Ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ кӕнуй амондгун цардмӕ

Аци брошюри дзурд цӕуй, аллихузи бӕстити ка цӕруй, уӕхӕн адӕмӕн сӕ бон куд ӕй амондгун цард кӕнун, се ’ууӕндундзийнадӕ ке федар кӕнунцӕ, уой фӕрци.

Раздзурд

Милиуангай адӕм иссирдтонцӕ бӕлвурд дзуӕппитӕ царди ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл.

1 СӔР

Цума нӕбӕл Хуцау тухсуй?

Абони дуйне идзаг ӕй аллихузи бӕллӕхтӕй. Ду дӕр, ӕвӕдзи, цидӕр зиндзийнӕдтӕ ӕвзарис. Цума нин аци зин уавӕрти ка банхус кӕндзӕй? Еске нӕбӕл тухсуй?

2 СӔР

Ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ ци ӕй?

Абони милиуангай адӕм ӕууӕндунцӕ Хуцаубӕл, фал уӕддӕр ӕнӕгъдау цард кӕнунцӕ. Мадта адӕймаг уотӕ ку фӕдздзоруй, Хуцау ес, зӕгъгӕ, уӕд е алкӕд уобӕл дзорӕг нӕ фӕууй, ӕма ибӕл ӕцӕгӕй ӕууӕндуй.

3 СӔР

Адӕймаги цард ка ӕййевуй, уӕхӕн унаффитӕ

Хуцауи Дзурди ци зундгин унаффитӕ ес, етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ бийнонти царди, маст уорамун, наркотиктӕ ниууадзун, ӕндӕр адӕмихаттӕй ка ӕй, уони нимайун, удта ма ӕндӕр фудгъуддӕгтӕ ниууадзун.

4 СӔР

Хуцау ка ӕй?

Адӕм берӕ аллихузи хуцӕуттӕмӕ ковунцӕ, фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ес ӕрмӕстдӕр еунӕг ӕцӕг Хуцау.

5 СӔР

Хуцауи дессаги менеугутӕн аргъ кӕнтӕ

Библий финст ес Хуцауи дессаги менеугути туххӕй, ӕма ’й уой фӕрци нӕ бон ӕй хуӕздӕр базонун.

6 СӔР

Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?

Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Хуцау зӕнхӕ «дзӕгъӕли... не сфӕлдиста», фал ӕй «скодта... цӕрунмӕ». Цума Хуцаумӕ райдайӕни зӕнхи туххӕй ци фӕндӕ адтӕй, уой ма исӕнхӕст кӕндзӕй?

7 СӔР

Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой туххӕй пахампартӕ ци дзурдтонцӕ

Арфӕдзийнӕдтӕ зӕнхӕбӕл цӕрӕг ӕгас адӕмихӕттитӕн!

8 СӔР

Мессийи ӕрцуд

Библий финст ӕй, Мессийӕ куд цардӕй ӕма куд ахур кодта, е.

9 СӔР

Киристей цардӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

Хуцау ӕй зонуй, цӕхуӕн разамунд нӕ гъӕуй, ӕма нин уомӕ гӕсгӕ тӕккӕ хуӕздӕр Разамонӕги равзурста.

10 СӔР

Ӕууӕндундзийнади знаг исбӕрӕг ӕй

Изӕд Хуцауи нихмӕ рацудӕй.

11 СӔР

Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, уони куд ес базонӕн?

Йесо куд дзурдта, уомӕ гӕсгӕ ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ беретӕмӕ нӕ уодзӕй. Мадта Хуцаубӕл ӕцӕгӕй ка ӕууӕндуй, уони куд ес базонӕн?

13 СӔР

Ӕцӕг ӕууӕндундзийнадӕ кӕнуй ӕносон цардмӕ

Библий ес дессаги зӕрдӕвӕрд ӕма еци зӕрдӕвӕрд дӕумӕ дӕр хауй.