Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты иу ранӕй иннӕ ранмӕ зынг куыд хастой?

БИБЛИЙЫ Райдианы 22:6 стихы фыст ис, Авраамы кӕй хъуыди дард ранмӕ ацӕуын ӕмӕ уым нывонд ӕрхӕссын. Ӕмӕ уый тыххӕй «сугтӕ рахаста... Исахъы ӕккой [сӕ] сӕвӕрдта, зынг ӕмӕ кард йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ дыууӕйӕ иумӕ ацыдысты».

Библийы ницы ис фыст, раджы заманты-иу арт куыд скодтой, уый тыххӕй. Райдианы чиныджы цы хабары кой ис, уый тыххӕй ӕппынкъаддӕр иу библииртасӕг зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, Авраамы ӕмӕ Исахъы хъуыди дард фӕндагыл цӕуын, ӕмӕ, дам, семӕ зынгтӕ куы рахастаиккой, уӕддӕр, дам, сын ахуыссыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ, цы зынджы кой дзы ис, уый, чи зоны, уыди, арт ссудзынӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ.

Фӕлӕ чидӕртӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы заманты арт скӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Адӕмӕн-иу ӕнцондӕр уыди сыхӕгтӕй зынгтӕ ракурын ӕмӕ уыдонӕй арт скӕнын. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Авраам йемӕ рахаста ӕлыг мигӕнӕн,– чи зоны, уыд рӕхысыл ауыгъд,– йӕ мидӕг та уыд, ӕхсӕвы артӕй кӕй рахафтой, уыцы тӕвд ӕвзалы кӕнӕ зынгтӕ (Ис. 30:14). Ахӕм зынгтӕй сӕ бон уыд фӕндагыл кӕмфӕнды дӕр хус хъӕдтӕй арт скӕнын.