Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи цы дзуры?

Библи цы дзуры?

Армагеддон цы у?

Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц,

уый ядерон хӕст кӕнӕ цавӕрдӕр стыр ӕрдзон бӕллӕх кӕй у. Дӕумӕ та куыд кӕсы?

Библийы цы фыст ис?

Армагеддон амоны, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Уыцы хӕсты фыдгӕнджытӕ сӕфт ӕрцӕудзысты (Раргомад 16:14, 16).

Библийӕ ма цы ис базонӕн?

  • Хуыцау Армагеддоны хӕст уый тыххӕй нӕ райдайдзӕн, цӕмӕй зӕхх фесафа, фӕлӕ йӕ цӕмӕй бахъахъхъӕна, чи йӕ сафы, уыцы адӕмӕй (Раргомад 11:18).

  • Армагеддоны хӕст кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт хӕстытӕн (Псалом 46:8, 9).

Армагеддоны хӕсты аирвӕзӕн уыдзӕн?

Цавӕр дзуапп раттис?

  • О

  • Нӕ

  • Чи зоны

Библийы цы фыст ис?

Армагеддоны хӕст фӕуыдзӕн «стыр бӕллӕхӕй», ӕмӕ уӕд ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй «тынг бирӕ адӕм» аирвӕздзысты (Раргомад 7:9, 14).

Библийӕ ма цы ис базонӕн?

  • Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй Армагеддоны фылдӕр адӕм аирвӕза. Хуыцау фыдгӕнӕджы фесафы, ӕндӕр гӕнӕн куы нал вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд (Йезекил 18:32).

  • Библи ӕмбарын кӕны, Армагеддоны аирвӕзӕн цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый (Софони 2:3).