Хуцауи фӕндон цӕй медӕг ӕй?
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ӕностӕмӕ фӕрнӕй ӕма амондгунӕй зӕнхӕбӕл дзенети цӕрӕн!
Ӕвӕдзи зӕгъис: «Уомӕн куд ес гӕнӕн?» Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ уӕхӕн цард Хуцау искӕндзӕй ӕ Паддзахади фӕрци. Ӕма ӕ фӕндон уой медӕг ӕй, цӕмӕй, еци Паддзахадӕ ци ӕй ӕма адӕмӕн ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уой туххӕй ӕгасӕйдӕр базононцӕ (Псалом 37:11, 29; Исай 9:7).
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй нин хуарз уа.
Ниййерӕги ӕ сувӕллонӕн хуарз куд фӕффӕндуй, уотӕ нӕ уӕларвон Фиди дӕр фӕндуй, цӕмӕй ӕностӕмӕ цийнӕфсес ӕма амондгун уӕн (Исай 48:17, 18). Хуцау нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ӕ фӕндон ин ка ӕнхӕст кӕна, етӕ ӕностӕмӕ ке цӕрдзӕнцӕ (1 Иоанни 2:17).
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй раст надбӕл цӕуӕн.
Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ нин не Сфӕлдесӕг «ӕ нӕдтӕ» амонуй, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй сӕбӕл цӕуӕн (Исай 2:2, 3). Хуцау равзурста, «ӕ ном ин ка хӕсса, уӕхӕн адӕм», цӕмӕй ин ӕ фӕндон ӕгас дуйнебӕл дӕр игъосун кӕнонцӕ (Гъуддӕгтӕ 15:14).
Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ин еумӕ ковӕн.
Йеговӕ Хуцауӕн ка ковуй, етӕ хецӕн къуӕрттӕбӕл нӕ дехтӕ кӕнунцӕ, фал сӕ астӕу ес ӕцӕг уарзондзийнадӕ ӕма еудзийнадӕ (Иоанни 13:35). Хуцауӕн еумӕ лӕггадӕ кӕнӕн куд ес, уой туххӕй абони адӕмӕн ка дзоруй? Уой базондзӕнӕ аци брошюрӕй.