ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 3 2020 | Нӕ Хуыцауы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ

Базон, Хуыцау адӕмӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй ӕвӕры, уый тыххӕй, стӕй сыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн ӕмӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ схайджын уай.

Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уай

Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй ахӕм цард ралӕууа, ӕмӕ хӕстытӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ, стӕй низтӕ мауал уой? Ахӕм цард фын нӕу. Уымӕй Хуыцау ӕвӕры зӕрдӕ.

Нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг ныл тыхсы

Хуыцау уарзӕгой фыдау йӕ бинонтыл тыхсы. Цымӕ куыд?

Не Сфӕлдисӕг йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд раргом кодта?

Хуыцау махӕн цы зӕгъинаг у, уый йӕ пехуымпартӕн куыд ныффыссын кодта?

Хуыцауы Ныхасы исты ивд ӕрцыд?

Базон, ахуыргӕндтӕ цы сбӕрӕг кодтой, ныртӕккӕ нӕм чи ис, уыцы Сыгъдӕг Фыстады тексты фӕдыл.

Хуыцауы тыххӕй йӕ пехуымпартӕ цы дзырдтой?

Хуыцауы иузӕрдион пехуымпартӕ, Авраам, Моисей ӕмӕ Йесо Чырысти, цы дзырдтой, уый фӕрцы нӕ бон у базонын Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, йӕ арфӕдзинӕдтӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм, уый тыххӕй.

Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй йӕ хорзӕхӕй схайджын уай

Нӕ бон куыд у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй нӕ хъуса ӕмӕ нын арфӕ кӕна?

Хуыцаумӕ чи хъусы, уыдон арфӕгонд ӕрцӕуынц

Базон, Хуыцау, чи йӕм хъусы, уыдонӕн цы хъуыддӕгты арфӕ кӕны, уыдонӕй дыууӕйы тыххӕй.

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый ӕвдисын нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр уый нӕ бон у аразын.

Иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, уый арфӕгонд ӕрцӕудзӕн

Иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм.

Не Сфӕлдисӕджы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын у

Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд зӕххыл цыхуызӕн цард уыдзӕн?

Фӕнды дӕ базонын?

Фӕнды дӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, царды зындзинӕдты сӕрты куыд ис хизӕн, уый тыххӕй базонын?