ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 1 2018 | Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда сты?
Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда сты?
Техникӕ размӕ кӕй ацыд, уый фӕрцы абон алы фарстайы фӕдыл дӕр уыйбӕрц информаци ис, стӕй афтӕ ӕнцон ссарӕн у, ӕмӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, Библийы хуызӕн рагон чиныг ма абон адӕймагӕн исты пайда у, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис:
«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у» (2 Тимофеймӕ 3:16).
Библийы уынаффӕтӕ нын ӕцӕгдӕр царды алы фӕзилӕны дӕр пайда сты ӕви нӕ, ууыл дзырд цӕуы ацы брошюрӕйы.
Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда сты?
Кӕд алы минут дӕр утӕппӕт ног информаци фӕзыны, уӕд ма Библи,– фыст куы ’рцыди, уымӕй 2 000 азы бӕрц кӕуыл рацыд, уыцы чиныг,– цӕмӕн хъӕуы кӕсын?
Библийы уынаффӕтыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы
Наукӕ размӕ куыд цӕуы, афтӕ бӕлвырддӕр кӕны, Библийы цы уынаффӕтӕ фыст ис, уыдон пайда кӕй сты ӕмӕ сыл рӕстӕджы бар кӕй нӕ цӕуы.
Фӕстейӕ баззад ӕви фӕраздӕр?
Библи наукон чиныг нӕу, фӕлӕ дзы наукӕимӕ баст цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон дӕ, чи зоны, дисы бафтауой.
1 Библийы фӕрцы нӕхи бӕллӕхтӕй хизӕм
Бакӕс, Библийы уынаффӕтӕ бирӕтӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕхи стыр бӕллӕхтӕй бахызтаиккой, уый тыххӕй.
2 Библийы фӕрцы зындзинӕдты сӕрты хизӕм
Библийы уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цавӕрдӕр зондахаст кӕнӕ миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы ныффидар уой ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрын куы нӕ уадзой, зӕгъӕм, ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, истӕуыл абон-райсом куы кӕнӕм ӕмӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ иунӕг стӕм.
3 Библийы фӕрцы быхсӕм, нӕ бон аивын кӕй нӕу, уыцы уавӕртӕн
Цымӕ цы ис саразӕн, нӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм уавӕрты, зӕгъӕм, исчи нын куы амӕлы кӕнӕ уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд?
Библи ӕмӕ дӕ фидӕн
Хуыцауы Ныхас нын ӕххуыс кӕны, нӕ разы цы цӕлхдуртӕ ис, уыдоны сӕрты хизынӕн, ома, ацы мӕнгард дунейы алы бон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон скъуыддзаг кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын Библи ирдӕй ӕвдисы, разӕй нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.
Куыд хъуыды кӕныс?
Бакӕс, ацы фарстаты фӕдыл иуӕй-иутӕ цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ Библи цы зӕгъы, уый тыххӕй.