Чырыстӕтты сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын хъӕуы?
Дзуапп Библийӕ
Чырыстӕтты нӕ хъӕуы алы къуыри дӕр сабат бӕрӕг кӕнын. Уыдон сты «Чырыстийы закъоны» дӕлбар, ӕмӕ уыцы закъонмӕ гӕсгӕ та сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы (Галатӕгтӕм 6:2; Колоссӕгтӕм 2:16, 17). Цӕмӕн ис уый фидарӕй зӕгъӕн? Фыццаг уал ӕркӕсӕм, сабатбон куыд фӕзынд, уымӕ.
Цы у сабатбон?
Дзырд «сабат» цы дзуттаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «фӕллад уадзын, улӕфын, ӕрлӕууын». Ацы дзырд Библийы фыццаг хатт ӕмбӕлы, раджы заманты Хуыцау Израилы адӕмӕн цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдоны (Рацыд 16:23). Зӕгъӕм, Дӕс фӕдзӕхстӕй цыппӕрӕм у ахӕм: «Сабат Хуыцауы бон кӕй у, уый ма рох кӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕз боны кус ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕн. Ӕвдӕм бон та у сабат дӕ Хуыцау Йегъовӕйы кадӕн. Уыцы бон мацы кус» (Рацыд 20:8–10). Сабатбон-иу уыди майрӕмбоны хурныгуылдӕй сабаты хурныгуылды онг. Иу хурныгуылдӕй иннӕ хурныгуылдмӕ-иу израилӕгтӕ, кӕм цардысты, уырдыгӕй макуыдӕм хъуамӕ рацыдаиккой, хъуамӕ-иу арт ма скодтаиккой, сугтӕ ма ӕмбырд кодтаиккой ӕмӕ хӕссинӕгтӕ дӕр ма хастаиккой (Рацыд 16:29; 35:3; Нымӕцтӕ 15:32–36; Йереми 17:21). Сабатбоны закъон фехалын нымад уыди стыр тӕригъӕдыл (Рацыд 31:15).
Дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ ма сабат хуыдтой ӕндӕр бонтӕ дӕр, стӕй алы 7-ӕм аз ӕмӕ алы 50-ӕм аз дӕр. Сабаты азты-иу зӕхх ӕнӕкуыстӕй ныууагътой ӕмӕ-иу израилӕгты ссӕрибар кодтой, цы хӕс-иу дардтой, уымӕй (Левит 16:29–31; 23:6, 7, 32; 25:4, 11–14; Дыккаг закъон 15:1–3).
Сабатбоны закъон чырыстӕттӕм цӕуылнӕ хауы?
Сабатбоны закъон хауди, Моисейы уылты чи ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы Закъоны иннӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуыди ӕххӕст кӕнын, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕммӕ (Дыккаг закъон 5:2, 3; Йезекил 20:10–12). Хуыцау иннӕ адӕмӕй никуы домдта, цӕмӕй сабатбоны закъон ӕххӕст кодтаиккой. Уымӕй уӕлдай, Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы дзуттӕгтӕ дӕр ссӕрибар сты Моисейы закъонӕй ӕмӕ сӕм «ницыуал бар дары» (Ромӕгтӕм 7:6, 7; 10:4; Галатӕгтӕм 3:24, 25; Ефесӕгтӕм 2:15). Уӕдӕ чырыстӕттӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрынц, фӕлӕ, уымӕй бирӕ хуыздӕр чи у, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ – уарзондзинады закъонмӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 13:9, 10; Дзуттӕгтӕм 8:13).
Рӕдыд хъуыдытӕ сабатбоны тыххӕй
Рӕдыд хъуыды. Хуыцау сабатбон сфидар кодта, ӕвдӕм бон улӕфын куы райдыдта, уӕд.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библийы фыст ис: «Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы бон улӕфын райдыдта йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй. Хуыцау сфӕлдыста, цы сфӕнд кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр» (Райдиан 2:3). Ацы стихы адӕмӕн лӕвӕрд закъоны кой нӕ цӕуы, фӕлӕ, Хуыцау ӕвдӕм сфӕлдыстадон бон цы сарӕзта, уый кой. Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Моисейы замантӕй раздӕр чидӕр сабатбоны закъон ӕххӕст кодта.
Рӕдыд хъуыды. Израилӕгтӕ сабат ӕххӕст кодтой, Моисейы закъон лӕвӕрд куы ’рцыд, уый размӕ дӕр.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Моисей израилӕгтӕн загъта: «Нӕ Хуыцау Йегъовӕ немӕ Хоривы скодта бадзырд», Хорив уыди Синайы хохы алыварс бӕстӕ. Йегъовӕ израилӕгтимӕ уыцы бадзырд куы скодта, уӕд сын радта сабатбоны закъон дӕр (Дыккаг закъон 5:2, 12). Хуыцау израилӕгтӕн сабатбоны фӕдыл цы амындтӕ радта, уыдонӕй бӕрӕг у, уыцы хабар сын ног цыдӕр кӕй уыди. Кӕд сабатбоны закъон уый размӕ дӕр, Египеты ма куы уыдысты, уӕд дӕр, ӕххӕст кодтой, уӕд ма сын Хуыцау афтӕ куыд загътаид, зӕгъгӕ уын сататбоны закъон уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, Египетӕй уӕ кӕй ссӕрибар кодтон, уый (Дыккаг закъон 5:15). Кӕнӕ сын афтӕ цӕмӕн загъта, ӕмӕ къуырийы ӕвдӕм бон маннӕ хъуамӕ ма ӕмбырд кодтаиккой? (Рацыд 16:25–30). Науӕд цӕуылнӕ зыдтой, сабатбоны закъоны сӕрты фыццаг хатт чи ахызти, уыцы адӕймагӕн цы бакӕнын хъуыд, уый? (Нымӕцтӕ 15:32–36).
