Лукайы 12:1—59

12  Уӕдмӕ Йесойы раз сӕмбырд дуне адӕм, минтӕ – уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ дзы фезмӕлӕн дӕр нӕ уыд. Йесо йӕ ныхас фыццаджыдӕр аздӕхта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕнхъизӕнӕй+ – цӕстмӕ митӕй+.  Уӕвгӕ, ницы у афтӕ арф ӕмбӕхст, ӕмӕ ма раргом уа, ӕмӕ нӕй ахӕм сусӕгдзинад, ӕмӕ ма рахъӕр уа+.  Уымӕ гӕсгӕ, ӕхсӕвыгон цы дзурут, уый айхъуысдзӕн бонӕй, ӕмӕ уаты сусӕгӕй цы зӕгъат, уый фехъусын кӕндзысты хӕдзӕртты сӕртӕй+.  Стӕй ма уын, мӕ хӕлӕрттӕ+, зӕгъын уый дӕр: уӕ амарын кӕй бон у ӕмӕ уын уымӕй дарддӕр йӕ бон кӕмӕн ницы у бакӕнын, уыдонӕй ма тӕрсут+.  Кӕмӕй хъӕуы тӕрсын, уый уын зӕгъдзынӕн: тӕрсут+, адӕймаджы амарын ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ гееннӕйы*+ ныппарын йӕ бон кӕмӕн у, уымӕй. О, зӕгъын уын: уымӕй тӕрсут+.  Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл* нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу+.  Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ+ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут+.  Зӕгъын уын: мемӕ иудзинады кӕй ис, уый адӕмы раз ӕргом чи дзура+, уый тыххӕй ӕз дӕр ӕргом зӕгъдзынӕн Хуыцауы зӕдты раз, ӕз йемӕ иудзинады дӕн, зӕгъгӕ+.  Фӕлӕ адӕмы раз мӕнӕй афтӕ чи зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонын+, зӕгъгӕ, уымӕй ӕз дӕр Хуыцауы зӕдты раз зӕгъдзынӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ+. 10  Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты ныхмӕ исты чи зӕгъа, уымӕн уыдзӕн хатыр, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн+. 11  Адӕмон ӕмбырдты, хицауады ӕмӕ уӕ ӕндӕр хицӕутты раз куы ’рлӕууын кӕной, уӕд-иу, уӕ ныхмӕ чи дзура, уымӕн цы зӕгъат ӕмӕ куыд зӕгъат, ууыл ма тыхсут+ – 12  цы зӕгъат+, уый уын-иу уыцы сахат Хуыцауы сыгъдӕг тых+ бацамондзӕн». 13  Уӕд ӕм адӕмӕй иу чидӕр бахатыд: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззад, уыдон мемӕ адих кӕна». 14  Уый та йын загъта: «Хорз лӕг, мӕн сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй+ кӕнӕ бынтӕ уарӕгӕй чи сӕвӕрдта?» 15  Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Кӕсут, зыд мацӕуыл кӕнут*+, уымӕн ӕмӕ адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу»+. 16  Ӕмӕ сын уый фӕстӕ радзырдта фӕсномыг ныхас: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ быдыры ӕрзади бирӕ хор. 17  Гъемӕ хъуыдытӕ кӕнын байдыдта: „Ныр цы кӕнон? Кӕм бафснайон мӕ тыллӕг?“ 18  Ӕмӕ загъта: „Мӕнӕ цы бакӕндзынӕн+: мӕ хордӕттӕ фехалдзынӕн ӕмӕ стырдӕртӕ сараздзынӕн, ӕмӕ мӕ хор ӕмӕ мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр уым бафснайдзынӕн+. 19  Стӕй мӕхицӕн зӕгъдзынӕн+: „Ис дӕм бирӕ фӕллой бирӕ азты фаг. Ныр цӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн, хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ“+. 20  Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Куыд ӕнӕзонд дӕ! Ахсӕв дын дӕ цард* байсдзысты+, ӕмӕ уӕд, цы фӕллӕйттӕ скодтай, уыдон кӕмӕн баззайдзысты?“+ 21  Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн»+. 22  Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат+, 23  уымӕн ӕмӕ уд хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй зынаргъдӕр у. 24  Акӕсут-ма халӕттӕм+ – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ сын нӕдӕр къутутӕ ис, нӕдӕр хордӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй!+ 25  Стӕй, куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр* исчи бафтаудзӕн?+ 26  Уӕдӕ кӕд уыцы гыццыл хъуыддаджы уӕ бон ницы у бакӕнын, уӕд ма иннӕ хъуыддӕгтыл цы мӕт кӕнут?+ 27  Акӕсут-ма, быдыры дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ+ – уыдон нӕдӕр фыдӕбон кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ. Фӕлӕ уын зӕгъын: Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи+. 28  Ӕмӕ кӕд Хуыцау, абон чи ис ӕмӕ райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд хъуамӕ ныууадза! Кӕм ис уӕ уырнындзинад?+ 29  Уӕдӕ, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл мауал тыхсут ӕмӕ мауал мӕт кӕнут+, 30  уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы адӕм агурынц. Сымахӕн та уӕ Фыд зоны, уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц+. 31  Уӕдӕ йын агурут йӕ паддзахад, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр цух нӕ уыдзыстут+. 32  Ма тӕрс+, гыццыл дзуг+, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын+. 33  Цы уӕм ис, уый ауӕй кӕнут+ ӕмӕ дзы мӕгуыртӕн баххуыс кӕнут+. Уӕхицӕн скӕнут, ихсийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕхцадӕттӕ, къаддӕр чи нӕ кӕны, ахӕм хӕзнатӕ уӕлӕрвты+ – уым сӕм давӕг хӕстӕг нӕ цӕуы ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ хӕры. 34  Уӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзысты уӕ зӕрдӕтӕ дӕр+. 35  Уӕ астӕутӕ+ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ+ судзӕнт, 36  ӕмӕ ут, чындзӕхсӕвӕй+ йӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы+, ахӕм адӕймӕгты хуызӕн – куыддӕр сӕ хицау ӕрбацӕуа ӕмӕ ӕрбахойа+, афтӕ йын дуар бакӕндзысты. 37  Амондджын сты уыцы цагъартӕ, сӕ хицау ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа!+ Ӕцӕг уын зӕгъын: йӕ астӕу ӕрбабӕтдзӕн+, фынгыл сӕ ӕрбадын кӕндзӕн, сӕ уӕлхъус ӕрлӕудзӕн ӕмӕ сын лӕггад кӕндзӕн+. 38  Ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв*, суанг кӕркуасӕнты* дӕр куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ афтӕмӕй куы ӕрӕййафа, уӕд амондджын сты!+ 39  Фӕлӕ йӕ зонут: хӕдзары хицау, давӕг сӕм цы афон бацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнид ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ бабырын нӕ бауадзид+. 40  Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт»+. 41  Уӕд ӕй Петр бафарста: «Хицау, уыцы фӕсномыг ныхас мах тыххӕй радзырдтай ӕви иннӕты тыххӕй дӕр?» 42  Йесо та йын загъта: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын+ хӕдзармӕгӕсӕг+, йӕ хицау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бар бакӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕ хӕринаджы хай афоныл дӕтта?+ 43  Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа!