Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕс

Рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕс

Ден ӕмӕ Маргаретмӕ * уазӕгуаты ӕрбацыд сӕ чызг йӕ лӕгимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ лӕппуимӕ. Маргарет уӕд пенсийы уыд, уый размӕ та куыста пъовырӕй. Йӕ уазджыты ӕрбацыд ын ӕхсызгон уыд, ӕмӕ сфӕнд кодта макъаронтӕ цыхты соусимӕ скӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ чызджы сывӕллӕттӕ уыцы хӕринаг тынг уарзтой.

Иууылдӕр фынгыл куы ӕрбадтысты, уӕд Маргарет хӕринаг рахаста ӕмӕ йӕ стъолы астӕу ӕрӕвӕрдта. Аджы сӕр куы бакодта, уӕд хорзау нал фӕци – аджы цыхты соус йеддӕмӕ ницы уыд! Маргареты ферох, уыцы хӕринаджы сӕйраг цы уыд, уый, макъаронтӕ.

Цыфӕнды кары кӕнӕ цыфӕнды фӕлтӕрдджын ма уӕм, уӕддӕр нӕ алчидӕр рӕдийы. Нӕ нӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй нӕ цыдӕр ӕнӕрхъуыды ныхас сирвӕзы йе та цыдӕр раст нӕ саразӕм. Хатгай та фӕрӕдийӕм, цыдӕр нӕ кӕй айрох вӕййы, уый тыххӕй. Уӕдӕ нӕхӕдӕг кӕнӕ ӕндӕр исчи куы фӕрӕдийа, уӕд цы хъуамӕ аразӕм? Нӕхи рӕдыдтытӕй цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ӕмӕ иннӕты рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕсӕм.

НӔ РӔДЫДТЫТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСӔМ? ХУЫЦАУ ТА СӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Истӕй тыххӕй нӕ куы раппӕлынц, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ йӕ фембарӕм, цыдӕр нын хорз кӕй рауад. Ӕмӕ кӕд уый ӕмбарӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ рӕдыд дӕр бамбарӕм, кӕд ӕй ӕнӕрхъуыдыйӕ сарӕзтам кӕнӕ йӕ ничи базыдта, уӕддӕр. Ӕмӕ уымӕн та хъӕуы сӕрныллӕгдзинад.

Сӕрбӕрзонд куы уӕм, уӕд, чи зоны, нӕхи рӕстытӕ кӕнӕм, ахӕм стыр рӕдыд куы нӕу, зӕгъгӕ, йе та иннӕты аххосджын кӕнӕм кӕнӕ ма нӕ рӕдыдыл сӕтгӕ дӕр ма бакӕнӕм. Ахӕм зондахаст адӕймаджы хорзмӕ не ’ркӕндзӕн. Хъуыддаг дӕр нӕ банывыл уыдзӕн ӕмӕ ма иннӕтӕ дӕр, чи зоны, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййафой. Ӕмӕ, рӕдыд цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕркӕны, уыдонӕй абон нӕхи куы бахизӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, ӕппынфӕстаг махӕй «алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп [кӕй] ратдзӕн» (Ромӕгтӕм 14:12).

Хуыцау адӕмы рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕсы. Псаломты чиныджы фыст ис, Хуыцау «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг» кӕй у. Уый нын «нӕ рӕдыдтытӕ... ӕдзух нӕ дардзӕн нӕ цӕстмӕ, ӕнустӕм нӕм нӕ мӕсты кӕндзӕн». «Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу», ома зоны, ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдийаг кӕй стӕм (Псалом 103:8, 9, 14).

Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм ӕмӕ нӕхи ӕмӕ иннӕты рӕдыдтытӕм уый цӕстӕй кӕсӕм (Псалом 130:3). Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ йӕ Ныхасы дӕтты алыхуызон уынаффӕтӕ ӕмӕ разамынд.

НӔХӔДӔГ КӔНӔ ӔНДӔР ИСЧИ КУЫ ФӔРӔДИЙА, УӔД ЦЫ ХЪУАМӔ АРАЗӔМ?

Адӕймаг ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕрӕдийы, уӕд арӕх, йӕхи куыд сраст кӕна кӕнӕ иннӕты куыд фӕаххосджын кӕна, ууыл свӕййы. Фӕлӕ кӕд ныхасӕй искӕй фӕхъыг кодтай, уӕд бирӕ хуыздӕр уыдзӕн, хатыр дзы куы ракурай, дӕ рӕдыд куы сраст кӕнай ӕмӕ уыцы адӕймагимӕ бафидауыныл куы бацархайай. Йе та, зӕгъӕм, ахӕмӕй цыдӕр сарӕзтай, ӕмӕ уый тыххӕй дӕхӕдӕг кӕнӕ иннӕтӕ зындзинӕдты кӕнӕ, уымӕй фыддӕр, масты хай баисты, уӕд та? Дӕхи хӕрыны бӕсты кӕнӕ искӕй аххосджын кӕныны бӕсты хуыздӕр уыдзӕн, хъуыддаг банывыл кӕныныл куы бацархайай. Дӕ рӕдыдыл уайтагъд куы нӕ басӕттай, уӕд фылдӕр рӕстӕг мӕт кӕндзынӕ ӕмӕ ма уавӕр, гӕнӕн ис, ноджы фыддӕр фӕуа. Уӕдӕ-иу дӕ рӕдыдтытӕй ахуыр кӕн ӕмӕ-иу сӕ сраст кӕныныл бацархай.

