Руф 4:1—22

4  Вооз та ацыд горӕты кулдуары+ размӕ ӕмӕ уым ӕрбадт. Ӕмӕ кӕсы, ӕмӕ уӕртӕ йӕ рӕзты фӕцӕуы, кӕй кой кодта, уыцы хӕстӕг+. Ӕмӕ уыцы адӕймагмӕ* фӕдзырдта: «Рацу-ма, мӕнӕ-ма ам ӕрбад». Уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ ӕрбадт.  Уый фӕстӕ Вооз горӕты хистӕр лӕгтӕй+ дӕс адӕймагмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Мӕнӕ-ма ам ӕрбадут». Ӕмӕ уыдон дӕр ӕрбадтысты.  Уӕд Вооз уыцы хӕстӕгӕн+ загъта: «Ноемин Моавы зӕххӕй+ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ, не ’фсымӕр Елимелехы+ чи уыд, уыцы зӕхх уӕй кӕны.  Ӕз ахъуыды кодтон, зӕгъын дын хъуамӕ уыцы хабар фехъусын кӕнон ӕмӕ дын зӕгъон, цӕмӕй йӕ балхӕнай+ горӕты цӕрджыты раз ӕмӕ мӕ адӕмы хистӕр лӕгты раз+. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ӕй балхӕн, кӕд нӕ, уӕд та мын ӕй зӕгъ, цӕмӕй йӕ зонон. Дӕ разӕй йӕ чи балхӕна+, ахӕм нӕй, дӕ фӕстӕ та ӕз дӕн». Ӕмӕ уыцы адӕймаг загъта: «Ӕлхӕнын ӕй»+.  Уӕд ын Вооз загъта: «Уыцы зӕхх Ноеминӕй цы бон балхӕнай, уыцы бон ӕй хъуамӕ балхӕнай моаваг Руфӕй дӕр, чи амард, уымӕн йӕ усӕй, цӕмӕй мардӕн йӕ бынтӕ йӕ номыл баззайой»+.  Ӕмӕ уӕд уыцы хӕстӕг загъта: «Нӕ, уӕд ӕй мӕ бон нӕу балхӕнын. Афтӕмӕй мӕхи бынтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзынӕн! Дӕуӕн дӕттын уыцы зӕхх балхӕныны бар, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон нӕу балхӕнын».  Израилы та ӕлхӕнын ӕмӕ ивыны фӕдыл рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ахӕм ӕгъдау уыди: куы-иу баныхас кодтой, уӕд-иу адӕймаг йӕ дзабыр+ раласта ӕмӕ-иу ӕй иннӕмӕн радта, ӕмӕ-иу афтӕмӕй бафидыдтой.  Уымӕ гӕсгӕ уыцы хӕстӕг Воозӕн афтӕ куы загъта, ды йӕ балхӕн, зӕгъгӕ, уӕд йӕ дзабыр+ раласта.  Ӕмӕ Вооз хистӕр лӕгтӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр загъта: «Абон мын сымах ӕвдисӕн+, Ноеминӕй кӕй ӕлхӕнын Елимелехы исбон иууылдӕр, стӕй Хилеоны ӕмӕ Махлоны исбон дӕр иууылдӕр. 10  Ӕлхӕнын ма моаваг Руфы дӕр, Махлоны усы, мӕхицӕн ӕй курын, цӕмӕй, чи амард, уымӕн+ йӕ бынтӕ йӕхи номыл баззайой ӕмӕ мардӕн йӕ ном ма фесӕфа йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй ӕмӕ йӕ горӕты кулдуары разӕй. Абон сымах стут уымӕн ӕвдисӕнтӕ»+. 11  Уӕд, кулдуары раз чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ дӕр загътой: «Мах стӕм ӕвдисӕнтӕ! Дӕ къӕсӕрӕй цы сылгоймаг бахиза, уый Йегъовӕ Рахил+ ӕмӕ Лийӕйы+ хуызӕн скӕнӕд – уыдон сбирӕ кодтой Израилы+. Ефрафӕйы+ нымад адӕймаг цы уай ӕмӕ дӕ ном Вифлеемы+ зындгонд цы уа, уыцы арфӕ дӕ уӕд! 12  Йегъовӕ дын уыцы ӕрыгон сылгоймагӕй уыйбӕрц цот раттӕд+, ӕмӕ дӕ хӕдзар, Фамар Иудӕйӕн+ кӕй ныййардта, уыцы Фаресы хӕдзары хуызӕн куыд суа!» 13  Гъемӕ Вооз Руфы ракуырдта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Йегъовӕ Руфӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ Руф басывӕрджын+ ӕмӕ ныййардта лӕппу. 14  Сылгоймӕгтӕ Ноеминӕн дзырдтой+: «Табу Йегъовӕйӕн+, дӕу абон ӕнӕ хӕстӕгӕй* чи нӕ ныууагъта. Кадджын уӕд йӕ ном Израилы! 15  Ацы лӕппу дын дӕ зӕрдӕмӕ рухс бауагъта ӕмӕ уыдзӕн дӕ дарӕг дӕ зӕронды бонты+, уымӕн ӕмӕ дын ӕй ныййардта дӕ чындз, чи дӕ уарзы+ ӕмӕ дын авд лӕппуйӕ дӕр хуыздӕр чи у, уый»+. 16  Ноемин сывӕллоны йӕ хъӕбысмӕ райста ӕмӕ сси йӕ хъомылгӕнӕг. 17  Сыхаг сылгоймӕгтӕ+ та йыл ном сӕвӕрдтой ӕмӕ дзырдтой: «Ноеминӕн лӕппу райгуырд». Схуыдтой йӕ Овид*+. Уый у Давидӕн йӕ фыд Йессейы+ фыд. 18  Адон сты Фаресы+ байзӕддӕгтӕ: Фаресӕн райгуырд Есром+, 19  Есромӕн райгуырд Арам, Арамӕн+ райгуырд Аминадав, 20  Аминадавӕн+ райгуырд Наассон+, Наассонӕн райгуырд Салмон, 21  Салмонӕн+ райгуырд Вооз, Воозӕн+ райгуырд Овид, 22  Овидӕн райгуырд Йессей+, Йессейӕн райгуырд Давид+.

Фиппаинӕгтӕ

Йӕ ном куыд уыди, уый дзы нӕй фыст.
Комк. «ӕнӕ балхӕнӕгӕй».
Нысан кӕны «лӕггадгӕнӕг; лӕггад чи кӕны, уый».