Хуыцау Троицӕ у?
Дзуапп Библийӕ
Бирӕ чырыстон динтӕ амонынц, Хуыцау Троицӕ кӕй у. Фӕлӕ иу энциклопедийы фыст ис: «Ног Фӕдзӕхсты нӕдӕр дзырд „Троицӕ“ ӕмбӕлы, нӕдӕр дзы уыцы ахуырадӕн йӕ кой ис... Ацы ахуырад фӕзынд гыццылгай, цалдӕр ӕнусы дӕргъы, ӕмӕ бирӕ быцӕуты фӕстӕ» (Encyclopædia Britannica).
Ӕцӕгдӕр, Хуыцау Троицӕ кӕй у, уымӕн Библийы йӕ кой дӕр нӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар Библийӕ мӕнӕ ацы стихтӕм:
«Нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Йегъовӕ» (Дыккаг закъон 6:4).
«Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18).
«Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).
«Хуыцау иу у» (Ромӕгтӕм 3:30).
Уӕдӕ чырыстон динтӕн сӕ фылдӕр афтӕ цӕмӕн дзурынц, ӕмӕ Хуыцау Троицӕ у?