Исай 52:1—15

52  Райхъал у, райхъал у, о Сион, дӕхи сфӕлынд хъаруйы!+ Скӕн дӕ рӕсугъд уӕлӕдарӕс+, о Иерусалим, сыгъдӕг горӕт!+ Сунӕтгонд ӕмӕ сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй дӕм иу дӕр нал бацӕудзӕн+.  Сыст уӕлӕмӕ, дӕ рыгтӕ ӕрцӕгъд+ ӕмӕ кадджын бынаты ӕрбад, о Иерусалим. Дӕ хъуырыл цы рӕхыстӕ ис, уыдон раппар, Сионы уацайраг чызг+.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Сымах лӕвӕрд ӕрцыдыстут лӕвар+ ӕмӕ ӕлхӕд ӕрцӕудзыстут ӕнӕ ӕхцайӕ»+.  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Райдианы мӕ адӕм ацыдысты Египетмӕ ӕмӕ уым ӕрцӕуӕггӕгтӕй цардысты+. Ассири сӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрдта».  «Ӕмӕ ныр куыд кӕнон?» – зӕгъы Йегъовӕ. «Мӕ адӕмы мын лӕвар акодтой+. Сӕ хицӕуттӕ цъӕхахст кодтой+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ мын ӕдзух, алы бон дӕр, мӕ ном хынджылӕггаг кодтой+.  Ӕмӕ мын уыцы бон мӕ адӕм мӕ ном уый тыххӕй базондзысты+ – о, уый тыххӕй,– уымӕн ӕмӕ уый ӕз зӕгъын+. О, ӕз».  Куыд рӕсугъд сты хӕхтыл, хорз хабар чи хӕссы+ ӕмӕ фарны хабар чи хъусын кӕны+, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хӕссы+, уый къӕхтӕ+, ирвӕзындзинады тыххӕй чи хъусын кӕны+ ӕмӕ Сионӕн чи дзуры: «Дӕ Хуыцау сси паддзах!»+  Хъусыс? Дӕ хъахъхъӕнджытӕ+ хъӕр кӕнынц+. Фырцинӕй иумӕ хъӕр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты+, Сионы чи уыд, уыдоны Йегъовӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕмбырд кӕны+.  Цин кӕнут, фырцинӕй иумӕ хъӕр кӕнут, Иерусалимы хӕлддзӕгтӕ+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барӕвдыдта+, Иерусалим балхӕдта+. 10  Йегъовӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр равдыста йӕ сыгъдӕг цонджы хъару+, ӕмӕ зӕххы ӕппӕт кӕрӕттӕ дӕр фендзысты, нӕ Хуыцау цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый+. 11  Рацӕут, рацӕут! Рацӕут уырдыгӕй!+ Чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналут+. Рацӕут уырдыгӕй+, уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, Йегъовӕйы хӕдзары мигӕнӕнтӕ чи хӕссы, уыдон+. 12  Уырдыгӕй куы цӕуат, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстут ӕмӕ нӕ лидздзыстут+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ цӕудзӕн уӕ разӕй+, фӕстейӕ уӕ хъахъхъӕндзӕн Израилы Хуыцау+. 13  Мӕ лӕггадгӕнӕг+ архайдзӕн ӕмбаргӕйӕ+. Уый ахсдзӕн бӕрзонд бынат, сбӕрзонд уыдзӕн ӕмӕ тынг скадджын уыдзӕн+. 14  Бирӕтӕ йӕм дисгӕнгӕйӕ куыд кастысты+,– уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн иу адӕймаг дӕр нӕ ныффыдынд+, йӕ уындджын бакаст куыд фӕивта+, афтӕ иу адӕймаджы фырты бакаст дӕр нӕ фӕивта,– 15  афтӕ уый бирӕ адӕмты тас бауадздзӕн+. Паддзӕхтӕ йӕ разы ныхъхъус уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ фендзысты, цӕй тыххӕй сын нӕ дзырдтой, уый ӕмӕ се ’ргом аздахдзысты, цӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, уымӕ+.

Фиппаинӕгтӕ