Йесо Чырысти ӕцӕгӕй цыхуызӕн уыд?
Йесо Чырысти цыхуызӕн уыд, уый бӕлвырд ничи зоны, уымӕн ӕмӕ нывгӕнджытӕй ӕмӕ скульптортӕй никуы никӕмӕ бацыд, цӕмӕй йӕ сныв кодтаиккой кӕнӕ йын цырт скодтаиккой. Фӕлӕ-иу уӕддӕр ӕнусты дӕргъы бирӕ нывгӕнджытӕ Чырыстийы нывтӕ скодтой.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы нывгӕнджытӕ нӕ зыдтой, Чырысти ӕцӕгӕй цыхуызӕн уыд, уый. Ӕмӕ йӕ куыд ныв кодтой, ууыл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕци, сӕ заманты цы культурӕ уыд ӕмӕ, цы диныл хӕст уыдысты, уый. Стӕй ма сыл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕци, чи сын сӕ ныв кӕнын кодта, уыдон-иу сын цы загътой, уый дӕр. Уыцы нывты тыххӕй бирӕтӕ, Чырысти цыхуызӕн уыд ӕмӕ адӕмӕн цы амыдта, уый фӕдыл алыхуызон рӕдыд хъуыдытыл ныххӕцыдысты.
Иуӕй-иу нывгӕнджытӕ-иу Чырыстийы сныв кодтой лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕбон адӕймагӕй, даргъ сӕрыхъуынтимӕ ӕмӕ тӕнӕг боцъотимӕ. Йӕ цӕсгом та-иу ын ӕнкъардӕй сныв кодтой. Чидӕртӕ та-иу ӕй сныв кодтой, йӕ сӕрмӕ рухс кӕмӕн ӕрттивы, ахӕм зӕды хуызы кӕнӕ, йӕхи иннӕтӕй дард чи ласы, ахӕм адӕймагӕй. Цымӕ уыцы нывтӕ, Чырысти ӕцӕгӕй цыхуызӕн уыд, уый ӕвдисынц? Уый бамбарӕн ис Библийы фӕрцы. Стӕй ма Библийӕ базонӕн ис, цавӕр адӕймаг уыд, уый дӕр.
«ӔРЦӔТТӔ [МЫН] КОДТАЙ БУАР»
Ацы ныхӕстӕ Чырысти, ӕвӕццӕгӕн, загъта, донаргъуыд исгӕйӕ Хуыцаумӕ куы скуывта, уӕд (Дзуттӕгтӕм 10:5; Матфейы 3:13–17). Цымӕ йын цавӕр буар уыди? Уыцы хабарӕй иу-30 азы раздӕр зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу... Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:31, 35). Уӕдӕ Йесо уыди ӕххӕст адӕймаг, Адам куыд уыд, раст афтӕ (Лукайы 3:38; 1 Коринфӕгтӕм 15:45). Йесо, ӕвӕццӕгӕн, уыди хӕрзконд, фидӕрттӕ арӕзт нӕлгоймаг. Ӕмӕ цӕсгомӕй та уыдаид дзуттӕгты хуызӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мад, Марийӕ, уыцы адӕмыхаттӕй уыд.
Ромӕгтӕй уӕлдай дзуттӕгтӕм боцъотӕ дарын кадджын уыди, ӕмӕ сӕ Йесо дӕр дардта. Йӕ боцъотӕ даргъ ӕмӕ пыхцыл нӕ уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕм зылдаид. Стӕй йӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕлвыдтаид. Сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕлвыныны бар нӕ уыд ӕрмӕстдӕр назорейтӕн, зӕгъӕм, Самсонӕн (Нымӕцтӕ 6:5; Тӕрхонгӕнджыты 13:5).
Чырысти йӕ цардӕн йӕ фылдӕр хай кодта хъӕддӕсныйы куыст, ӕмӕ йӕ кусӕнгӕрзтӕ, абон кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, ахӕмтӕ кӕцӕй уыдаиккой (Марчы 6:3). Уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыди тыхджын адӕймаг. Иухатт кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ дзы цы уӕйгӕнджытӕ уыд, уыдоны «сӕ фыстимӕ ӕмӕ сӕ галтимӕ кувӕндонӕй ратардта. Ӕхцаивджытӕн дӕр се ’хцатӕ ныппырх кодта ӕмӕ сын се стъӕлттӕ афӕлдӕхта» (Иоанны 2:14–17). Лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕбон адӕймаг иунӕгӕй ахӕм хъуыддаг нӕ бакодтаид. Йесо, Хуыцау ын цы хъарутӕ радта, уыдон иууылдӕр сарӕзта, цы хъуыддаг ын бабар кодта, уымӕ. Уый загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43). Ӕнӕхъӕн Палестинӕйы хъусын кӕнгӕйӕ-иу фистӕгӕй бирӕ фӕцыд, ӕмӕ уымӕн бирӕ хъарутӕ куыннӕ хъуыдаид!
