Псалом 5:1—12
Амонӕгӕн. Нехилот*. Давиды зарӕг.
5 О Йегъовӕ, байхъус мын мӕ ныхӕстӕм+,Бамбар мын мӕ уды хъӕрзын.
2 Ӕххуысмӕ дӕм дзыназын, ӕмӕ мӕ фехъус+,Уымӕн ӕмӕ дӕумӕ у мӕ куывд+, о мӕ Паддзах+ ӕмӕ мӕ Хуыцау.
3 О Йегъовӕ, ды мын райсомӕй фехъусдзынӕ мӕ хъӕлӕс+,Райсомӕй дӕм скувдзынӕн ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн+.
4 Уымӕн ӕмӕ ды, фыддзинад чи уарзы, ахӕм Хуыцау нӕ дӕ+.Фыдгӕнджытӕй иу дӕр никуы уыдзӕн демӕ+.
5 Йӕхицӕй чи ’ппӕлы, уыдонӕй иу дӕр дӕ цӕстыты раз не ’рлӕудзӕн+.Ды де сӕфт уыныс, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй+.
6 Ды фесафдзынӕ, сайгӕ чи кӕны, уыдоны+.Ӕнаххос туг чи ныккалы+ ӕмӕ фӕлитой чи у, уый+ Йегъовӕйӕн ӕнад у.
7 Ӕз та де стыр ӕнувыд уарзты+ фӕрцыБацӕудзынӕн дӕ хӕдзармӕ+.Дӕуӕй тӕрсгӕйӕ дӕ рухс кувӕндоны ’рдӕм мӕ сӕрӕй ныллӕг акувдзынӕн+.
8 О Йегъовӕ, дӕ раст фӕндӕгтыл мӕ кӕн+, уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ сты мӕ алыварс+.Дӕ фӕндаг мын мӕ размӕ алӕгъз кӕн+.
9 Сӕ дзыхӕй цы рацӕуы, ууыл ӕппындӕр ӕууӕнк нӕй+.Сӕ хуылф у фыдбылыз+.Сӕ хъӕлӕс у гом ингӕн+.Се ’взаг лӕгъзӕй ауадзынц+.
10 Хуыцау сӕ банымайдзӕн аххосджынтыл+.Сӕхи фӕндтӕ сӕ бабын кӕндзысты+.Уадз ӕмӕ сӕ бирӕ тӕригъӕдты тыххӕй фӕйнӕрдӕм ныххӕлиу уой+,Уымӕн ӕмӕ дӕ ныхмӕ сыстадысты+.
11 Йӕхи де уазӕг чи бакодта, уыдон та цин кӕндзысты+.Уыдон ӕнустӕм фырцинӕй зардзысты+.Ды сӕм хӕстӕг никӕй бауадздзынӕ,Ӕмӕ дын дӕ ном чи уарзы, уыдонӕн уыдзынӕ се стыр цин+.
12 Уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, рӕстгӕнӕгӕн раарфӕ кӕндзынӕ+,Ӕмӕ йӕ дӕ хорзӕх стыр уартау+ алырдыгӕй хъахъхъӕндзӕн+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу. Чи зоны, афтӕ хуынди уасӕн музыкалон инструмент кӕнӕ та музыкалон уацмыс.