Рӕдыд хъуыды. Сабатбоны закъон у ӕнусон бадзырд ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ абон дӕр хъӕуы ӕххӕст кӕнын.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕ йӕ афтӕ амонынц, ӕмӕ, дам, сабатбоны закъон у «ӕнусон бадзырд» (Рацыд 31:16, «Синодалон тӕлмац», уырыс.). Фӕлӕ «ӕнусон»-ӕй цы дзуттаг дзырд раивтой, уый ма нысан кӕны, ӕнӕмӕнг ӕнустӕм нӕ, фӕлӕ «бирӕ чи ахӕссы, ахӕм рӕстӕг» дӕр. Зӕгъӕм, Библийы уыцы дзуттаг дзырд ӕмбӕлы, Израилы сауджынты лӕггады кой кӕм цӕуы, уым, ӕмӕ иронау у «мыггагмӕ». Афтӕмӕй та Хуыцау сауджынты лӕггадӕн кӕрон скодта иу-2 000 азы размӕ (Рацыд 40:15; Дзуттӕгтӕм 7:11, 12).
Рӕдыд хъуыды. Чырыстӕтты хъӕуы сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти ӕххӕст кодта.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Чырысти сабатбоны закъон уымӕн ӕххӕст кодта, ӕмӕ уый дзуттаг уыди, ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хӕсджын уыди Моисейы закъонмӕ хъусын (Галатӕгтӕм 4:4). Фӕлӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ Закъоны бадзырдӕн – ӕмӕ сабатбоны закъонӕн дӕр – кӕрон ӕрцыд (Колоссӕгтӕм 2:13, 14).
Рӕдыд хъуыды. Павел чырыстон куы сси, уый фӕстӕ дӕр ӕххӕст кодта сабатбоны закъон.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Павел сабатбон ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд, фӕлӕ уым дзуттӕгтимӕ, цы ӕгъдӕуттӕ кодтой, уыдон нӕ райдыдта кӕнын (Хъуыддӕгтӕ 13:14; 17:1–3; 18:4). Фӕлӕ, уӕды заман куыд кодтой, афтӕ ӕмбырдгӕнӕнты хорз хабар хъусын кодта, уымӕн ӕмӕ-иу ӕндӕр искуыцӕй ӕрцӕуӕг адӕймагӕн загътой, цӕмӕй, Хуыцауӕн кувынмӕ чи ӕрӕмбырд, уыдоны раз ныхасы рацыдаид (Хъуыддӕгтӕ 13:15, 32). Стӕй Павел ӕрмӕст сабаты нӕ хъусын кодта, фӕлӕ «алы бон дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:17).
Рӕдыд хъуыды. Чырыстӕттӕ сабатбон кӕнынц хуыцаубоны.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Дзуттӕгтӕм хуыцаубон уыди къуырийы фыццаг бон, ӕмӕ Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст, ӕмӕ чырыстӕттӕ хуыцаубоны хъуамӕ улӕфгӕ кӕной ӕмӕ Хуыцауӕн кувой. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн хуыцаубон иннӕ бонтӕй ницӕмӕй хицӕн кодта – уыди сын кусгӕ бон. Иу энциколопедийы фыст ис: «321 [азы] имп[ератор] Константин Ромы паддзахады хуыцаубон скодта улӕфты бон. [...] Уырнджытӕ уыцы бон (иннӕ ахсджиаг бӕрӕгбонты куыд фӕкӕнынц, афтӕ) хъуамӕ аргъуаны Хуыцауӕн кувой ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ хабӕрттӕ ма кӕной» (Католическая энциклопедия. М., 2002. Т. 1. С. 1598) a.
Библийӕ цавӕр скъуыддзӕгтӕ кӕсгӕйӕ фӕкӕсы адӕймагмӕ афтӕ, ӕмӕ хуыцаубон иннӕ бонты хуызӕн нӕу? Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Павел «къуырийы фыццаг бон», ома хуыцаубоны, иннӕ уырнджытимӕ къӕбӕр хордта. Фӕлӕ ӕндӕр дӕр куыд хъуамӕ уыдаид, кӕд ӕмӕ дыккаг бон уырдыгӕй цӕугӕ кодта (Хъуыддӕгтӕ 20:7). Стӕй, иуӕй-иу ӕмбырдтӕн ахӕм разамынд лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй-иу «къуырийӕн йӕ фыццаг бон», ома хуыцаубоны, се ’хцайӕ рахицӕн кодтаиккой иннӕ уырнджытӕн баххуыс кӕнынӕн. Фӕлӕ ахӕм уынаффӕ уый тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд, ӕмӕ сын афтӕ ӕнцондӕр уыдаид се ’хца пълан кӕнын. Стӕй-иу сӕ мысайнӕгтӕ хъуамӕ хицӕнӕй сӕвӕрдтаиккой хӕдзары, ӕмбырд кӕм уагътой, уырдӕм-иу сӕ хъуамӕ ма ӕрбахастаиккой (1 Коринфӕгтӕм 16:1, 2).
Рӕдыд хъуыды. Адӕймаг алы къуыри дӕр улӕфынӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувынӕн иу бон рахицӕн кӕна, уый раст нӕу.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библи алы чырыстонӕн дӕр уый бар дӕтты, цӕмӕй уыцы хабар йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна (Ромӕгтӕм 14:5).
a Ноджыдӕр кӕс «Православная энциклопедия», издание 2005 года, том 9, страница 448, 449.