Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис?
Дзуапп Библийӕ
Хуыцауы цӕрӕнбынат ис уӕлӕрвты. Дӕ хъус-ма ӕрдар Библийӕ ацы стихтӕм:
Хуыцаумӕ кувгӕйӕ паддзах Соломон загъта: «Уӕд-иу ӕй фехъус уӕлӕрвтӕй, дӕ цӕрӕнбынатӕй» (1 Паддзӕхты 8:43).
Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, цӕмӕй куывтаиккой сӕ «уӕларвон Фыдмӕ» (Матфейы 6:9).
Чырысти куы райгас, уӕд бацыд «комкоммӕ уӕларвмӕ, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй... ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (Дзуттӕгтӕм 9:24).
Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ алы ран кӕй нӕй цӕры, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уӕлӕрвты.