Библийы нымӕцтӕ цӕмӕ амонынц? Нумерологи, ома нымӕцтӕм гӕсгӕ дӕсны фӕрсын, Библимӕ гӕсгӕ раст у?
Дзуапп Библийӕ
Нымӕцтӕ Библийы арӕх комкоммӕ ӕмбарын фӕхъӕуы, фӕлӕ иуӕй-иу хатт цӕмӕдӕрты фӕамонынц. Ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы контекстӕй. Ӕркӕсӕм, Библийы иуӕй-иу нымӕцтӕ цӕмӕ амонынц, уымӕ:
1 Иудзинад. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй Хуыцаумӕ куывта: «Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ» (Иоанны 17:21; «Ног Фӕдзӕхст», 2004, Матфейы 19:6).
2 Тӕрхондоны дыууӕ ӕвдисӕны ныхӕстӕй сбӕлвырд вӕййы, хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый (Дыккаг закъон 17:6). Раст афтӕ, адӕймаг-иу цавӕрдӕр цӕстылуайӕн дыууӕ хатты куы федта кӕнӕ та-иу цавӕрдӕр ныхӕстӕ дыууӕ хатты загъд куы ’рцыдысты, уӕд-иу уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у. Зӕгъӕм, Египеты паддзах цы фын федта, уый йын Иосиф куы ’мбарын кодта, уӕд загъта: «Фараон фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый... ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау уыцы хъуыддаг фидарӕй аскъуыддзаг кодта» (Райдиан 41:32). Библийы пехуымпарӕдты «дыууӕ сыкъайы» фӕамонынц дыууӕ паддзахады хицаудзинадмӕ. Зӕгъӕм, пехуымпар Данел цӕстылуайӕны дыууӕ сыкъаимӕ цы фыры федта, уый зӕды ныхӕстӕм гӕсгӕ амыдта Мидо-Персы паддзахадмӕ (Данел 8:20, 21; Раргомад 13:11).
3 Ӕртӕ ӕвдисӕны ныхӕстӕй хабар куыд сбӕлвырд вӕййы, афтӕ ӕртӕ хатты цыдӕр загъд куы вӕййы, уӕд уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уымӕ фӕамоны, ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн кӕнӕ та хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у (Йезекил 21:27; Хъуыддӕгтӕ 10:9–16; Раргомад 4:8; 8:13).
4 Ацы нымӕц фӕамоны, йӕ нысан кӕронмӕ кӕмӕн сӕххӕст вӕййы, ахӕм цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, «зӕххы цыппар дымгӕйы» амонынц, бӕллӕхтӕ чи расайдзӕн, ахӕм тыхтӕм – уыдон цӕуынц зӕххы алы кӕрӕттӕй ӕмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмбӕрзынц (Раргомад 7:1; 21:16; Исай 11:12).
6 Нымӕц ӕхсӕз авдӕй къаддӕр кӕй у (нымӕц авд та амоны ӕххӕстдзинадмӕ), уымӕ гӕсгӕ фӕамоны, ӕнӕхъӕн кӕнӕ ӕххӕст цы нӕу, уымӕ йе та, Хуыцауы знӕгтимӕ баст цы у, ахӕм цӕмӕдӕр (1 Азфыстыты 20:6; Данел 3:1; Раргомад 13:18).
7 Ацы нымӕц арӕх фӕамоны ӕххӕстдзинадмӕ кӕнӕ кӕронмӕ цы сӕххӕст, ахӕм цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, Хуыцау израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу авд боны дӕргъы горӕт Иерихоны алыварс ӕрзылдаиккой, ӕмӕ ӕвдӕм бон та афтӕ хъуамӕ бакодтаиккой авд хатты (Йесо Навин 6:15). Нымӕц авд ӕххӕстдзинадмӕ кӕй амоны, уымӕн Библийы ис бирӕ ӕндӕр цӕвиттонтӕ дӕр (Левит 4:6; 25:8; 26:18; Псалом 119:164; Раргомад 1:20; 13:1; 17:10). Йесо Чырысти апостол Петрӕн афтӕ кӕй загъта, «авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты» хъуамӕ ныххатыр кӕнай де ’фсымӕрӕн, зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, нымӕц авд уымӕ кӕй амоны, ӕмӕ цӕмӕндӕр кӕрон нӕй (Матфейы 18:21, 22).
10 Ацы нымӕц фӕамоны цӕмӕдӕр ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ цӕмӕдӕрты ӕмткӕй райсгӕйӕ (Рацыд 34:28; Лукайы 19:13; Раргомад 2:10).
12 Ацы нымӕц, ӕвӕццӕгӕн, амоны, Хуыцау цӕмӕндӕр цы уаг ӕмӕ ӕгъдау сӕвӕрдта, уымӕ ӕнӕхъӕнӕй. Зӕгъӕм, апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта уӕларвон горӕт, йӕ бындуры уыди «дыууадӕс дуры, уыдоныл та фыст уыд... дыууадӕс апостолы дыууадӕс номы» (Раргомад 21:14; Райдиан 49:28). Нымӕц дыууадӕсыл адих кӕнӕн кӕй ис (ӕнӕхъӕн нымӕц дзы куыд рауайа, афтӕ), уыцы нымӕцтӕ дӕр ахӕм цӕмӕдӕр фӕамонынц (Раргомад 4:4; 7:4–8).
40 Ацы нымӕцимӕ баст уыдысты Хуыцауы тӕрхӕттӕй иуӕй-иутӕ, стӕй-иу, искӕй куы бафхӕрдта, уыцы рӕстӕг-иу цас хъуамӕ ахастаид, уый дӕр (Райдиан 7:4; Йезекил 29:11, 12).
Нумерологи ӕмӕ гематри
Библийы ацы нымӕцтӕ цӕмӕдӕр кӕй амонынц, уымӕн нумерологиимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Нумерологи у, нымӕцтӕм гӕсгӕ дӕсны куы фӕфӕрсынц, уый. Зӕгъӕм, дзуттаг каббалисттӕ Дзуттаг Фыстытӕ куы иртӕстой, уӕд пайда кодтой гематрийӕ. Уыцы мадзалы фӕрцы-иу дамгъӕтӕ нымӕцтимӕ сбастой ӕмӕ-иу дзы афтӕмӕй цыдӕр шифртӕ агуырдтой. Уӕдӕ нумерологи у дӕсны фӕрсыны мадзӕлттӕй иу, ӕмӕ Хуыцау уый ныхмӕ у (Дыккаг закъон 18:10–12).