӕр Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕндзӕнӕ?

Ду дӕр Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕндзӕнӕ?

Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин ӕй, рӕстӕг ке иссирдтай аци брошюрӕ бакӕсунмӕ. Ду базудтай, Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕхуӕн адӕм ӕнцӕ, цӕхуӕн куст кӕнунцӕ ӕма нӕ организаци куд архайуй, уой туххӕй. Ӕма нӕмӕ нифс ес, нур дӕ бон федарӕй зӕгъун ке ӕй, абони зӕнхӕбӕл Хуцауи фӕндон Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ. Мадта идарддӕр дӕр архайӕ, цӕмӕй Хуцауи туххӕй фулдӕр базонай. Удта хуарз уайдӕ, ци базудтай, уой дӕ бийнонтӕн ӕма де ’мбӕлттӕн ку радзорисӕ, ӕма алли къуӕре дӕр не ’мбурдтӕмӕ ку цӕуисӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:23–25).

Йегови туххӕй куд фулдӕр зонай, уотӕ ’й хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ, Йеговӕ дӕ куд хъӕбӕр уарзуй, уой. Ӕма дӕу дӕр бафӕнддзӕй, ке ӕй уарзис, уой бавдесун (1 Иоанни 4:8–10, 19). Фал ӕй ке уарзис, уой цӕхуӕн гъуддӕгтӕй дӕ бон ӕй бавдесун? Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрай, уӕд дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? Ӕма дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дӕу дӕр бафӕндӕуа нӕ хӕццӕ еумӕ Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун? Дӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, е дин банхус кӕндзӕй аци фарстатӕн дзуапп базонун. Ӕма еци зонундзийнӕдти фӕрци ду дӕр ӕма дӕ бийнонтӕ дӕр уӕ цард уотӕ исараздзинайтӕ, цӕмӕй «Хуцауи уарзтӕй уӕхе ма фе ’нӕхай кӕнайтӕ» ӕма ӕносон царди нифсбӕл федар хуӕцайтӕ (Иуди 21).