СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ЛӔВАР ЦЫ У?
«Уый уыди ӕппӕты хуыздӕр лӕвар»
Ацы ныхӕстӕ загъта иу 13-аздзыд чызг, къӕбыла йын куы балӕвар кодтой, уӕд. Йӕхи бизнес кӕмӕн ис, иу ахӕм сылгоймаг та загъта, хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд ын йӕ фыд компьютер кӕй балӕвар кодта ӕмӕ йын уыцы лӕвар йӕ цард кӕй фӕивта. Иу нӕлгоймагӕн та ӕппӕты хуыздӕр лӕвар уыд, йӕ бинойнаг ын, сӕ чындзӕхсӕвӕй иу аз кӕй рацыд, уый фӕдыл цы открыткӕ скодта, уый.
Алы аз дӕр адӕм бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз кӕнынц се ’мбӕлттӕн кӕнӕ сӕ хӕстӕджытӕн «ӕппӕты хуыздӕр» лӕвар агургӕйӕ. Ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сӕ лӕвар сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Уарзыс ахӕм лӕвӕрттӕ кӕнын? Ӕмӕ дӕуӕн дӕр ахӕм лӕвар куы скӕнынц, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы?
Ахӕм лӕвар кӕмӕн скӕнынц, ӕрмӕст уымӕн нӕ вӕййы ӕхсызгон, фӕлӕ йӕ чи скӕны, уымӕн дӕр. Библийы дӕр афтӕ фыст ис: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ лӕварӕн куы саргъ кӕнынц, уӕд та йын ноджы ӕхсызгондӕр вӕййы.
Уӕдӕ цымӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕхицӕн дӕр ӕмӕ, лӕвар кӕмӕн кӕныс, уымӕн дӕр уый цины хос уа? Ӕмӕ кӕд дӕ бон «ӕппӕты хуыздӕр» лӕвар скӕнын нӕу, уӕддӕр дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй адӕймагӕн дӕ лӕвар йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа?