СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ ДЫН ФЫЛДӔР ПАЙДА КӔД ӔРХӔСДЗӔН?
Библийы фӕрцы дӕ цард куыд фӕхуыздӕр уыдзӕн?
Библи хуымӕтӕг чиныг нӕу. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон сты не Сфӕлдисӕджы уынаффӕтӕ (2 Тимофеймӕ 3:16). Ацы чиныг дыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг фӕзына. Библи зӕгъы: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых» (Дзуттӕгтӕм 4:12). Уый нын царды разамынд дӕтты, стӕй нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй базонӕм Хуыцауы ӕмӕ нын фидӕнӕй цы ныфс ӕвӕры, уый (1 Тимофеймӕ 4:8; Иаковы 4:8).
Ӕххуыс нын кӕны нӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Библи нын ӕххуыс кӕны царды алы хъуыддаджы дӕр. Мӕнӕ дзы ӕрмӕст цалдӕр.
-
Иннӕтимӕ куыд хъуамӕ уӕм (Ефесӕгтӕм 4:31, 32; 5:22, 25, 28, 33).
-
Нӕ зӕрдӕйы фарн ӕмӕ не ’нӕниздзинад куыд хъахъхъӕнӕм (Псалом 37:8; Ӕмбисӕндтӕ 17:22).
- Уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм (
-
Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕхи дарынхъом уӕм (Ӕмбисӕндтӕ 10:4; 28:19; Ефесӕгтӕм 4:28) *.
Библийы уынаффӕтӕ тынг баххуыс кодтой иу ӕрыгон лӕг ӕмӕ усӕн Азийӕ. Дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд арӕх сӕ кӕрӕдзийыл дӕр ӕмӕ ӕргом ныхас кӕнын уайтагъд нӕ сахуыр вӕййынц. Ӕмӕ уый зӕгъӕн уыд ацы бинонтӕй дӕр. Фӕлӕ уыдон сӕ цард аразын райдыдтой, Библийы-иу цы бакастысты, уымӕ гӕсгӕ. Цымӕ сын уый исты ӕххуыс фӕци? Лӕг, Висент, зӕгъы: «Нӕ бинойнагимӕ зындзинӕдтыл дӕр куыннӕ ӕмбӕлдыстӕм. Фӕлӕ, Библийы цы кастӕн, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй нӕ уыцы зындзинӕдтӕ кӕрӕдзийӕ ма адард кодтаиккой. Библийы уынаффӕты фӕрцы абон амондджын стӕм». Йӕ бинойнаг Аналу дӕр разы у йемӕ: «Библийы кӕй тыххӕй кастыстӕм, уыцы адӕмы царды хабӕрттӕ нын тынг баххуыс кодтой. Ныр нӕ бинонты цардӕй райгонд дӕн ӕмӕ нӕ дыууӕ дӕр стӕм амондджын. Нӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм, уыдоны фӕрцы та ноджы ӕнгомдӕр стӕм».
Ӕххуыс нын кӕны Хуыцауы базонынӕн. Висентӕн Библи ӕрмӕст йӕ бинонты царды нӕ баххуыс кодта. Мӕнӕ ма цы загъта ноджыдӕр: «Йегъовӕмӕ ныры хуызӕн ӕввахс никуы уыдтӕн. Библи кӕй кӕсын, уый фӕрцы сси мӕ хорз хӕлар». Висенты ныхӕстӕй бӕрӕг у, Библи дын кӕй баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы базонынӕн дӕр. Уӕдӕ ацы чиныг куы кӕсай, уӕд Хуыцауы уынаффӕты фӕрцы дӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ ма йӕ хорз хӕлар дӕр суыдзынӕ. Уымӕй уӕлдай ма базондзынӕ, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй – ӕнустӕм амондджынӕй кӕм цӕрдзыстӕм, уыцы «ӕцӕг царды» тыххӕй (1 Тимофеймӕ 6:19). Уыдӕттӕ ӕндӕр никӕцы чиныгӕй ис базонӕн.
Библийы фӕрцы дӕуӕн дӕр дӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы базондзынӕ. Фӕлӕ йӕ куы кӕсай, уӕд дӕм, чи зоны, бирӕ фарстатӕ уа. Ахӕм уавӕры хорз уаид бафӕзмын, 2 000 азы размӕ чи цард, уыцы ефиопаг хицауы. Фыстад куы каст, уӕд дзы бирӕ цыдӕртӕ не ’мбӕрста. Ӕмӕ йӕ куы бафарстой, цы кӕсыс, уый ӕмбарыс, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?» * Йемӕ чи ныхас кодта, уый уыд Филипп, Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй иу. Филипп Фыстад хорз зыдта, ӕмӕ йын ефиопаг хицау йе ’ххуысыл цингӕнгӕйӕ сразы (Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31, 34). Кӕд дӕу дӕр Библи хуыздӕр базонын фӕнды, уӕд ныффысс, ацы брошюрӕйы цы адристӕ ис, уыдонӕй иуыл. Кӕнӕ дӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй хӕстӕг чи цӕры, уыдонӕй искӕмӕн зӕгъ, йе та, кӕм фембырд кӕнынц, уыцы Паддзахады залмӕ бацу. Цӕй уӕдӕ Библи абон кӕсын райдай ӕмӕ дӕ цард уымӕ гӕсгӕ араз, ӕмӕ уӕд амондджындӕр уыдзынӕ.
Библийыл фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый базонын дӕ кӕд фӕнды, уӕд бакӕс цыбыр видеороликмӕ «Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?».
^ 8 абз. Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис нӕ сайты.
^ 11 абз. Ноджыдӕр кӕс ацы брошюрӕйы статья «Библи раст ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?»