ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕмӕй мӕ бон куыд у мӕхи бахизын?
Искӕмӕ ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы?
Ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймагӕн йӕ митӕй – стӕй йе ’нӕфсарм ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл ӕвнӕлдтытӕй дӕр – бӕрӕг вӕййы, йӕхи афтӕ кӕимӕ дары, уыимӕ йӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕй фӕнды. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт ӕнцон бамбарӕн нӕ вӕййы, адӕймаг хынджылӕг кӕны, ӕнӕуи дын де ’ргом йӕхимӕ здахы ӕви йӕм ӕнӕгъдау фӕндтӕ ис.
Ацы хабӕрттӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый ӕмбарыс? Уый базоныны тыххӕй дзуапп ратт фарстатӕн тесты, адӕймагмӕ ӕнӕгъдау фӕндтӕ ис ӕви нӕ, уый тыххӕй.
Хъыгагӕн, скъола куы фӕуай, уӕд дӕр сӕмбӕлӕн вӕййы, ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕмыл. Фӕлӕ ахӕм адӕмимӕ хи дарын куыд хъӕуы, уый куы базонай, уӕд дын стӕй куысты ӕнцондӕр уыдзӕн. Дӕхи раст куы дарай, уӕд, чи зоны, ӕнӕгъдау адӕймаг иннӕты дӕр ӕнцад ныууадза.
Ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, уыдонимӕ мӕхи куыд дарон?
Ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй цӕмӕй дӕхи бахизай, уый тыххӕй хъуамӕ зонай, ӕнӕуаг митӕм цы хауы ӕмӕ ахӕм адӕмимӕ дӕхи куыд хъуамӕ дарай. Ӕркӕс ӕртӕ уавӕрмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, алкӕцыйы дӕр дзы дӕ бон цы уаид саразын.
УАВӔР.
«Куысты мын мӕхицӕй бирӕ хистӕртӕй цалдӕр ӕдзух дзырдтой, тынг рӕсугъд кӕй дӕн ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ма абон дӕр уой, 30 азы размӕ куыд уыдысты, афтӕ. Иухатт мӕм дзы иу фӕстейӕ ӕрбацыд ӕмӕ мын мӕ дзыккутӕм басмыста!» (Тавифа, 20 азы).
Тавифӕйӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын: «Мӕхиуыл куы фӕхӕцон ӕмӕ куы ницы сдзурон, уӕд мӕ, чи зоны, ӕнцад ныууадза».
Арӕхдӕр уый раст цӕуылнӕ вӕййы? Иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕмӕн куы ницы дзурай, уӕд ӕнцад не ’рлӕууынц, фӕлӕ ма хатт ноджы фыддӕр фӕвӕййынц.
Дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Ӕнцад дӕ чи нӕ уадзы, уымӕн сабырӕй, фӕлӕ фидарӕй зӕгъ, йӕ митӕ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ кӕй нӕ быхсдзынӕ. «Исчи мӕм дзӕгъӕл ӕвнӕлд куы бакӕны,– зӕгъы 22-аздзыд Тарин,– уӕд ӕм разилын ӕмӕ йын фӕзӕгъын, цӕмӕй йӕ къухтӕ йӕхимӕ дара. Ахӕм ныхас фехъусгӕйӕ адӕймаг арӕх хорзау нал фӕвӕййы». Фӕлӕ йӕ кӕнон куы нӕ уадза, уӕд дӕр йӕ ныхмӕ фидар лӕуу. Библийы фыст ис, ӕмӕ дзырд хӕрзӕгъдаудзинад бахъахъхъӕныныл куы цӕуа, уӕд кӕй хъуамӕ уӕм «фидар, ӕнӕфӕцудгӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
Ӕмӕ дӕм уыцы адӕймаг ӕртхъирӕн куы кӕна, уӕд та? Уӕд-иу йемӕ тох ма кӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уайтагъд уырдыгӕй ацу ӕмӕ хабар радзур, хистӕртӕй кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонӕй искӕмӕн.
УАВӔР.
«Ӕхсӕзӕм къласы куы уыдтӕн, уӕд мӕ къӕлидоры дыууӕ чызджы баурӕдтой. Иу дзы уыд лесбиянка ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йемӕ ӕмбӕлын райдыдтаин. Ӕз нӕ разы кодтон, ӕмӕ мыл алы бон дӕр переменӕты семӕ мӕгуыры бон уыди. Иу хатт мӕ ахӕм схуыст акодтой, ӕмӕ къулыл мӕ тъӕпп фӕцыд!» (Виктория, 18 азы).
Викторияйӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын: «Искӕмӕн ӕй куы радзурон, уӕд ахъуыды кӕндзысты, мӕхи бон кӕй ницы у, ӕмӕ мыл, чи зоны, ӕууӕндгӕ дӕр ма бакӕной».
Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у? Хабар куы никӕмӕн радзурай, уӕд дӕ иу ран чи нӕ уадзы, уыцы адӕймаг дарддӕр йӕ кӕнон кӕндзӕн ӕмӕ ма иннӕты дӕр ӕнцад нӕ уадздзӕн (Екклесиаст 8:11).
Дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Ӕххуыс бацагур. Ныййарджытӕн ӕмӕ дын ахуыргӕнджытӕн сӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй дӕ фервӕзын кӕной, ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, уымӕй. Фӕлӕ йӕ кӕмӕн радзурай, уый дыл куы нӕ баууӕнда, уӕд та? Уӕд та-иу афтӕ бакӕн: ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, уый-иу дӕм куы бацӕуа, уӕд-иу алцыдӕр лыстӕггай ныффысс – кӕд уыди, цафон, кӕм ӕмӕ дын цы дзырдта. Цы ныффыссай, уымӕй-иу къопи скӕн ӕмӕ-иу ӕй ратт дӕ ныййарджытӕн кӕнӕ ахуыргӕнӕгӕн. Бирӕтӕ фыстӕй цы фенынц, уый сӕ тынгдӕр бауырны, ӕнӕуи сын цы радзурынц, уымӕй.
УАВӔР.
«Уыцы лӕппуйӕ ахӕм тарст кодтон, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уыди регбист, иу-дыууӕ метры бӕрзӕндӕн, йӕ уӕз та уыд 135 килограммы бӕрц! Хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр йӕмӕ ӕмуат ӕрцыдаин, ӕндӕр ӕй ницыуал ӕндӕвта. Ӕнӕхъӕн аз дзы мӕ хъуырмӕ уыдтӕн. Иухатт къласы дыууӕйӕ аззадыстӕм, ӕмӕ дын мӕм куы ӕрбацӕйцӕуид. Уый куы ауыдтон, уӕд фӕгӕпп кодтон ӕмӕ дуары ӕддейӕ фӕдӕн» (Джульеттӕ, 18 азы).
Джульеттӕйӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын: «Лӕппутӕ иууылдӕр иухуызон сты».
Арӕхдӕр уый раст цӕуылнӕ вӕййы? Дӕу ӕнцад чи нӕ уадзы, уый никуы аивдзӕн, йӕхи куыд дары, уый ӕвзӕрыл куы ничи нымайа, уӕд.
Дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Кӕд-иу дӕ фӕнда хъуыддаг хынджылӕгмӕ аздахын кӕнӕ бахудын, зӕгъгӕ мӕ кӕд афтӕмӕй иу ран ныууадзид, уӕддӕр-иу афтӕ ма бакӕн. Уый бӕсты алцӕмӕй дӕр – суанг дӕ цӕстӕнгасӕй дӕр – бӕрӕг уӕд, раст дӕм цы кӕсы ӕмӕ цы нӕ кӕсы, уый.
Мӕ бон цы у саразын?
1 ХАБАР.
«Адӕмимӕ фӕлмӕнӕй дзурын уарзын. Ӕмӕ-иу мӕм исчи уӕлдай ныхӕстӕ куы кодта, уӕд загътон, афтӕ ма кӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ хъӕддыхӕй нӕ, стӕй-иу арӕх мӕ мидбылты дӕр бахудтӕн. Уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ касти, сӕхи мемӕ куыд дарынц, уый мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы» (Тавифӕ).
Тавифӕйы бынаты ды та уыцы нӕлгоймӕгтимӕ дӕхи куыд дардтаис? Цӕмӕн?
Иу ран дӕ чи нӕ уадзы, уый цӕмӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ, йӕхи демӕ куыд дары, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы?
2 ХАБАР.
«Алцыдӕр райдыдта, физкультурӕйы урокты мӕм лӕппутӕ ӕнӕуаг дзырдӕппарӕнтӕ кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Цалдӕр къуырийы сӕм ницы дзырдтон, фӕлӕ фыддӕр цы фесты, ӕндӕр ницы. Стӕй та райдыдтой мӕ фарсмӕ бадын ӕмӕ мын хъӕбыстӕ кӕнын. Бӕргӕ-иу сӕ атъӕпп кодтон, фӕлӕ уӕддӕр ницы. Фӕстагмӕ та мӕм дзы иу ахӕм ныхӕстӕ ныффыста, ӕмӕ мӕ кӕуын мӕ хъуыры ныббадт. Ӕз дӕр уыцы гӕххӕтт ахуыргӕнӕгмӕ радтон ӕмӕ уыцы лӕппуйы скъолайӕ атардтой. Уӕд ӕй бамбӕрстон, раздӕр мӕ кӕй хъуыди ахуыргӕнӕгмӕ бацӕуын» (Сабинӕ).
Дӕумӕ гӕсгӕ, Сабинӕ ахуыргӕнӕгмӕ раздӕр цӕуылнӕ бацыд? Кӕй йӕм бацыд, уый раст уыд? Цӕмӕн?
3 ХАБАР.
«Ме ’фсымӕр Грег душы куы уыд, уӕд ӕм лӕппутӕй иу тынг хӕстӕг бацыд ӕмӕ йын загъта: „Апъа мын кӕн“. Грег нӕ разы кодта, фӕлӕ йӕ уый уӕддӕр нӕ уагъта. Грегӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ йӕ йӕхицӕй атъӕпп кодта» (Сюзаннӕ).
Куыд дӕм кӕсы, Грегмӕ чи бацыд, уымӕ ӕнӕгъдау фӕндтӕ уыд? Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
Лӕппумӕ ӕндӕр лӕппу ӕнӕгъдау фӕндтимӕ куы бацӕуы, уӕд уый хатт иннӕтӕн цӕуылнӕ радзуры?
Куыд дӕм кӕсы, Грег раст бакодта? Ды йӕ бынаты куыд бакодтаис?
Фылдӕр базон. Кӕс чиныг «Ответы на твои вопросы», 1 том, 32 сӕр «Как защитить себя от сексуального насилия?».