Рацыд 26:1—37

26  Цатыр сараз хъуымацӕй – дӕс хайӕ+. Хъуамӕ уӕфт уой гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй ӕмӕ сырх-сырхид ӕндахӕй+. Ӕмӕ сыл ӕндӕхтӕй скӕн херувимты+ нывтӕ.  Алы хайӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дыууын аст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Дӕс хайы+ дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ.  Фондз хайы дзы баиу кӕн кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ иннӕ фондз хайы дӕр – кӕрӕдзиимӕ+.  Фыццаг фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауайа, уый иннӕимӕ кӕм баиу кӕнай, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз ӕндахӕй скӕн цӕгтӕ. Ӕмӕ афтӕ сараз иннӕ стыр ӕмбӕрзӕнӕн дӕр+.  Иу ӕмбӕрзӕныл дӕр скӕн фӕндзай цӕджы, ӕмӕ иннӕ ӕмбӕрзӕныл дӕр, дыууӕ ӕмбӕрзӕны кӕм хъуамӕ баиу кӕнай, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скӕн фӕндзай цӕджы. Иу ӕмбӕрзӕны цӕгтӕ хъуамӕ бадой иннӕ ӕмбӕрзӕны цӕгтимӕ+.  Стӕй скӕн фӕндзай сызгъӕрин къӕпсыры, ӕмӕ дыууӕ хайы уыцы къӕпсыртӕй кӕрӕдзиимӕ баиу кӕн, ӕмӕ дзы афтӕмӕй цатырӕн рауайдзӕн иу ӕнӕхъӕн ӕмбӕрзӕн+.  Цатыр бамбӕрзынӕн скӕн ӕмбӕрзӕнтӕ сӕгъы къуымбилӕй+. Уыцы ӕмбӕрзӕнтӕ хъуамӕ уой иуӕндӕс.  Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа ӕртын ӕлмӕрины+, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ.  Стӕй фондз ӕмбӕрзӕны баиу кӕн кӕрӕдзиимӕ, ӕмӕ иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны дӕр – кӕрӕдзиимӕ+. Ӕхсӕзӕм хай бадыдагъ кӕн, ӕмӕ афтӕмӕй уыдзӕн цатырыл разырдыгӕй. 10  Фондз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауайа, уый иннӕимӕ кӕм баиу кӕнай, уыцы фарсыл кӕрӕй-кӕронмӕ скӕн фӕндзай цӕджы. Ӕмӕ фӕндзай цӕджы скӕн, ӕхсӕз хайӕ цы стыр ӕмбӕрзӕн рауайа, ууыл дӕр. 11  Стӕй скӕн фӕндзай ӕрхуы+ къӕпсыры ӕмӕ сӕ уыцы цӕгты акӕн ӕмӕ дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕн, цӕмӕй дзы иу ӕмбӕрзӕн рауайа+. 12  Ацы ӕмбӕрзӕн уыдзӕн фыццаг ӕмбӕрзӕнӕй даргъдӕр. Фӕстӕрдыгӕй даргъдӕр уыдзӕн ӕмбӕрзӕны фӕстаг хайӕн йе ’мбис, ӕмӕ йӕ хъӕуы афтӕ уадзын. 13  Цатыры фӕрстыл та ӕмбӕрзӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр фыццаг ӕмбӕрзӕнӕй уыдзӕн иу ӕлмӕрин даргъдӕр, цӕмӕй йӕ дыууӕрдыгӕй дӕр ӕмбӕрза. 14  Уый фӕстӕ ма цатырӕн ноджыдӕр скӕн ӕмбӕрзӕн сырхӕй ахуырст фысы цӕрмттӕй, ӕмӕ уый ӕддейӕ та – ӕмбӕрзӕн фӕлмӕн сӕракӕй*. 15  Цатыры фӕрстӕн акъацийӕ скӕн, ӕмраст чи лӕудзӕн, ахӕм цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ+. 16  Алы фӕлгӕтӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 17  Алы фӕлгӕтыл дӕр хъуамӕ уа дыгай къӕхтӕ. Афтӕ скӕн цатыры цыппӕрдигъон фӕлгӕттӕ иууылдӕр. 18  Дыууын фӕлгӕты скӕн, Негевмӕ, ома хуссарырдӕм, чи у, уыцы фарсӕн. 