Исай 8:1—22

8  Йегъовӕ мын загъта: «Райс стыр фӕйнӕджы гӕбаз+ ӕмӕ йыл, адӕм кӕмӕй фӕфыссынц, ахӕм фыссӕнгарзӕй ныффысс „Магер-Шелал-Хаш-Баз“*.  Ӕмӕ мын уыцы хъуыддаджы ӕвдисӕн+ уӕнт ӕууӕнкджын ӕвдисӕнтӕ+: сауджын Ури+ ӕмӕ Варахийы фырт Захари».  Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн мӕ бинойнагимӕ, пехуымпаримӕ. Уый басывӕрджын ӕмӕ ныййардта лӕппу+. Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта: «Схон ӕй Магер-Шелал-Хаш-Баз,  уымӕн ӕмӕ лӕппу йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ дзурын нӕма базондзӕн+, афтӕ Дамаскы исбон ӕмӕ Самарийы мулк Ассирийы паддзахмӕ ахӕсдзысты»+.  Стӕй ма мын Йегъовӕ загъта:  «Ацы адӕм Силоамы*+ сабыр дӕттыл сӕ къух кӕй систой+, стӕй Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл+ кӕй цин кӕнынц+, уый тыххӕй,  о, уый тыххӕй сыл Йегъовӕ рауадздзӕн+ Стыр цӕугӕдоны+ тыхджын, гуылфгӕнгӕ дӕттӕ – Ассирийы паддзахы+ йе ’ппӕт хъомысимӕ+, ӕмӕ уыцы цӕугӕдоны дӕттӕ суанг сӕ былтӕм ссӕудзысты, сӕ былтӕй ракӕлдзысты  ӕмӕ анхъӕвздзысты Иудӕйы зӕххыл. Уыдон раивылдзысты, сӕ былтӕй ракӕлдзысты+ ӕмӕ суанг хъуыры онг схӕццӕ уыдзысты+. Уый йӕ базыртӕ+ айтынг кӕндзӕн ӕмӕ дын дӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр бамбӕрздзӕн, о Еммануил!»+  Аразут сын ӕвзӕрдзинад, адӕмтӕ, аразут, фӕлӕ уын уӕхи ныппырх кӕндзысты! Байхъусут уе ’ппӕт дӕр, зӕххы кӕрӕтты чи цӕры, уыдон!+ Уӕ хӕцӕнгӕрзтӕ уӕ астӕутыл ӕрбабӕттут+, фӕлӕ уын уӕхи ныппырх кӕндзысты!+ О, уӕ хӕцӕнгӕрзтӕ уӕ астӕутыл ӕрбабӕттут, фӕлӕ уын уӕхи ныппырх кӕндзысты! 10  Кӕнут фӕндтӕ, кӕнут – уӕддӕр уын фехӕлдзысты!+ Цыфӕнды дӕр дзурут – ницы уын дзы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!+ 11  Йегъовӕ мыл йӕ фидар къух ӕрӕвӕрдта ӕмӕ, цӕмӕй ацы адӕмы фӕндагыл ма ацӕуон, уый тыххӕй мӕ бафӕдзӕхста ӕмӕ мын загъта: 12  «Ацы адӕм афтӕ куы фӕдзурынц, „сусӕгвӕнд скӕнӕм“, уӕд сымах ма дзурут, семӕ баиу уӕм+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыдон цӕмӕй тӕрсынц, сымах уымӕй ма тӕрсут ӕмӕ уӕ уый тас ма уадзӕд+. 13  Хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ном рухс кӕнат+ ӕмӕ хъуамӕ уымӕй тӕрсат+, хъуамӕ уӕ уый уадза тас»+. 14  Хуыцау суыдзӕн сыгъдӕг бынат+, фӕлӕ Израилы дыууӕ хӕдзарӕн дӕр суыдзӕн, кӕуыл фӕкӕлдзысты+, ахӕм дур, сӕхи кӕуыл ныццӕвдзысты, ахӕм къӕдзӕх, Иерусалимы цӕрджытӕн суыдзӕн къӕппӕг ӕмӕ хыз+. 15  Ӕмӕ йыл уыдонӕй бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, ахаудзысты ӕмӕ сӕхи ныппырх кӕндзысты, бахаудзысты хызы, ӕрцахсдзысты сӕ+. 16  Ацы ныхӕстӕ фыст кӕм сты, уыцы тыхтон стух+, мӕ ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн закъоныл мыхуыр сӕвӕр!+ 17  Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн Йегъовӕмӕ+, йӕ цӕсгом Иаковы хӕдзарвӕндагӕй чи ’мбӕхсы, уымӕ+, ӕмӕ йыл мӕ ныфс дардзынӕн+. 18  Ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мын Йегъовӕ кӕй радта, уыцы сывӕллӕттӕ+ дӕр ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ, Сионы хохыл чи цӕры+, уымӕй, Израилы стӕм нысанӕн+ ӕмӕ диссагӕн лӕвӕрд. 19  Афтӕ уын куы зӕгъой: «Ацӕут ӕмӕ бафӕрсут, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны+ кӕнӕ дӕсны чи фӕрсы, цыдӕртӕ чи сусу-бусу кӕны+ ӕмӕ гуым-гуым чи кӕны, уыдоны»,– уӕд уый куыд у? Алы адӕм дӕр хъуамӕ сӕ Хуыцауы ма фӕрсой?+ Ау, удӕгӕсты тыххӕй хъуамӕ мӕрдты фӕрсой?+ 20  Базонын уӕ цы фӕнды, уый агурут закъоны ӕмӕ, цы ныхӕстӕ загътон, уыдоны!+ Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон дӕр дзурдзысты ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ+, фӕлӕ сӕм сӕуӕхсиды рухс нӕ кӕлдзӕн+. 21  Алчидӕр сӕ ӕфхӕрд ӕмӕ ӕххормагӕй йӕ зӕххыл рацу-бацу кӕндзӕн+. Ӕмӕ, ӕххормаг кӕй уыдзӕн ӕмӕ мӕсты кӕй кӕндзӕн, уый тыххӕй ӕлгъитдзӕн йӕ паддзахы ӕмӕ йӕ Хуыцауы+ ӕмӕ хӕрдмӕ кӕсдзӕн. 22  Зӕхмӕ куы акӕса, уӕд фендзӕн бӕллӕх ӕмӕ талынг+, бӕстӕ уыдзӕн тар, уыдзӕн уӕззау заман ӕмӕ саудалынг ӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕй кӕлдзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «Тагъддӕр, амӕттаг [кӕнӕ, амӕттагмӕ]! Уый уайтагъд фӕзынд, цӕмӕй мулк фӕхӕсса».
Силоам уыди доны къанау.