Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ЛӔВАР ЦЫ У?

Ӕппӕты хуыздӕр лӕвар агургӕйӕ

Ӕппӕты хуыздӕр лӕвар агургӕйӕ

Ахӕм лӕвар ссарын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Стӕй, хорзыл нымад ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ йӕ кӕмӕн лӕвар кӕнӕм, уымӕй. Уымӕй уӕлдай, иу адӕймаджы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуа, уый, чи зоны, иннӕйы зӕрдӕмӕ ма фӕцӕуа.

Зӕгъӕм, ӕрыгон адӕймагӕн ӕппӕты хуыздӕр лӕвар уаид, ӕрӕджы кӕй рауагътой, ахӕм телефон, планшет кӕнӕ ӕндӕр ахӕм исты. Хистӕр кары чи ис, уымӕн та йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцӕуид, зӕгъӕм, бинонтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ чи баззайы, ахӕм дзаума. Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм хистӕртӕн дӕр ӕмӕ кӕстӕртӕн дӕр арӕхдӕр балӕвар кӕнынц ӕхца, цӕмӕй дзы сӕхицӕн балхӕной, цы сӕ хъӕуы, уый.

Адӕймагӕн цы балӕвар кӕнай, уый аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ йӕ ссарын, чи зоны, ӕнцон ма уа. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ нӕ февгъау кӕнынц, цӕмӕй, кӕй уарзынц, уыдонӕн ӕппӕты хуыздӕр лӕвар скӕной. Ӕмӕ-иу цӕмӕй уыцы хъуыддаг дӕ къухы ӕнцондӕртӕй бафта, уый тыххӕй-иу дӕ зӕрдыл дар, дарддӕр дзырд цы цыппар хъуыддагыл цӕуы, уыдон.

Адӕймаг цӕмӕ бӕллы. Белфасты (Цӕгат Ирланди) чи цӕры, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта, зӕгъгӕ мын царды ӕппӕты хуыздӕр лӕвар уыд, иу-10-аздзыдӕй мын кӕй балӕвар кодтой, уыцы велосипед. Цымӕ цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ йӕм тынг бӕллыдтӕн»,– загъта уыцы нӕлгоймаг. Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, лӕвар хорзыл нымад ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ, уый кӕнгӕ кӕй у, адӕймаг цы уарзы, уымӕй. Уӕдӕ лӕвар скӕнинаг кӕмӕн дӕ, уыцы адӕймагыл ахъуыды кӕн. Адӕймаг цӕмӕн фӕаргъ кӕны, бӕлгӕ дӕр уымӕ фӕкӕны. Уӕдӕ-иу базон, адӕймаджы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цӕмӕн аргъ кӕны, уый. Зӕгъӕм, ацӕргӕтӕ арӕхдӕр фӕбӕллынц сӕ рӕстӕг сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цотимӕ арвитынмӕ. Фӕфӕнды сӕ, цӕмӕй сӕ арӕхдӕр уыной. Ӕвӕццӕгӕн сын уымӕй хуыздӕр лӕвар ницы уыдзӕн, семӕ-иу искуы куы баулӕфой.

Адӕймаг цӕмӕ бӕллы, уый базоныны тыххӕй-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус. Библи нын дзуры, цӕмӕй «рӕвдз уӕм байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕнӕм» (Иаковы 1:19). Де ’мбӕлттимӕ кӕнӕ дӕ хӕстӕджытимӕ иумӕ куы вӕййыс, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг хъус, цӕмӕй-иу бамбарай, сӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуид кӕнӕ цы нӕ фӕцӕуид, уый. Уӕд сын дӕ бон уыдзӕн, сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм лӕвӕрттӕ кӕнын.

Адӕймаджы цы хъӕуы. Адӕймагӕн, пайда йын чи фӕуыдзӕн, ахӕм лӕвар куы скӕнынц, уӕд ыл тынг бацин кӕны,– цыфӕнды гыццыл кӕнӕ аслам куы вӕййы, уӕддӕр. Фӕлӕ куыд ис базонӕн, адӕймаджы цы хъӕуы, уый?

Чидӕртӕ адӕймагӕн йӕхи бафӕрсынц, цы дын балӕвар кӕнон, зӕгъгӕ. Бирӕты та фӕфӕнды, цӕмӕй-иу адӕймагӕн, рагацау ын мацы зӕгъой, афтӕмӕй исты балӕвар кӕной. Ӕмӕ сӕхӕдӕг ахъуыды кӕнынц, хуыздӕр ын цы уаид балӕвар кӕнӕн, ууыл. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ, сӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцӕуид кӕнӕ цы нӕ фӕцӕуид, уый кӕд ӕргом зӕгъиккой, уӕд, хъӕугӕ сӕ цы кӕны, уый та нӕ зӕгъиккой.

Уӕдӕ-иу лӕмбынӕг у ӕмӕ-иу адӕймаджы уавӕртӕм дӕ хъус ӕрдар. Зӕгъӕм, сылгоймаг у ӕви нӕлгоймаг, ӕрыгон у ӕви ацӕргӕ, иунӕг у ӕви бинонджын, йӕ цардӕмбалӕй хицӕн у ӕви идӕдз, кусгӕ кӕны ӕви пенсийы ис. Стӕй-иу ахъуыды-иу кӕн, ахӕм адӕймагӕн йӕ уавӕры хуыздӕр цы уаид балӕвар кӕнын.

