Филиппӕгтӕм 3:1—21

3  Стӕй, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут нӕ Хицауимӕ иудзинады+. Адӕттӕ уӕм ногӕй фыссон, уый мын зын нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕ уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.  Уӕхи хъахъхъӕнут хӕлд адӕмӕй*+, уӕхи хъахъхъӕнут ӕвзӕргӕнджытӕй, уӕхи хъахъхъӕнут, буарыл сунӕт чи кӕнын кӕны, уыдонӕй+.  Ӕцӕг сунӕтгонд+ мах стӕм: мах Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, йӕ сыгъдӕг тых*+ куыд амоны, афтӕ, сӕрыстыр стӕм Йесо Чырыстийӕ+ ӕмӕ нӕ ныфс зӕххон хъуыддӕгтыл нӕ дарӕм+.  Ӕниу, кӕд искӕмӕн йӕ бон у зӕххон хъуыддӕгтыл йӕ ныфс дарын, уӕд мӕнӕн. Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ бон у зӕххон хъуыддӕгтыл йӕ ныфс дарын, уӕд мӕнӕн та ноджы тынгдӕр у мӕ бон+:  куы райгуырдтӕн, уӕд мын ӕстӕм бон сунӕт скодтой+, ӕз дӕн Израилы адӕмӕй, Вениамины хӕдзарвӕндагӕй+, мӕхӕдӕг дӕр дӕн дзуттаг, ӕмӕ мӕ ныййарджытӕ дӕр уыдысты дзуттӕгтӕ+; закъоны кой куы кӕнӕм, уӕд уыдтӕн фарисей+;  диныл куыд ӕнувыд уыдтӕн, уый кой куы кӕнӕм, уӕд ӕфхӕрдтон ӕмбырд+; закъоны фӕрцы цы рӕстдзинад ис, уый кой куы кӕнӕм, уӕд мӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыд.  Фӕлӕ, царды хорзӕй цы ссардтон, уыдон Чырыстийы тыххӕй ныууагътон+.  О, ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы+. Уый тыххӕй ӕз алцыдӕр ныууагътон ӕмӕ сӕ нымайын быроныл+, цӕмӕй ссарон Чырыстийы  ӕмӕ уон йемӕ иудзинады. Уый мӕхи рӕстдзинады, ома закъон кӕй ӕххӕст кӕнын+, уый фӕрцы нӕу, фӕлӕ, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндын+, уый фӕрцы – уыцы рӕстдзинад цӕуы Хуыцауӕй уырнындзинады+ фӕрцы. 10  Мӕ нысан та уый у, цӕмӕй, Чырысти цы мӕлӕтӕй амард, мӕхи ахӕм мӕлӕтмӕ раттон+, ӕмӕ йын афтӕмӕй базонон йӕхи дӕр ӕмӕ, кӕй райгас, уымӕн цы тых+ ис, уый дӕр ӕмӕ хайджын уон йӕ хъизӕмӕрттӕй+, 11  кӕд исты хуызы ӕз дӕр уаин, мӕрдтӕй фыццаг чи райгас уа+, уыдоны ’хсӕн. 12  Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ, цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уый мӕ къухы бафтыд кӕнӕ алцӕмӕй ӕххӕст сдӕн+, фӕлӕ ӕппӕт хъарутӕй тырнын+ уымӕ, кӕд мӕ къухы бафтид+, Йесо Чырысти мӕ цӕй тыххӕй равзӕрста+, уый. 13  Ме ’фсымӕртӕ, ӕз мӕхицӕй нырма афтӕ нӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ мӕ къухы бафтыд, фӕлӕ иу хъуыддаг у бӕлвырд: ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый+ ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ+. 14  Ӕз ӕппӕт хъарутӕй тырнын мӕ нысанмӕ+, цӕмӕй райсон Хуыцауы хӕрзиуӕг+, Йесо Чырыстийы фӕрцы мӕ кӕмӕ ӕрхуыдта+, уыцы уӕларвон цард. 15  Ӕмӕ нӕ уӕдӕ фӕлтӕрд чи у, уыдон+ се ’ппӕт дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕнт+. Кӕд исты хъуыддаджы ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнут, уӕд та уын Хуыцау раргом кӕндзӕн, раст куыд у, уый. 16  Куыдфӕнды ма уа,– цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм+. 17  Ме ’фсымӕртӕ, уе ’ппӕт дӕр иумӕ мӕн бафӕзмут+ ӕмӕ кӕсут, мах куыд кодтам, афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ+, 18  уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ сӕхи куыд дарынц, уымӕй ӕвдисынц, Чырыстийы хъизӕмӕртты хъӕды знӕгтӕ кӕй сты+,– сӕ кой уын арӕх кодтон ӕмӕ та уын ныр дӕр сӕ кой кӕнын цӕссыгкалгӕйӕ. 19  Уыдонӕн сӕ кӕрон цӕуы сӕфтмӕ+, сӕ хуыцау у сӕ гуыбын+, сӕрыстыр сты, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уыдӕттӕй+, сӕ хъуыдытӕ сты зӕххон хъуыддӕгтыл+. 20  Фӕлӕ махӕн нӕ бӕстӕ+ ис уӕлӕрвты+. Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм+ ирвӕзынгӕнӕгмӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстимӕ, уӕлӕрвты чи ис, уымӕ+. 21  Уый йе стыр тыхӕй аивдзӕн+ нӕ ницӕйаг буар+, цӕмӕй суа йӕ кадджын буары хуызӕн+, ӕмӕ уыцы тыхӕй ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар бакӕндзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «куыйтӕй».
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.