Ка ӕй Йегови Ӕвдесӕнти организаций бундорӕвӕрӕг?
Йегови Ӕвдесӕнти организаци архайун райдӕдта 19 ӕноси кӕрон. Еци рӕстӕг еу минкъий къуар райдӕдта Библи лӕмбунӕг ахур кӕнун. Етӕ цардӕнцӕ Питсбургмӕ хӕстӕг (штат Пенсильвани, Америки Еугонд Штаттӕ). Етӕ, аргъауӕн ке амудта, еци ахурӕдтӕ рабариуонцӕ, Библи ӕцӕгӕй ци дзоруй, уой хӕццӕ. Ци базудтонцӕ, уой райдӕдтонцӕ мухур кӕнун киунугути, газзетти ӕма сӕ журнали. Еци журнал абони хуннуй «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг игъосун кӕнуй Йегови Паддзахадӕ».
Библи лӕмбунӕг ка ӕртаста, уони астӕу адтӕй Чарлз Тейз Расселл дӕр. Кӕд Расселл Библи ахур кӕнуни гъуддаги ӕхемӕ разамунд райста ӕма журнал «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» уадзун райдӕдта, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма нӕуӕг динӕн бундор ӕрӕвардта. Расселлӕн ӕма Библиӕртасгутӕн (еци къуар уӕд уотӕ худтонцӕ) сӕ нисан адтӕй Йесо Киристей ахурӕдтӕ парахат кӕнун ӕма, фиццаг ӕноси киристон ӕмбурд куд архайдта, уотӕ архайун. Йесо киристон дини бундорӕвӕрӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й мах нимайӕн нӕ организаций бундорӕвӕрӕгбӕл (Колоссӕгтӕмӕ 1:18–20).