Адӕймаджы ӕцӕгдӕр цы хъӕуы, уый базоныны тыххӕй дӕ бон у, йӕ уавӕры чи уыд, ахӕм искӕимӕ аныхас кӕнын. Чи зоны дын зӕгъа, ахӕм адӕймагӕн балӕвар кӕнӕн кӕй ис, хъуыды дӕр цӕуыл нӕ акодтаис, ахӕм цыдӕр. Афтӕмӕй йын дӕ бон уыдзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй цы хъӕуы, уый балӕвар кӕнын.

Лӕвар скӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн. Библийы фыст ис: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас!» (Ӕмбисӕндтӕ 15:23). Ацы стихмӕ гӕсгӕ, кӕд цы зӕгъдзыстӕм, ууыл хъуыды кӕнын ахсджиаг у. Ӕмӕ уый хауы, цы фӕаразӕм, уымӕ дӕр. Йӕ афоныл кӕй фӕзӕгъынц, ахӕм ныхас куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ ӕхсызгон вӕййы, афоныл кӕй скӕнынц ӕмӕ пайда чи фӕвӕййы, ахӕм лӕвар дӕр.

Арӕхдӕр лӕвӕрттӕ кӕд фӕкӕнынц? Зӕгъӕм, чидӕр ус куы фӕкуры кӕнӕ мой куы фӕкӕны, йе та чидӕр скъола каст куы фӕвӕййы кӕнӕ та кӕмӕндӕр сывӕллон куы райгуыры. Чидӕртӕ сӕхимӕ ныффыссынц, афӕдзы мидӕг сӕ зонгӕтӕн ӕмӕ сӕ хӕстӕджытӕн лӕвӕрттӕ цавӕр хабӕртты фӕдыл скӕндзысты, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон вӕййы рагацау аскъуыддзаг кӕнын, ӕппӕты хуыздӕр лӕвар сын цы уыдзӕн, уый *.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ лӕвар цӕйдӕр номыл уа. Хорздзинад саразӕн ис кӕдфӕндыдӕр. Фӕлӕ хъуамӕ иу цыдӕр дӕ зӕрдыл дарай. Зӕгъӕм, нӕлгоймаг сылгоймагӕн, ӕфсон ын куы нӕ уа, афтӕмӕй исты куы балӕвар кӕна, уӕд ӕй, чи зоны, сылгоймаг раст ма бамбара ӕмӕ ахъуыды кӕна, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕнын хъӕуы ӕндӕр ахсджиаг хъуыддагыл дӕр – лӕвар цӕмӕн кӕныс, ууыл.

Лӕвар цӕмӕн кӕныс. Лӕвар скӕнын кӕмӕн хъавыс, уый дӕ раст бамбардзӕн ӕви нӕ, ууыл ахъуыды кӕнынӕй уӕлдай ма хорз уаид, лӕвар цӕмӕн кӕныс, ууыл дӕр куы ахъуыды кӕнис. Кӕд бирӕтӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ лӕвӕрттӕ сӕ хорззӕрдӕйӕ фӕкӕнынц, уӕддӕр сӕ уый тыххӕй фӕкӕнынц, ӕмӕ уый ӕгъдау фӕдомы. Кӕйдӕрты та ныфс вӕййы, афтӕмӕй сӕм иннӕтӕ хорз зӕрдӕ кӕй дардзысты кӕнӕ сын сӕхицӕн дӕр исты кӕй балӕвар кӕндзысты.

Уӕдӕ-иу ахъуыды кӕн, лӕвӕрттӕ цӕмӕн фӕкӕныс, ууыл. Библийы ис фыст: «Алцыдӕр аразут уарзгӕйӕ» (1 Коринфӕгтӕм 16:14). Кӕд лӕвар уый тыххӕй скӕныс, ӕмӕ адӕймаджы уарзыс ӕмӕ йыл тыхсыс, уӕд уымӕн дӕр ӕмӕ дӕхицӕн дӕр уый цины хос уыдзӕн. Лӕвар зӕрдиагӕй куы кӕнай, уӕд ма не Сфӕлдисӕг Хуыцауы зӕрдӕ дӕр барухс уыдзӕн. Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕ, Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕн рӕдауӕй куы баххуыс кодтой, уӕд сӕ апостол Павел раппӕлыд ӕмӕ сын загъта: «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

Ацы статьяйы цы цыппар хъуыддагыл аныхас кодтам, уыдон дын баххуыс кӕндзысты хорз лӕвӕрттӕ кӕнынӕн. Ацы хъуыддӕгтӕ ахсджиаг кӕй сты, уый равдыста Хуыцау дӕр, адӕмӕн ӕппӕты стырдӕр лӕвар куы скодта, уӕд. Уыцы стыр лӕвары тыххӕй базондзынӕ иннӕ статьяйӕ.

^ 13 абз. Бирӕтӕ ма лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц гуырӕнбонтӕм ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕм. Фӕлӕ бӕрӕгбӕттӕй бирӕтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст не сты. Ацы брошюрӕйы кӕс статья «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц. Чырыстӕттӕн Рождество бӕрӕг кӕнын ӕмбӕлы?».