Рӕдыд ӕндӕр исчи куы саразы, уӕд та? Уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йын йӕ рӕдыдмӕ бацамонӕм. Фӕлӕ зондыл дзурӕг уыдзӕн, Йесо Чырыстийы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм. Уый загъта: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12). Нӕхӕдӕг цыфӕнды гыццыл рӕдыд куы саразӕм, уӕддӕр нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ бамбарой ӕмӕ нын нӕ рӕдыд мацӕмӕ ӕрдарой. Ӕмӕ кӕд иннӕтӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн афтӕ хъуамӕ уӕм (Ефесӕгтӕм 4:32).

БИБЛИЙӔ ДЫН ЦАВӔР УАГӔВӔРДТӔ БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ

Адӕймаг цӕмӕн фӕрӕдийы? Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, «цыдӕр раст кӕй нӕ бамбары, алцы бӕлвырд кӕй нӕ фӕзоны кӕнӕ лӕмбынӕг кӕй нӕ вӕййы, уый тыххӕй». Ӕмӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, уыдӕттӕй нӕ хызт кӕй ничи у. Фӕлӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд къаддӕр рӕдийдзыстӕм.

Уыцы уагӕвӕрдтӕй иу у ахӕм: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг» (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Адӕймагмӕ-иу кӕронмӕ куы байхъусӕм ӕмӕ-иу нӕ дзуаппыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд-иу ӕнӕрхъуыды ныхас нӕ зӕгъдзыстӕм, стӕй-иу уайтагъд нӕ рамӕсты уыдзыстӕм. Уӕдӕ-иу лӕмбынӕг куы уӕм, уӕд-иу хабар бӕлвырд зондзыстӕм ӕмӕ-иу алцыдӕр раст бамбардзыстӕм. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы нӕхи рӕдыдтытӕй бахиздзыстӕм.

Библийы ма ис ӕндӕр уагӕвӕрд дӕр: «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ромӕгтӕм 12:18). Алкӕимӕ дӕр фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрыныл архай. Иннӕтимӕ иумӕ исты хъуыддаг куы аразай, уӕд-иу уӕздан у, раппӕл-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕ ныфс бауадз. Уӕд уын ӕнцондӕр уыдзӕн кӕрӕдзийӕн ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ ӕмӕ митӕ, ӕмӕ ма суанг стыр рӕдыдтытӕ дӕр, хатыр кӕнын.

Исты рӕдыд куы саразай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон дзы зондӕн райсын цы у, ууыл. Дӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ-иу ма фӕу, фӕлӕ-иу дӕ рӕдыдтытӕ нымай, хорз миниуджытӕ дӕм кӕй фӕрцы фӕзындзӕн, ахӕм фадӕттыл. Чи зоны дӕ хъӕуы фӕразондзинадыл кӕнӕ хиуылхӕцындзинадыл бакусын. Науӕд та дӕ, чи зоны, бацархайын хъӕуы, цӕмӕй уай фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕнӕ хӕларзӕрдӕ йе та, иннӕты уарзай ӕмӕ семӕ фӕрнӕй цӕрай (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр иннӕ хатт уыцы рӕдыдтытӕй дӕхи хиздзынӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ дӕ рӕдыдтыты тыххӕй дзуапп дӕттын зонай, фӕлӕ-иу дӕхи ӕгӕр ма хӕр. Ахӕм уавӕрты ахудын куы зонай, уӕд уый дӕр уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн.

РӔДЫДТЫТӔМ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

Рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕхи зӕрдӕйы дӕр фарн бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзыстӕм. Нӕ рӕдыдтытӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ӕмбаргӕдӕр суыдзыстӕм ӕмӕ иннӕтӕн немӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Стӕй нӕ ныфс дӕр нӕ асӕтдзӕн ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Иннӕтӕ дӕр сӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕныныл кӕй фӕархайынц, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд сӕм хорз зӕрдӕ дардзыстӕм. Уымӕй ахсджиагдӕр та, нӕ уарзӕгой Хуыцауы куы фӕзмӕм ӕмӕ уыйау иннӕтӕн зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд стыр хорзӕхтӕй хайджын уыдзыстӕм (Колоссӕгтӕм 3:13).

Статьяйы райдианы цы Маргареты кой кодтам, уымӕн цымӕ йӕ бинонтӕ афтӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ рӕдыды тыххӕй сӕ бадт фехӕлд? Нӕ. Се ’ппӕт дӕр, уыимӕ Маргарет йӕхӕдӕг дӕр, зӕрдиагӕй фӕхудтысты ӕмӕ цыхты соус ӕнӕ макъаронтӕй бахордтой! Уыцы хабарӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр ӕй Маргаретӕн йӕ чызджы лӕппутӕ нӕ ферох кодтой. Ӕмӕ-иу ӕй сӕхи сывӕллӕттӕн дӕр худгӕйӕ радзырдтой ӕмӕ-иу сӕ бабу ӕмӕ сӕ дедуйы ӕхсызгонӕй ӕрымысыдысты!

^ 2 абз. Нӕмттӕ ивд сты.