Йегови Ӕвдесӕнтӕ Йесо Киристебӕл ӕууӕндунцӕ?
Гъо. Йесо Киристе загъта: «Ӕз дӕн над, рӕстдзийнадӕ ӕма цард. Мӕ Фидӕмӕ ӕрмӕстдӕр мӕн бӕлти ес ӕрбацӕуӕн, ӕндӕр некӕбӕлти» (Иоанни 14:6). Мах ӕууӕндӕн, Йесо уӕлӕрвтӕй зӕнхӕмӕ ке ӕрцудӕй ӕма е ’нхӕст цард нивондӕн ке равардта адӕми туххӕй (Матфейи 20:28). Ке рамардӕй ӕма ке райгасӕй, уой фӕрци ӕносмӕ цӕруни нифс ес, ка ибӕл ӕууӕндуй, уонӕн (Иоанни 3:16). Ӕууӕндӕн ма, нур Йесо Киристе уӕларвон Паддзахади Паддзах ке ӕй ӕма тагъд ӕгас зӕнхӕмӕ дӕр фарнӕ ке ӕрхӕсдзӕй (Раргомадӕ 11:15). Фал Йесо ӕхуӕдӕг загъта: «Мӕ Фидӕ мӕнӕй уӕлдӕр ӕй» (Иоанни 14:28). Уомӕ гӕсгӕ Йесомӕ нӕ ковӕн, уомӕн ӕма е Алцигъон Хуцау нӕй.