Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Yan Zabolotnyi/stock.adobe.com

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Ӕнӕхъӕн дунейы фыддзинад сарӕх. Библийы цы фыст ис?

Ӕнӕхъӕн дунейы фыддзинад сарӕх. Библийы цы фыст ис?

 Гаитийы бандӕты фыдхъуыддӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Мексикӕйы, стӕй Латинаг Америкӕйы иннӕ бӕстӕты адӕм хъизӕмар кӕнынц фыдракӕндты тыххӕй. Фыдракӕндтӕ кӕм фӕкъаддӕр сты, уыцы бӕстӕты уӕддӕр адӕм сӕхи ӕдас нӕ хатынц ӕмӕ мӕт кӕнынц, уымӕн ӕмӕ арӕх фехъусынц, давджытӕ кӕмӕйдӕр цыдӕртӕ кӕй адавтой, кӕйдӕр исбон кӕй ныппырх кодтой кӕнӕ басыгътой.

 Ӕгас дунейы дӕр фыдракӕндтӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Библийы фыст ӕрцыд, фыдракӕндтӕ кӕй цӕудзӕн

 Библийы раджы ӕрцыд фыст, фыдракӕндтӕ кӕй цӕудзӕн ӕмӕ уымӕй дӕр кӕй уыдзӕн бӕрӕг, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ» (Матфейы 24:3). Йесо Чырысти куы ранымадта, кӕроны рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уӕд загъта:

  •   «Фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:12).

 Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» адӕм «хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Адӕм ахӕм кӕй сты, уыйбӕрц фыдракӕндтӕ дӕр уый тыххӕй ис.

 Фӕлӕ нӕ уӕддӕр ныфс ис. Библи зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.

  •   «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

 Фылдӕр базон, Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй. Стӕй ма базон, афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ абон цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг кӕй сты, ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц.

 «Реальная надежда на лучшее завтра»

 «„Фӕстаг бонты“ кӕнӕ „кӕроны рӕстӕджы“ кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?»

 «Предсказала ли Библия, какими будут люди в наше время?»