1 Паддзӕхты 10:1—29
10 Савӕйы+ ус-паддзах фехъуыста Соломоны кады тыххӕй, Йегъовӕйы номы фӕрцы куыд скадджын, уый тыххӕй+. Ӕмӕ йӕм ӕрцыд, цӕмӕй йӕ зын фарстатӕй бафӕлвӕрдтаид+.
2 Иерусалиммӕ ӕрцыди дуне адӕмимӕ+. Теуатыл+ ӕрбаласта бальзамы сой+, тынг бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Ӕмӕ Савӕйы ус-паддзах бацыд Соломонмӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттыл йемӕ ныхас кӕнын райдыдта+.
3 Ӕмӕ йын Соломон бамбарын кодта, цӕмӕй йӕ фарста, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Йӕ фарстатӕй иу дӕр ахӕм нӕ уыд, ӕмӕ йын паддзах дзуапп ма зыдтаид+.
4 Савӕйы ус-паддзах куы федта, Соломон цы стыр зонды хицау у+, цы хӕдзар сарӕзта+,
5 йӕ фынгыл цавӕр хӕринӕгтӕ+ ӕмӕ нозт ис+, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фынджы уӕлхъус куыд бадынц, уырдыглӕуджытӕ куыд лӕггад кӕнынц ӕмӕ куыд конд сты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары цавӕр судзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссы, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд+.
6 Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Мӕ бӕстӕйы дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уый ӕцӕг разынд+.
7 Ӕз уыцы ныхӕстыл не ’ууӕндыдтӕн, цалынмӕ не ’рцыдтӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр мӕхи цӕстӕй нӕ федтон, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ ныр уынын, се ’мбис дӕр кӕй нӕ радзырдтой+. Дӕ зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппындӕр ницы сты, цы федтон, уыимӕ абаргӕйӕ+.
8 Куыд амондджын сты дӕ адӕм!+ Куыд амондджын сты+ дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы ӕмӕ дын дӕ зондмӕ чи хъусы!+
9 Табу+ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, дӕу Израилы паддзахбадӕныл чи ӕрбадын кодта+, уыцы Хуыцауӕн! Йегъовӕ ӕнусон уарзтӕй бауарзта Израилы адӕмы+ ӕмӕ дӕ паддзахӕй сӕвӕрдта+, цӕмӕй рӕстӕй+ тӕрхон кӕнай»+.
10 Ӕмӕ стӕй паддзахӕн балӕвар кодта+ сӕдӕ дыууын таланты сызгъӕрин+, тынг бирӕ бальзамы сой+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Паддзах Соломонӕн Савӕйы ус-паддзах цас бальзамы сой ӕрласта, уыйбӕрц ын никуыуал ничи ӕрласта.
11 Хирамы наутӕ+ ма Офирӕй+ сызгъӕринӕй уӕлдай ластой тынг бирӕ сырх хъӕдӕрмӕг+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ+.
12 Ӕмӕ паддзах сырх хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта Йегъовӕйы хӕдзары+ ӕмӕ паддзахы хӕдзары быцӕутӕ, стӕй зарӕггӕнджытӕн дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+ ӕмӕ хъисфӕндыртӕ+. Уыйбӕрц сырх хъӕдӕрмӕг абоны онг дӕр никуыуал ӕрластой, никуыуал дзы уыди ахӕм.
13 Паддзах Соломон Савӕйы ус-паддзахӕн йӕ рӕдау зӕрдӕйӕ+ цы лӕвӕрттӕ ракодта, уымӕй уӕлдай ма йын радта, цыдӕриддӕр ӕй хъуыди ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ракуырдта, уый дӕр. Уый фӕстӕ Савӕйы ус-паддзах йӕ лӕггадгӕнджытимӕ фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхт+.
14 Соломонмӕ алы аз дӕр цы сызгъӕрин+ ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыд ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз сызгъӕрин таланты*+.
15 Уымӕй уӕлдай ма йӕм ӕфтиаг цыд сӕудӕджертӕй ӕмӕ базаргӕнджытӕй, стӕй аравиаг+ паддзӕхтӕй+ се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ бӕстӕйы хицӕуттӕй.
