Исай 37:1—38

37  Паддзах Езеки уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта, йӕ уӕлӕ хъисын скодта+ ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд+.  Стӕй ма Езеки йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Елиакимы+, писыр Севнӕйы+ ӕмӕ хистӕр сауджынты+, сӕ уӕлӕ хъисынтӕ, афтӕмӕй, арвыста пехуымпар+ Исаймӕ+, Амосы фыртмӕ.  Уыдон ын загътой: «Езеки афтӕ зӕгъы: „Ацы бон у бӕллӕхы бон+, ӕфхӕрды ӕмӕ ӕгаддзинады бон+. Мах стӕм, йӕ арыны афон кӕмӕн ӕрхӕццӕ, фӕлӕ йӕ бон ныййарын кӕмӕн нӕу, ахӕм сылгоймаджы хуызӕн+.  Чи зоны, дӕ Хуыцау Йегъовӕ фехъуса рабсакы ныхӕстӕ+,– йӕ хицау, Ассирийы паддзах, удӕгас Хуыцауӕй хынджылӕг кӕнынмӕ+ кӕй рарвыста, уый ныхӕстӕ,– ӕмӕ дзы дзуапп ӕрдома, дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй фехъуыста+, уыцы ныхӕсты тыххӕй. Ӕмӕ скув+, адӕмӕй ма чи баззад, уыдоны тыххӕй“»+.  Паддзах Езекийы лӕггадгӕнджытӕ Исаймӕ куы ’рбацыдысты+,  уӕд сын Исай загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут: „Йегъовӕ афтӕ зӕгъы+: „Ма тӕрс+, кӕй фехъуыстай, уыцы ныхӕстӕй, Ассирийы паддзахы лӕггадгӕнджытӕ+ мӕ цы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодтой, уыдонӕй.  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ уый цавӕрдӕр хабар+ фехъусдзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ йӕхи бӕстӕйы хъамайӕ йӕ мӕлӕт ссардзӕн“»+.  Рабсак+ фехъуыста, Ассирийы паддзах Лахисӕй йе ’фсӕдтӕ кӕй акодта+, ӕмӕ йӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ федта, Ливнӕимӕ кӕй хӕцы+.  Ассирийы паддзах куы фехъуыста, Ефиопийы паддзах Тиргакӕ+ йӕ ныхмӕ кӕй рацыд, уӕд уайтагъд Езекимӕ йӕ адӕмы арвыста+ ахӕм ныхӕстимӕ: 10  «Иудӕйы паддзах Езекийӕн афтӕ зӕгъут: „Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дарыс, уыцы Хуыцау дӕ ахӕм ныхӕстӕй ма сайӕд+, зӕгъгӕ, Иерусалим Ассирийы паддзахы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн+. 11  Нӕ фехъуыстай, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн дӕр цы бакодтой, сӕфты хай сӕ куыд бакодтой, уый?+ Ӕмӕ уӕд ды аирвӕздзынӕ?+ 12  Мӕ фыдӕлтӕ цы адӕмты ныццагътой, уыдоны сӕ хуыцӕуттӕ+ фервӕзын кодтой?+ Мыййаг, Гозан+, Харран+, Рецеф ӕмӕ Едемы+ фырттӕ, Фалассары чи цард, уыдон, фервӕзтысты? 13  Кӕм ис Хаматы+ паддзах, Арпады+ паддзах, горӕт Сепарваимы+ паддзах, науӕд Енӕйы паддзах ӕмӕ Иввӕйы паддзах?“»+ 14  Езеки ӕрвыст адӕмы къухтӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакаст+. Уый фӕстӕ Езеки бацыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ, Йегъовӕйы раз ӕй райхӕлдта+ 15  ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+: 16  «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау+, херувимтыл чи бады, уыцы Хуыцау! Ды дӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн сӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау+. Ды скодтай арв ӕмӕ зӕхх+. 17  О Йегъовӕ, дӕ хъус ӕрдар ӕмӕ фехъус+. Ӕркӕс+, о Йегъовӕ, ӕмӕ фен. Сеннахирим+ цы ныхӕстӕ рарвыста, цӕмӕй удӕгас Хуыцауӕй хынджылӕг кӕна, уыдон иууылдӕр фехъус+. 18  Уый ӕцӕг у, о Йегъовӕ, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ дӕр ныппырх кодтой, ӕмӕ сӕхи бӕстӕ дӕр афтӕ+. 19  Сӕ хуыцӕутты та сын арты хай бакодтой+, уымӕн ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты+, фӕлӕ уыдысты адӕймаджы къухӕй конд+, хъӕд ӕмӕ дур, ӕмӕ сӕ сафгӕ дӕр уый тыххӕй фӕкодтой+. 20  Ӕмӕ нӕ ныр, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау+, йӕ къухӕй фервӕзын кӕн+, цӕмӕй зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр зоной, ды кӕй дӕ иунӕг Хуыцау, о Йегъовӕ»+. 