Исай 20:1—6

20  Ассирийы паддзах Саргон тартаны*+ Азотмӕ+ куы арвыста+ ӕмӕ уый Азотмӕ куы ’рцыд, йемӕ куы схӕцыд ӕмӕ йӕ куы бацахста, уыцы аз+  Йегъовӕ Амосы фырт Исайы+ уылты загъта: «Ацу+, дӕ астӕуӕй дӕ хъисын ралас+, дӕ къӕхтӕй – дӕ дзабыртӕ»+. Ӕмӕ уый дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ бӕгънӕгӕй* ӕмӕ бӕгъӕввадӕй рацу-бацу кодта+.  Уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Исай ӕртӕ азы бӕгънӕгӕй ӕмӕ бӕгъӕввадӕй кӕй рацу-бацу кодта, уый у нысан+ ӕмӕ ӕвдисы, Египет+ ӕмӕ Ефиопийыл цы ’рцӕудзӕн+, уый.  Афтӕ Ассирийы паддзах акӕндзӕн уацайраг египетӕгты+ ӕмӕ уацайраг ефиопӕгты, лӕппуты ӕмӕ зӕронд лӕгты. Уыдзысты бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввад, се ’рбадӕнтӕ уыдзысты гом – афтӕмӕй разындзӕн Египеты бӕгънӕгдзинад+.  Ӕмӕ сӕ бацӕудзӕн тас ӕмӕ ныххудинаг уыдзысты, сӕ ныфс кӕуыл дардтой+, уыцы Ефиопийы тыххӕй ӕмӕ сӕ дисы кӕй рӕсугъддзинад ӕфтыдта+, уыцы Египеты тыххӕй.  Уыцы ран донбылгӕрӕтты чи цӕры, уыдон уыцы бон зӕгъдзысты: „Мӕнӕ кӕуыл дардтам нӕ ныфс ӕмӕ ӕххуысмӕ кӕмӕ лыгъдыстӕм, цӕмӕй Ассирийы паддзахӕй фервӕзтаиккам!+ Ныр куыд хъуамӕ фервӕзӕм?“»

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕфсады сӕргълӕууӕджы».
Кӕнӕ «афтид мидӕггӕгты».