+ 44  Зӕгъын уын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн+. 45  Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхицӕн афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау тагъд нӕ уыдзӕн+, зӕгъгӕ, ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгты ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, стӕй хӕрд ӕмӕ нозтыл куы фӕуа, куы-иу ныррасыг уа+, 46  уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ цы сахат ӕнхъӕл нӕ уа, уыцы сахат+. Ӕмӕ йӕ карзӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын зӕгъдзӕн, дӕ бынат дӕлӕ ӕууӕнкхортимӕ, зӕгъгӕ+. 47  Гъемӕ, йӕ хицауы фӕндон чи зыдта, фӕлӕ цӕттӕ чи нӕ уыд ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи не ’ххӕст кодта, уыцы цагъарыл бирӕ цӕфтӕ ӕруайдзӕн+. 48  Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта+, ӕмӕ, нӕминаг кӕй тыххӕй уыд, ахӕм митӕ афтӕмӕй чи кодта, ууыл та къаддӕр цӕфтӕ ӕруайдзӕн+. О, бирӕ лӕвӕрд кӕмӕн у, уымӕй бирӕ ӕрдомдзысты+, ӕмӕ, йӕ бар бирӕ кӕмӕн бакодтой, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзысты+. 49  Ӕз зӕхмӕ ӕрцыдтӕн арт+ бандзарынмӕ, ӕмӕ ма ӕндӕр цӕмӕ бӕллон – уыцы арт ссыгъд! 50  Ӕз хъуамӕ райсон аргъуыд, ӕмӕ куыд тынг хъуырдухӕн кӕнын, цалынмӕ уыцы хъуыддаг нӕ ахицӕн уа!+ 51  Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ сабырдзинад ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн? Зӕгъын уын: сабырдзинад ӕрхӕссынмӕ нӕ, фӕлӕ иуты иннӕты ныхмӕ скӕнынмӕ+. 52  Нырӕй фӕстӕмӕ иу хӕдзары фондз адӕймаджы уыдзысты кӕрӕдзи ныхмӕ: ӕртӕйӕ дыууӕйы ныхмӕ, дыууӕйӕ та ӕртӕйы ныхмӕ+. 53  Фыд уыдзӕн йӕ фырты ныхмӕ, фырт та йӕ фыды ныхмӕ, мад йӕ чызджы ныхмӕ, чызг та йӕ мады ныхмӕ, ӕфсин йӕ чындзы ныхмӕ, чындз та йе ’фсины ныхмӕ»+. 54  Уый фӕстӕ адӕмӕн дӕр загъта: «Ныгуылӕнырдыгӕй мигъ ссӕугӕ куы фенут, уӕд уайтагъд фӕзӕгъут: „Тыхдымгӕ ӕрбацӕуы ӕмӕ йемӕ къӕвда ӕрбахӕссы“, ӕмӕ вӕййы афтӕ+. 55  Ӕмӕ хуссарӕй дымгӕ куы фӕдымы, уӕд та фӕзӕгъут: „Тынг тӕвд уыдзӕн“, ӕмӕ ӕцӕгдӕр вӕййы тӕвд. 56  Цӕстмӕхъустӕ! Зӕхх ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд, цы рӕстӕджы цӕрут, уый раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?+ 57  Раст цы у, уый уӕхӕдӕг цӕуылнӕ базонут?+ 58  Дзырдӕн, чи дӕ аххосджын кӕны, уыимӕ хицаумӕ куы цӕуай, уӕд йемӕ бафидау, цалынмӕ ма фӕндагыл уат, уӕдмӕ, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕджы къухмӕ ма ратта, тӕрхонгӕнӕг та – тӕрхондоны кусӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый ахӕстоны ма баппара+. 59  Зӕгъын дын: цалынмӕ дӕ хӕс фӕстаг капеччы онг* нӕ бафидай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Уӕлӕмх. 9.
Комк. «дыууӕ ассарийыл». Ассари – ӕрхуы ӕхца; уый уыд иу динарӕн, ома иу боны куыстӕн цы ӕхца фыстой, уымӕн, йӕ иу ӕхсӕрдӕсӕм хай.
Кӕнӕ «хӕлӕг ма кӕнут; искӕй цы у, уымӕ ма бӕллут».
Комк. «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «иу ӕлмӕрин дӕр». Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.
Кӕс Мч 13:35, фип.
Кӕс Мч 13:35, фип.
Комк. «фӕстаг лептӕйы онг». Иу лептӕ уыд, адӕймаг 5 минутмӕ кӕй бакуыстаид, уыцы ӕхца.