19  Уыцы дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕтӕн скӕн цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны*+: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр. 20  Цатыры иннӕ фарсӕн дӕр, цӕгат фарсӕн, скӕн дыууын цыппӕрдигъон фӕлгӕты+. 21  Ӕмӕ уыцы фӕлгӕттӕн дӕр скӕн цыппор ӕвзист бынӕвӕрӕны: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр+. 22  Цатыры фӕстаг фарсӕн та, ныгуылӕн фарсӕн, скӕн ӕхсӕз цыппӕрдигъон фӕлгӕты+. 23  Дыууӕ ӕртӕтигъон фӕлгӕты та скӕн цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн+ – уыдон уыдзысты быцӕутӕ. 24  Уыцы фӕлгӕттӕй алкӕцы дӕр бынӕй суанг уӕлӕмӕ хъуамӕ конд уа дыууӕ фӕйнӕгӕй. Дыууӕ фӕйнӕджы баиу уыдзысты уӕлейӕ, фыццаг цӕджы раз. Ацы дыууӕ фӕлгӕты хъуамӕ уой иухуызон конд. Уыдон уыдзысты тигътӕн сӕ быцӕутӕ. 25  Афтӕмӕй фӕлгӕттӕ уыдзысты аст, ӕмӕ сын ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ та уыдзӕн ӕхсӕрдӕс: иу фӕлгӕтӕн йӕ дыууӕ къахимӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны, ӕмӕ афтӕ иннӕ фӕлгӕттӕн дӕр. 26  Стӕй акъацийӕ скӕн хъилтӕ+, цӕмӕй фӕлгӕттыл хӕцой: фондз хъилы, цатыры иу фарс цы фӕлгӕттӕ ис, уыдонӕн, 27  фондз хъилы, цатыры иннӕ фарс цы фӕлгӕттӕ ис, уыдонӕн ӕмӕ фондз хъилы та, цатыры фӕстаг фарс, ныгуылӕн фарс, цы фӕлгӕттӕ ис, уыдонӕн+. 28  Алы фарсыл дӕр астӕуккаг хъил хъуамӕ уа кӕрӕй-кӕронмӕ. 29  Фӕлгӕттыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр+ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй скӕн цӕгтӕ хъилтӕ атъыссынӕн. Сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр хъилтыл дӕр. 30  Цатыр сараз, хохыл дын цы пълан равдыстон, уымӕ гӕсгӕ+. 31  Ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй скӕн, мидӕгӕй чи уыдзӕн, уыцы ӕмбӕрзӕн+. Йӕ уӕлӕ та йын ӕндӕхтӕй скӕнын хъӕуы херувимты+ нывтӕ. 32  Стӕй акъацийӕ скӕн цыппар цӕджындзы, сызгъӕринӕй сыл цъар сӕвӕр ӕмӕ ӕмбӕрзӕн уыдоныл бафидар кӕн. Зӕгӕлтӕ хъуамӕ уой сызгъӕринӕй. Ӕмӕ цӕджындзтӕ хъуамӕ лӕууой цыппар ӕвзист бынӕвӕрӕныл. 33  Ӕмбӕрзӕн бафидар кӕн къӕпсырты тӕккӕ бынмӕ, ӕмӕ бадзырды чырын*+ сӕвӕр ӕмбӕрзӕны фӕстӕ. Ӕмбӕрзӕн хъуамӕ Сыгъдӕг бынат+ хицӕн кӕна Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй+. 34  Бадзырды чырын Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ куы бахӕссай, уӕд ын йӕ сӕр дӕр йӕ уӕлӕ ӕрӕвӕр. 35  Ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй сӕвӕр стъол. Стъолы акомкоммӕ та, цатыры хуссар фарс, сӕвӕр цырагъдарӕн+ – стъол та уыдзӕн цӕгатырдыгӕй. 36  Цатырмӕ бахизӕнӕн дӕр скӕн ӕмбӕрзӕн+. Бауаф ӕй ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 37  Ӕмӕ уыцы ӕмбӕрзӕнӕн акъацийӕ скӕн фондз цӕджындзы ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр. Зӕгӕлтӕ сын скӕн сызгъӕринӕй. Стӕй ӕрхуы бадон кӕн ӕмӕ дзы цӕджындзтӕн скӕн фондз бынӕвӕрӕны.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рц 25:5, фип.
Алы бынӕвӕрӕнӕн дӕр астӕуӕй уыд хуынкъ.
Комк. «ӕвдисӕнады чырын».