1 Коринфӕгтӕм 9:1—27
9 Ау, сӕрибар нӕ дӕн?+ Ау, апостол нӕ дӕн?+ Исты нӕ Хицау Йесойы нӕ федтон?+ Ӕмӕ сымах нӕ Хицауы хъуыддаджы мӕ фыдӕбон не стут?
2 Кӕд иннӕтӕн нӕ дӕн апостол, уӕддӕр сымахӕн дӕн – сымах уӕхӕдӕг стут бӕлвырдгӕнӕн*+, Хицауы хъуыддаджы апостол кӕй дӕн, уымӕн.
3 Тӕрхон мын чи кӕны, уыдонӕн афтӕ зӕгъдзынӕн+:
4 уый бар нын нӕй, ӕмӕ хӕрӕм+ ӕмӕ нуазӕм?
5 Науӕд нын уый бар нӕй, цӕмӕй иннӕ апостолтау, стӕй нӕ Хицауы ӕфсымӕртӕ+ ӕмӕ Кифӕйау+ махӕн дӕр нӕ фарсмӕ уырнӕг устытӕ+ уа ӕмӕ сӕ немӕ кӕнӕм?
6 Ӕви ӕрмӕстдӕр Варнавӕйӕн+ ӕмӕ мӕнӕн нӕй уый бар, цӕмӕй ма кусӕм?+
7 Афтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхи хардзӕй лӕггад кӕна? Кӕнӕ афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг сӕнӕфсирдон скӕна, йӕ сӕнӕфсирӕй та йын ма хӕра?+ Науӕд афтӕ вӕййы, ӕмӕ фыййау фосы дзуг хиза, фосы дзуг цы ӕхсыр дӕтты, уымӕй та ма нуаза?+
8 Мыййаг, адӕймаджы зондӕй дзурын адӕттӕ?+ Закъон+ дӕр афтӕ нӕ зӕгъы?
9 Моисейы закъоны афтӕ куы ис фыст: «Гал хор куы най кӕна, уӕд ын йӕ дзых бастӕй ма дар»+. Ау, Хуыцауӕн галтыл у йӕ мӕт?
10 Ӕви уыдӕттӕ иууылдӕр мах тыххӕй зӕгъы? Уый мах тыххӕй ӕрцыд фыст+, уымӕн ӕмӕ хуымгӕнӕг хъуамӕ хуым кӕна ныфсимӕ, ӕмӕ найгӕнӕг дӕр хъуамӕ най кӕна, хорӕй йӕ хай кӕй райсдзӕн, ууыл йӕ зӕрдӕ даргӕйӕ+.
11 Кӕд уӕм мах, Хуыцау цы дӕтты, уыдӕттӕ байтыдтам+, уӕд цас диссаг у, ӕмӕ, хъуаг цӕмӕй стӕм, уый сымахӕй райсӕм?+
12 Кӕд уыл иннӕты бар цӕуы+, уӕд уыл махӕн ноджы тынгдӕр нӕ цӕуы нӕ бар? Ӕмӕ уӕддӕр мах уыцы бартӕй не спайда кодтам+, фӕлӕ ӕппӕтӕн дӕр быхсӕм, цӕмӕй Чырыстийы тыххӕй хорз хабарӕн+ къуылымпыйы хос мацӕмӕй уӕм.
13 Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ, Хуыцауы кувӕндоны чи лӕггад кӕны, уыдон, кувӕндоны цы ис, уымӕй кӕй фӕхӕрынц+ ӕмӕ, ӕдзухдӕр нывондхӕссӕны раз чи лӕггад кӕны, уыдонӕн+ нывондхӕссӕнимӕ иумӕ нывӕндтӕй хай кӕй ис?
14 Афтӕ, хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны тыххӕй дӕр нӕ Хицау загъта+, цӕмӕй цӕрой хорз хабары фӕрцы+.
15 Фӕлӕ ӕз ацы фадӕттӕй иуӕй дӕр не спайда кодтон+. Ӕмӕ уӕм адӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, цӕмӕй ӕз дӕр афтӕ кӕнын райдайон. Цӕмӕй ӕппӕлын+, уымӕй ӕнӕхай фӕуон,– уый бӕсты амӕлдзынӕн.
16 Гъеныр кӕд хорз хабар хъусын кӕнын+, уӕд мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый мӕ хӕс у+. Ӕмӕ мӕгуыр мӕ бон+, хорз хабар куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд!
17 Кӕд уыцы хъуыддаг барвӕндонӕй кӕнын+, уӕд мын ис хӕрзиуӕг+. Кӕд ӕй ӕвӕндонӕй аразын, уӕддӕр мын, Хуыцау мын мӕ бар цы бакодта, уый ӕнӕкӕнгӕ нӕй+.
18 Ӕмӕ мын уӕд цавӕр хӕрзиуӕг ис? Ахӕм, ӕмӕ, хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ, мӕ бон у хорз хабар иннӕтӕн лӕвар амонын+, цӕмӕй мын хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ цы бартӕ ис, уыдонӕй мӕхи хорзӕн ма пайда кӕнон.
19 Кӕд иу адӕймагӕй дӕр хӕсджын ницӕмӕй дӕн, уӕддӕр се ’ппӕтӕн дӕр сдӕн цагъар+, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнон+ чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн.
20 Дзуттӕгтӕн сдӕн дзуттаг+, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнон дзуттӕгтӕн. Закъоны дӕлбар чи у, уыдонӕн сдӕн, цыма закъоны дӕлбар дӕн, афтӕ+,– кӕд мӕхӕдӕг закъоны дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр+,– цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнон, закъоны дӕлбар чи у, уыдонӕн.
21 Закъоны дӕлбар чи нӕу, уыдонӕн+ сдӕн, цыма закъоны дӕлбар нӕ дӕн, афтӕ+,– кӕд Хуыцауы раз ӕнӕзакъон нӕ дӕн, фӕлӕ Чырыстийы+ закъоны дӕлбар дӕн+, уӕддӕр,– цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнон, закъоны дӕлбар чи нӕу, уыдонӕн.
22 Лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн сдӕн лӕмӕгъ+, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнон, лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн. Алыхуызон адӕмӕн дӕр+ сдӕн алцыдӕр, цӕмӕй исты хуызы иуӕй-иуты уӕддӕр фервӕзын кӕнон.
23 Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон+.
24 Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ ерысы згъорджытӕ+ се ’ппӕт дӕр кӕй фезгъорынц, фӕлӕ дзы хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр иу кӕй райсы?+ Уӕдӕ афтӕ згъорут+, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат+.
25 Стӕй ерысты архайджытӕй алчидӕр алцӕмӕй дӕр йӕхиуыл хӕцы+. Ӕмӕ уыдон уый аразынц, цӕмӕй райсой, ӕмбийгӕ чи кӕны, ахӕм кадыхуд+, мах та – цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм кадыхуд+.
26 Уӕдӕ ӕз афтӕ не згъорын+, цыма, цӕй тыххӕй згъорын, уый нӕ зонын, ӕмӕ мӕ цӕфтӕ дӕр афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын+.
27 Фӕлӕ мӕ буар хъизӕмарӕй марын+ ӕмӕ дзы цагъар аразын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн фехъусын кӕнгӕйӕ, мӕхӕдӕг аккаг нӕ дӕн+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «мыхуыр».