ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2017 аз, январь

Ацы брошюрӕйы ис, 2017 азы 27 февралӕй 2 апрелмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Уыдон уыдысты цӕттӕ

Фӕсарӕнты чи лӕггад кӕны, уыцы ӕнӕцыд хотӕй бирӕтӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуынмӕ фыццаг сӕ ныфс нӕ хастой. Фӕлӕ сын цы баххуыс кодта? Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггадгӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр сты?

«Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад»

Нӕхи бон цы нӕ вӕййы саразын, уый Йегъовӕ нӕ бӕсты ӕхсызгонӕй саразы. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр, нӕ бон цы у, уый аразӕм. Цымӕ нын уыцы хъуыддаджы 2017 азы стих куыд баххуыс кӕндзӕн?

Хуыцау дын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн аргъ кӕн

Цы у ӕцӕг сӕрибардзинад ӕмӕ Библи уый тыххӕй цы дзуры? Иннӕты сӕрибардзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

Бонзонгӕдзинад абон дӕр ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?

Бонзонгӕдзинад цы у ӕмӕ сӕрныллӕгдзинадимӕ куыд баст у? Ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?

Бонзонгӕ у, уый ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр

Нӕ царды уавӕртӕ куы фӕивой, куы нӕ ӕфхӕрой, куы нӕ ӕппӕлой ӕмӕ нӕ уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд нӕ бон куыд у бонзонгӕйӕ архайын?

«Уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн»

Хистӕр кары ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ исой? Ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у равдисын, бирӕ азты дӕргъы разамынд чи лӕвӕрдта, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнынц?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты иу ранӕй иннӕ ранмӕ зынг куыд хастой?