21  Уӕд Исай, Амосы фырт, Езекимӕ арвыста ахӕм ныхӕстӕ: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ды мӕм куывтай Ассирийы паддзах Сеннахиримы тыххӕй+, 22  ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ Сеннахиримы тыххӕй загъта ахӕм ныхас:„Сионы чызг дӕ ницӕмӕ дары, худы дыл+.Иерусалимы чызг дӕ фӕдыл кӕсы ӕмӕ йӕ сӕр тилы+. 23  Ды кӕмӕй хынджылӕг кӕныс+ ӕмӕ кӕмӕй кӕныс ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ?+Кӕуыл хъӕр кӕныс+Ӕмӕ кӕмӕ кӕсыс хъал цӕстӕй?+Ды афтӕ кӕныс Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕн!+ 24  Дӕ лӕггадгӕнджыты дзыхӕй Йегъовӕйӕ хынджылӕг кӕныс ӕмӕ дзурыс+:„Ӕз мӕ бирӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ+Ссӕудзынӕн бӕрзонд хӕхтӕм+,Бахӕццӕ уыдзынӕн Ливаны тӕккӕ дарддӕр бынӕттӕм+.Акалдзынӕн ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр ӕхсӕлыбӕлӕстӕ+.Ссӕудзынӕн йе ’ппӕты бӕрзонддӕр хохмӕ, йӕ диссаджы хъӕдмӕ+. 25  Къахдзынӕн цъайтӕ ӕмӕ нуаздзынӕн дон,Мӕ къахы бынтӕй бахус кӕндзынӕн Египеты+ зӕххыл Нилы къанӕуттӕ+ иууылдӕр“. 26  Нӕ йӕ фехъуыстай?+ Цы араздзынӕн, уый ӕз раджы заманты аскъуыддзаг кодтон+.Уый раджы сфӕнд кодтон+ ӕмӕ йӕ ныр сӕххӕст кӕндзынӕн+.Ды фидаргонд горӕттӕ ныппырх кӕндзынӕ, хӕлддзӕгты цӕндтӕ фестдзысты+. 27  Сӕ цӕрджытӕн сӕ къухтӕ ӕрлӕмӕгъ уыдзысты+,Сӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты+. Сӕ хабар уыдзӕн, быдырон зайӕгойтӕ, ног цъӕх кӕрдӕг+,Хӕдзӕртты сӕртыл+ ӕмӕ къуылдымтыл чи сзайы, уыцы кӕрдӕг скӕсӕйнаг дымгӕ куыд асудзы, афтӕ+. 28  Ӕз зонын+, ӕнцад куы фӕбадыс, уый, зонын дын дӕ ацыд дӕр+ ӕмӕ де ’рбацыд дӕр.Зонын ма уый дӕр, мӕстӕй мӕм кӕй судзыс+, 29  Уымӕн ӕмӕ йӕ фехъуыстон, мӕстӕй мӕм кӕй судзыс+, стӕй фехъуыстон, бӕстӕ дӕ сӕрыл кӕй систай, уый+.Ӕз дын дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дӕ дзыхы – идоны къӕбӕлтӕ+,Ӕмӕ, цы фӕндагыл ӕрбацыдтӕ, уыцы фӕндагыл дӕ фӕстӕмӕ акӕндзынӕн“+. 30  Ӕмӕ дын мӕнӕ ай уыдзӕн нысан: ацы аз хӕрдзыстут, зӕхмӕ цы хоры гагатӕ+ ӕрхауд, уыдонӕй цы сзайа, уый, иннӕ аз – хӕдӕвзӕрд хор, ӕртыккаг аз та таут ӕмӕ кӕрдут, сӕнӕфсирдӕттӕ садзут ӕмӕ сын хӕрут сӕ дыргъ+. 31  Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй чи аирвӕза, чи ма сӕ баззайа+, уыдон уидӕгтӕ ауадздзысты ӕмӕ дыргъ ӕрхӕсдзысты+. 32  Чи ма баззайа+, уыдон рацӕудзысты Иерусалимӕй, чи аирвӕза, уыдон – Сионы хохӕй+. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. 33  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Ассирийы паддзахы+ тыххӕй: „Уый ацы горӕтмӕ нӕ бацӕудзӕн+, йӕ фат ардӕм нӕ фехсдзӕн, йӕ ныхмӕ уартимӕ не ’рлӕудзӕн ӕмӕ йын йӕ алыварс сыджытӕй обау не скӕндзӕн“+. 34  „Цы фӕндагыл ӕрбацыд, фӕстӕмӕ уыцы фӕндагыл аздӕхдзӕн ӕмӕ ацы горӕтмӕ нӕ бацӕудзӕн,– зӕгъы Йегъовӕ+.– 35  Ӕз ацы горӕт хъахъхъӕндзынӕн+, цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕнон мӕ номы тыххӕй+ ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды тыххӕй“»+. 36  Ӕмӕ Йегъовӕйы зӕд+ рацыд ӕмӕ Ассирийы ӕфсадӕй ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин лӕджы+. Адӕм райсомӕй куы сыстадысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ сӕ алыварс иууылдӕр сты мард+. 37  Уӕд Ассирийы паддзах Сеннахирим+ йе ’фсадимӕ фӕстӕмӕ Ниневимӕ+ аздӕхт+ ӕмӕ уым цард. 38  Иу бон Сеннахирим йӕ хуыцау+ Нисрохы+ кувӕндоны куы куывта, уӕд ӕй йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Шарецер хъамайӕ амардтой+ ӕмӕ Арараты+ зӕхмӕ алыгъдысты. Ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Асардан+.

Фиппаинӕгтӕ