«ӔРЦӔУТ [МӔМ], ӔМӔ УЫН ӔЗ УДӔНЦОЙ РАТДЗЫНӔН»
Ацы ныхӕстӕ Чырысти загъта, «фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста», уыдонӕн. Ӕмӕ йын уыцы адӕм йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕстӕнгасӕй дӕр, стӕй, йӕхи куыд Матфейы 11:28–30). Йӕ хӕларзӕрдӕдзинад сӕ ныфс уагъта. Чырысти сын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фӕдыл куы цӕуой, уӕд сын удӕнцой кӕй ратдзӕн. Суанг ма йӕм сывӕллӕттӕ дӕр цыдысты. Библийы ма афтӕ фыст дӕр ис, зӕгъгӕ, «сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта» (Марчы 10:13–16).
дардта, уымӕй дӕр бӕрӕг уыди, фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг кӕй уыд (Кӕд йӕ мӕлӕты размӕ Йесо хъуырдухӕн кодта, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, ӕдзухдӕр ӕнкъард чи уыд, ахӕм адӕймаг уыди. Зӕгъӕм, иухатт горӕт Канӕйы уыди чындзӕхсӕвы ӕмӕ ма дзы суанг адӕмӕн донӕй сӕн дӕр сарӕзта (Иоанны 2:1–11). Ӕндӕр хӕттыты та-иу фынгыл бадгӕйӕ адӕмӕн бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ амыдта (Матфейы 9:9–13; Иоанны 12:1–8).
Сӕйраджыдӕр та, Йесо хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс, ӕмӕ сын уый цины хос куыннӕ уыдаид (Иоанны 11:25, 26; 17:3). Йӕ 70 ахуыргӕнинаджы йын, уацамынды сыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый куы радзырдтой, уӕд «йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг». Йесо сын загъта: «Цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл» (Лукайы 10:20, 21).
«СЫМАХ ТА АФТӔ МА КӔНУТ»
Чырыстийы рӕстӕджы дины разамонджытӕ адӕмы ӕргом сӕхимӕ здӕхтой ӕмӕ адӕмӕн сӕхи схицау кодтой (Нымӕцтӕ 15:38–40; Матфейы 23:5–7). Фӕлӕ Йесо та йӕ апостолты фӕдзӕхста, цӕмӕй «сӕхи адӕмӕн ӕлдӕрттӕ [ма] кодтаиккой» (Лукайы 22:25, 26). Йесо сын загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут чиныджыдӕснытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын, стӕй ма сын цӕмӕй базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой, уый дӕр» (Марчы 12:38).
Уыцы дины разамонджытӕй уӕлдай Йесо йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымадта. Уый-иу арӕх уыд адӕмимӕ, ӕмӕ-иу ӕй хатгай иннӕты ’хсӕн зонгӕ дӕр нӕ бакодтой (Иоанны 7:10, 11). Стӕй йӕ 11 апостолӕй дӕр ницӕмӕй хицӕн кодта. Зӕгъӕм, адӕм ӕй ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд ын йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ апъа кодта, цӕмӕй сын бацамыдтаид, Чырысти сӕ кӕцы у, уый (Марчы 14:44, 45).
Уӕдӕ кӕд, Йесо Чырысти цыхуызӕн уыд, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм, уӕддӕр бӕрӕг у, нывты арӕх цыхуызӕн вӕййы, ахӕм кӕй нӕ уыд. Уӕвгӕ, ӕцӕгӕй цыхуызӕн уыд, уый зонынӕй бирӕ ахсджиагдӕр у, ныртӕккӕ цы бынат ахсы, уый зонын.
«ИУ ГЫЦЦЫЛ МА, ӔМӔ МӔ ДУНЕ НАЛ ФЕНДЗӔН»
Чырысти ацы ныхӕстӕ цы бон загъта, уыцы бон ӕй амардтой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой (Иоанны 14:19). Уый йӕ цард радта «бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Ӕртыккаг бон ӕй Хуыцау райгас кодта «уӕларвон буары» ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты «радта фадат, цӕмӕй йӕ федтаиккой» (1 Петры 3:18; Хъуыддӕгтӕ 10:40). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕзынд, уӕд цымӕ цыхуызӕн уыди? Куыд зыны, афтӕмӕй ныр тынг хицӕн кодта, уый размӕ цыхуызӕн уыд, уымӕй, уымӕн ӕмӕ-иу ӕй суанг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уайтагъд нӕ базыдтой. Марийӕ Магдалинӕ йӕ дыргъдонгӕс фенхъӕлдта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ Еммаусмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд ӕй уыдон дӕр нӕ базыдтой (Лукайы 24:13–18; Иоанны 20:1, 14, 15).
Цымӕ абон та Чырысти нӕ цӕстытыл цыхуызӕнӕй хъуамӕ ауайа? Йӕ мӕлӕтӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд ӕй Иоанн, бирӕ кӕй уарзта, уыцы апостол, цӕстылуайӕны федта. Иоанн, хъӕдыл кӕй байтыгътой ӕмӕ йӕ уд чи исы, ахӕм адӕймаджы нӕ федта, фӕлӕ федта «паддзӕхты Паддзахы ӕмӕ хицӕутты Хицауы», ома Хуыцауы Паддзахады Паддзахы. Уыцы Паддзах тагъд рӕстӕджы Хуыцауы знӕгтыл – хӕйрӕджытыл дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕмыл дӕр – фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ адӕмӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн (Раргомад 19:16; 21:3, 4).