16 Паддзах Соломон хӕццӕ* сызгъӕринӕй скодта дыууӕсӕдӕ стыр уарты+ – стыр уартытыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, алкӕцыйыл дӕр дзы ацыд фӕйнӕ ӕхсӕзсӕдӕ сиклы*+,
17 ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ гыццыл уарты – гыццыл уартытыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, алкӕцыйыл дӕр дзы ацыд фӕйнӕ ӕртӕ минӕйы*+. Стӕй сӕ паддзах сӕвӕрдта, Ливаны хъӕд кӕй хуыдтой, уыцы хӕдзары+.
18 Паддзах ма скодта стыр паддзахбадӕн+ пылыстӕгӕй+ ӕмӕ йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
19 Паддзахбадӕнмӕ арӕзт уыд асинтӕ, уыди дзы ӕхсӕз къӕпхӕны, йӕ сӕрмӕ та уыди тымбылгонд арӕзт ӕмбӕрзӕн. Паддзахбадӕнӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди къухӕвӕрӕнтӕ, ӕмӕ уыцы къухӕвӕрӕнты+ раз лӕууыд дыууӕ домбайы+.
20 Асинты ӕхсӕз къӕпхӕныл та лӕууыд дыууадӕс домбайы – лӕууыдысты иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. Ахӕм паддзахбадӕн иу паддзахады дӕр нӕ уыд+.
21 Паддзах Соломоны нуазӕн къустӕ иууылдӕр уыдысты сызгъӕринӕй. Ӕмӕ, Ливаны хъӕд кӕй хуыдтой, уыцы хӕдзары мигӕнӕнтӕ+ дӕр иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг сызгъӕринӕй+. Ӕвзистӕй дзы ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны рӕстӕджы ӕвзистӕн кад нӕ уыд.
22 Паддзахӕн ма Хирамы наутӕй уӕлдай денджызы уыди фарсисаг+ наутӕ дӕр. Фарсисаг наутӕ-иу ӕртӕ азы иу хатт ӕрластой сызгъӕрин+, ӕвзист, пылыстӕг+, маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.
23 Зӕххыл цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй Соломонӕй хъӕздыгдӕр+ ӕмӕ зондджындӕр+ паддзах нӕ уыд.
24 Ӕмӕ зӕххыл алкӕй дӕр фӕндыд Соломоны фенын ӕмӕ йӕ Хуыцау цы стыр зондӕй схайджын кодта, уымӕ байхъусын+.
25 Алчидӕр ын хаста лӕвӕрттӕ+: ӕвзист+ ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ, уӕлӕдарӕс, хӕцӕнгарз+, бальзамы сой, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфстӕ+. Ӕмӕ афтӕ алы аз дӕр+.
26 Соломон йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстон бӕхтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Уыди йӕм иу мин цыппарсӕдӕ бӕхуӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс мин хӕстон бӕхы+, ӕмӕ сӕ дардта, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы, паддзахмӕ хӕстӕг+.
27 Паддзах Иерусалимы уыйбӕрц ӕвзист ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыди дуртау бирӕ+, ӕмӕ кедр та – Шефелӕйы чи зайы, уыцы сикоморбӕлӕстау бирӕ+.
28 Соломонӕн бӕхтӕ ӕрвыстой Египетӕй, ӕмӕ-иу паддзахы сӕудӕджертӕ бӕхты рӕгъау бӕлвырд аргъӕй балхӕдтой+.
29 Египетӕй бӕхуӕрдон ластой ӕхсӕзсӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ, бӕх та – сӕдӕ фӕндзай ӕвзист ӕхцайӕ. Паддзахы сӕудӕджертӕ ма бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ ластой хетты+ паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Сирийы паддзӕхтӕн дӕр.
Фиппаинӕгтӕ
^ 23 т бӕрц.
^ Ома, ӕндӕр згъӕримӕ кӕй бадон кодтой, ахӕм.
^ Иу сикл у 11,4 г.
^ Иу минӕ у 570 г. Кӕс Уӕлӕмх. 18.