Рацыд 24:1—18

24  Уый фӕстӕ Моисейӕн загъта: «Ды, стӕй Аарон, Надав, Авиуд+ ӕмӕ Израилы адӕмӕй ӕвдай+ хистӕр лӕджы ссӕут Йегъовӕмӕ ӕмӕ йын дардӕй бакувут.  Ӕрмӕстдӕр Моисей бацӕуӕд Йегъовӕмӕ хӕстӕг. Иннӕтӕ йӕм хӕстӕг ма бацӕуӕнт, ӕмӕ адӕм дӕр йемӕ ма ссӕуӕнт»+.  Уӕд Моисей ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ иууылдӕр радзырдта+. Ӕмӕ адӕм ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм»+.  Ӕмӕ Моисей Йегъовӕйы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыста+. Дыккаг бон та райсомӕй раджы сыстад, хохрӕбын сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ зӕххы ӕрсагъта дыууадӕс дуры – Израилы мыггӕгтӕ цал уыдысты, уал дуры+.  Уый фӕстӕ арвыста израилаг нӕлгоймӕгтӕй ӕрыгӕтты, ӕмӕ уыдон ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ, стӕй Йегъовӕйӕн фарны нывондӕн+ ӕрхастой галтӕ.  Ӕмӕ Моисей нывӕндты тугӕн йе ’рдӕг ныккодта къусты+, иннӕ тугӕй та бапырх кодта нывондхӕссӕн+.  Фӕстагмӕ райста бадзырды чиныг+ ӕмӕ йӕ адӕмӕн бакаст+. Ӕмӕ адӕм загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм»+.  Ӕмӕ Моисей туг райста, адӕмыл дзы бапырх кодта+ ӕмӕ загъта: «Ай у, Йегъовӕ уемӕ ӕппӕт ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй сарӕзта, уыцы бадзырды туг»+.  Уый фӕстӕ Моисей, Аарон, Надав, Авиуд ӕмӕ ма Израилы адӕмӕй ӕвдай хистӕр лӕджы ссыдысты уӕлӕмӕ 10  ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы+. Йӕ къӕхты бын цыма тъӕпӕн сапфирдуртӕ уыд, афтӕ зынди – раст арвау сыгъдӕг+. 11  Ӕмӕ Хуыцау Израилы ӕвзӕрст лӕгтӕм йӕ къух нӕ систа+. Уыдон цӕстылуайӕны федтой ӕцӕг Хуыцауы+, ӕмӕ хордтой ӕмӕ нызтой+. 12  Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Хохмӕ мӕм ссу ӕмӕ уым лӕуу. Ӕз дын ратдзынӕн къӕйдуртӕ, ныффысдзынӕн сыл закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ адӕмы ахуыр кӕнынӕн»+. 13  Гъемӕ Моисей ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Йесо сыстадысты, ӕмӕ Моисей ссыд ӕцӕг Хуыцауы хохмӕ+. 14  Хистӕр лӕгтӕн та загъта: «Цалынмӕ фӕстӕмӕ здӕхӕм, уӕдмӕ нӕм ам ӕнхъӕлмӕ кӕсут+. Уемӕ уыдзысты Аарон ӕмӕ Хур+. Ӕмӕ уӕ искӕмӕ исты хъуыддаг ӕвзаринаг куы уа, уӕд-иу уыдонмӕ бацӕуӕд»+. 15  Ӕмӕ Моисей ссыд хохмӕ, хохы цъупп та уыди мигъӕй ӕмбӕрзт+. 16  Ӕмӕ Йегъовӕйы кад+ уыди Синайы хохыл+. Мигъ хохы цъупп ӕмбӕрзта ӕхсӕз боны. Ӕвдӕм бон та Хуыцау Моисеймӕ мигъӕй радзырдта+. 17  Израилы фырттӕ Йегъовӕйы кад куы федтой, уӕд сӕм афтӕ фӕкаст, цыма хохы сӕр пиллон арт судзы+. 18  Уӕд Моисей мигъы астӕумӕ бацыд ӕмӕ хохмӕ ссыд+. Ӕмӕ хохыл фӕци цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+.

Фиппаинӕгтӕ