21 СӔР
Ци ӕй Вефил?
«Вефил» ӕй дзиуиттаг дзурд ӕма нисан кӕнуй «Хуцауи хӕдзарӕ» (Райдайӕн 28:17, 19). Йегови Ӕвдесӕнтӕ уотӕ хонунцӕ, ӕгас дуйнебӕл дӕр син алли рауӕнти ци филиалтӕ ес ӕма игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд кӕцӕй дӕттунцӕ, уони. Разамонӕг совет ӕй Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайади Нью-Йоркки (АЕШ), ӕма ӕ гъос даруй алли бӕстити ци филиалтӕ ес, уонӕми ци куст цӕуй, уомӕ. Еци филиалти ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ сӕхе хонунцӕ Вефили бийнонтӕ. Етӕ еу бийнонти хузӕн еумӕ лимӕнӕй цӕрунцӕ, косгӕ дӕр ӕма хуӕргӕ дӕр еумӕ кӕнунцӕ, удта Библи дӕр еумӕ фӕййахур кӕнунцӕ (Псалом 133:1).
Вефил ӕй, еумӕ уодуӕлдаййӕй кӕми лӕггадӕ кӕнунцӕ, уӕхӕн дессаги бунат. Вефилти лӕггадӕ кӕнунцӕ, Хуцауи фӕндон ӕ царди фиццаг бунати ка ӕвӕруй ӕма ӕ рӕстӕг еугурӕйдӕр Хуцауи Паддзахади гъуддагӕн ка дӕттуй, уӕхӕн киристӕнттӕ (Матфейи 6:33). Етӕ сӕ кустбӕл ӕхца нӕ есунцӕ. Фал си уӕддӕр алкӕмӕн дӕр ес, кӕми цӕра ӕма ци хуӕра, е, удта син надихарз ӕма ӕндӕр уӕхӕн хабӕртти туххӕй дӕр ӕхца фӕддӕттунцӕ. Вефили алкӕмӕн дӕр баихӕс кӕнунцӕ аллихузи куститӕ. Зӕгъӕн, кадӕртӕ си косунцӕ офиси, ка – къухний кенӕ хуӕрӕндони, ка ба мухур кӕнуй литературӕ, иннетӕ ба ӕфснайунцӕ, хъӕппӕлтӕ ӕхснунцӕ, Вефилтӕмӕ зелунцӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн куститӕ кӕнунцӕ.
Вефил устур ӕнхус ӕй игъосун кӕнуни гъуддагӕн. Вефилтӕ фиццагидӕр уой туххӕй гъӕунцӕ, цӕмӕй хуарз хабар фулдӕр адӕм фегъосонцӕ. Ӕма аци брошюрӕ дӕр уой туххӕй уагъд ӕрцудӕй. Фиццаг бал ӕй Разамонӕг совети унаффӕмӕ гӕсгӕ ниффинстонцӕ. Удта ӕй Интернетӕй рарвистонцӕ, дуйней алли рауӕнти ци тӕлмацгӕнгути къуартӕ ес, уонӕмӕ. Уой фӕсте ӕй еуӕй-еу Вефилти типографити, тагъд ка мухур кӕнуй, уӕхӕн станоктӕбӕл ниммухур кодтонцӕ ӕма цӕттӕ брошюритӕ 110 000 ӕмбурдемӕй фулдӕремӕ рарвистонцӕ. Аци куст райдайӕнӕй кӕронмӕ бакодтонцӕ, Вефилти ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ. Уотемӕй ӕнхус кӕнунцӕ зӕнхӕбӕл тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр гъуддагӕн – хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддагӕн (Марки 13:10).
-
Вефилти ка лӕггадӕ кӕнуй ӕма цӕмӕй цӕрунцӕ?
-
Вефилти ци куст цӕуй, е цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуддаги хӕццӕ баст ӕй?