Кӕд ӕрцыдысты фыст Йесо Чырыстийы царды хабӕрттӕ?
Дзуапп Библийӕ
Апостол Иоанн йӕ Евангелийы тыххӕй афтӕ ныффыста: «Уыцы хабӕрттӕ чи федта, уый лӕууы ӕвдисӕн, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сты раст, ӕмӕ уыцы адӕймаг зоны, ӕцӕг цы у, уый кӕй дзуры, цӕмӕй сымах дӕр баууӕндат» (Иоанны 19:35).
Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанны Евангелитыл ӕууӕндӕн уымӕн ис, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты, йӕхи цӕстӕй сӕ чи федта, уыдон нырма ӕгас куы уыдысты, уӕд. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Матфейы Евангели фыст ӕрцыд, Чырыстийы мӕлӕтӕй аст азы йеддӕмӕ куы нӕма рацыд, уӕд, ома н. э. 41 азмӕ ’ввахс. Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ зӕгъынц, фӕстӕдӕр кӕй ӕрцыд фыст, фӕлӕ се ’ппӕт дӕр разы сты, Чырыстон Грекъаг Фыстыты чингуытӕ иууылдӕр фыст кӕй ӕрцыдысты нӕ эрӕйы 1-аг ӕнусы.
Евангелиты ӕцӕг хабӕрттӕ куы нӕ уыдаид фыст, уӕд, Йесо зӕххыл куыд лӕггад кодта, куыд амард ӕмӕ куыд райгас, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон ӕнӕмӕнг загътаиккой, ам рӕстытӕ фыст нӕй, зӕгъгӕ. Профессор Фредерик Брус ныффыста: «Фыццаг ӕнусы апостолты ныхӕстӕн ахӕм стыр уӕз уый тыххӕй уыди, ӕмӕ сӕ ныхас арӕзтой, адӕм цы зыдтой, ууыл. Адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ-иу ӕрмӕст афтӕ нӕ дзырдтой, уыдӕттӕ мах нӕхи цӕстӕй федтам, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма-иу сын дзырдтой: „Афтӕ кӕй у, уый уӕхӕдӕг дӕр зонут“ (Хъуыддӕгтӕ 2:22)».